Нуазыны донæй ифтонг кæныны фарст Ирыстоны бирæ хъӕуты рагӕй фӕстӕмӕ проблемон у. Афтӕмӕй та нӕм тынг бирӕ ис суадӕттӕ. Бирӕ хъӕутӕм ӕй дардӕй уадзын дӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ хъӕууон адӕм цыбыркъух сты ӕмӕ азӕй-азмӕ ацы проблемӕ скъуыддзаг нæ цыд. Уӕдмӕ та  райдыдта хæст  ӕмӕ ма нуазыны дон рауадзыныл чи хъуыды кодта. Ныр та цард цадӕггай ӕндидзы ӕмӕ ацы ахсджиаг проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдтой нӕ хицауад дӕр.

2017 азы кӕрон Знауыры районы Уахтъана ӕмӕ Терегуаны хъӕутӕм дӕр райдыдтой нуазыны дон рауадзыны фӕдыл куыстытӕ. Ацы хъӕуты дон никуы уыд, ӕрмӕстдӕр дзы цалдӕр суадоны ис æмæ уыдоны фӕрцы сӕ доны хъуагдзинад састой. Ныр дон уадзынц Гомарты дзуары цурæй, кӕцы специалистты нымадмӕ гӕсгӕ фаг кӕндзӕнис дыууӕ хъӕуӕн дӕр. Уахтъанайы хъӕуы сӕрмæ сарӕзтой, 200 тоннæйы кæм цæуы, ахæм бассейн. Терегуаны хъӕуы сӕрмӕ та сӕвӕрдзы-сты, 50 тоннæ кæм цæуы, ахæм цистернӕ ӕмӕ ма йӕм бафтаудзысты ноджыдӕр иу суадон, кӕцы ис хъӕумӕ хæстæг. Уахтъанайы хъӕуы доны хӕтӕлтӕ уадзæн куыстытӕ фесты ӕмӕ ныр та ӕрӕвналдзысты Терегуаны хъӕумӕ. Районы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Инал куыд загъта, афтӕмӕй цалдӕр мӕйы ӕмгъуыдмӕ хъуамӕ кӕронмӕ фӕуой уыцы куыстытӕ. Нырмӕ дӕр сæ, зæгъгæ, хъуамӕ фӕуыдаиккой, фӕлӕ-иу кусджытӕн фӕзындис зындзинӕдтӕ, – куы-иу сӕ техникӕ фехӕлд, куы-иу сӕ боныгъӕд нӕ уагъта…

Уӕдӕ ацы хъуыддаг тынг ӕхсызгон у дыууӕ хъӕуы цӕрджытӕн дӕр. Терегуаны администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Дзамболат куыд зӕгъы, афтӕмӕй цӕрджыты тухитӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис.

«Мӕн стыр бузныджы ны-хӕстӕ фӕнды зӕгъын нӕ президент Бибылты Анатолийӕн ӕмӕ ма чидӕриддӕр ацы хъуыддагмӕ йӕ хайбавӕрд бахаста, ӕппӕт уыдонӕн. Ацы хъӕуты цӕрджытӕ цӕрӕнбонты хъуаг ӕййӕфтой нуазыны донӕй. Цӕрджытӕ уыйбӕрц бафӕлмӕцыдысты ӕнӕ донӕй ӕмӕ сӕ, раст зӕгъгӕйӕ, уырнгӕ дӕр нал кодта, искуы сӕм дон ӕдӕрсгӕйӕ цӕудзӕнис, уый. Ныр дӕр дзы чидӕртӕ дызӕрдыг кӕны, зӕгъгӕ, нӕ фаг кӕндзӕнис дон, фӕлӕ уый фӕстӕдӕр бӕрӕг уыдзӕнис», – загъта уый.

Районы администрацийы сæргълæууæг ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ма райдыдтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ Чдилет ӕмӕ Циндары хъӕуты донвӕды.

Стӕй ма президент Бибылты Анатолийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ацы аз Хъорнисы хъӕуы хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуа фельдшерон-акушерон медицинон пункт. Но-джы ма Хъорнисы хъӕуы сцалцӕг кӕндзысты ветеринарон фадыг. Цъорбисы хъӕуы та 2 мӕйы ӕмгъуыдмӕ эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕнис Культурӕйы бӕстыхай, кӕцыйы арӕзтадон куыстытӕ райдыдтой фарон.

Районы администрацийы сӕргълӕууӕг ма ӕрдзырдта сӕ дарддӕры бакӕнинаг куыстытыл. Ныридӕгӕн цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цӕуынц Терегуаны хъӕууон администрацийы бӕстыхайы. Стӕй ма æввахс рӕстӕджы сцалцӕг кӕндзысты Знауыры поселочы иумӕйаг туалет. Дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ та Уистӕ-Лопаны фӕндаджы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ сӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзысты. Азы кæронмæ ма бӕстон цалцӕг ӕрцӕудзысты хидтӕ Хъорнисы, Лисайы ӕмӕ Фарны хъӕуты. Нывыл арӕзт ма хъуамӕ ӕрцӕуа Знауыры поселочы спортивон скъолайы территори дæр.

ДЖИОТЫ Александр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.