Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл уадзæн пунктты куыст урæд æрцæудзæн Стыр Уæлахизы бон – 9-æм майы цытæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы, хъусын кæны РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитет.

«Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 74 азы сæххæсты цытæн цы мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уыдон рæстæджы æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн, 2019 азы 8 майы 20:00 сахатæй рæстæгмæ урæд æрцæудзæн Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл æмбæстæгты уадзæн пунктты куыст», – загътой пресс-службæйы.

Уым ма куыд банысан кодтой, афтæмæй уадзæн пункттæ ногæй кусын райдайдзысты 10 майы райсомы 6:00 сахатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.