Сылгоймаг у, царды ахсджиагдæр æмæ аккагдæр бынаты кæй æвæрæм, ахæм. Уымæн æрмæст йæ иу мидбылхудт æмæ уарзæгой цæстæнгас дæр фаг сты цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизынæн, рухс дунейы аккаг бынат равзарынæн. Хатт   сылгоймаджы  тызмæг цæстæнгас дæр райсæм хорзæн, нæ йыл атигъ кæнæм нæхи. О, сылгоймаг тых, хъару æмæ ныфс дæтты нæлгоймагæн, йæ рæвдыд, йæ узæлд, йæ хъарм æмæ рæвдаугæ ахаст æгæрон сты.Уалдзæджы нæм æрдз куыд бахуды йæ кæркæ-мæркæ дарæсы, дунемæ цинæнгæсæй йæхи куыд равдисы, ахæм уагыл абарæн ис сылгоймаджы дæр. Æмæ диссаг дæр нæу, уалдзæджы фыццаг бæрæгбон сæ номыл кæй у.

Сылгоймаджы æххæст миниуджытæй хайджын чи фæци, уалдзæджы хъарм тавстау йæ ацыд æмæ фезмæлд, йæ фæлмæн ныхасмæ хъусынæй æхцондзинад кæмæй фæисынц, уыдон нымæцмæ хауы Хъæцмæзты Таня дæр. Уый чызгæй Къуаисайæ у, ам арвыста йе ‘взонджы хъæлдзæг æмæ райдзаст бонтæ. Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд ахъуыды кодта йæ сомбоны цардыл. Æрцыд Цхинвалмæ æмæ сахуыр кодта бухгалтерон курсыты. Алы æвзонг адæймаг дæр ахъуыды кæны йæ фидæны рæсугъд æмæ амондджын цардыл, зæрдæ байдзаг вæййы алыгъуызон рæсугъд фæндтæ æмæ бæллицтæй. Царды амондджын къахдзæфтæй та сæ иу вæййы амонд ссарын. Хъæцмæзоныл йæ цæст æрæвæрдта Знауыры районы Бахъаты хъæуккаг æвзонг лæппу Табуты Георги. Дыууæ æрыгон адæймаджы сæ фыццаг фендæй бамбæрстой кæрæдзи æмæ баиу кодтой сæ цард. Фидæны рæсугъд фæндтæн кæрон дæр нæ уыд æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ архайдтой сомбоны райдзаст æмæ амондджын цардыл. Хъыгагæн, дыууæ уарзæгой уды цард райдианы нæ уыд бæллиццаг, зæрдæйы фæндиаг. Бæргæ-иу цин кодтой, а-дунемæ сын цы дыууæ кæстæры фæзынд, уыдоныл, фæлæ сæ хъысмæт цардæй нæ барæвдыдта – нæ фесты цæрыны гуырдтæ. Ахæм æнамонддзинад стыр цæф уыд ныййарджытæн, уæлдайдæр та Таняйæн бирæ цæссыг фæкалдта йæ рæзгæ удтыл.

Тыхраскъæфгæйæ ницы ис, фæзæгъынц адæм. Кæд æвзонг мадæн уыдон айст карды рæхуыстау уыд, уæддæр йæхи нæ ауагъта, йæ зæрдæмæ нæ ныхъхъуыста. Йæ мидзæр-дæйы скарста йæхицæн, аскъуыддзаг кодта сывæллон схъомыл кæнын. – Æз уарзын æмæ аргъ кæнын мæ сæрыхицауы бинонтæн, мæ тиу æмæ мæ файнустæн. Мæнмæ ныртæккæ уыдонæй æввахсдæр ничи ис æмæ мæхицæн схъомыл кæндзынæн мæ файнусты сывæллоны, – загъта Таня. Йæ хъуыды бамбарын кодта Георгийæн дæр æмæ уымæн дæр йе ‘мкъайы фæнд уыд тынг æхсызгон. Нæ, иуæй-иутæм цахæмдæр хæлæгдзинад куыд вæййы, ахæм æппæрццаг миниуджытæй нæ фæхайджын Хъæцмæзон, фæлæ йæ тиу Толик æмæ файнуст Гобозты Маяйы дзидзидай сывæллоны æрбаввахс кодта йæхимæ æмæ сын сси хъæбул. Чысыл Рустамы рæвдыдта æмæ хъомыл кодта стыр æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ. Уый нæ, фæлæ ма йæ файнусты иннæ лæппу æмæ чызг дæр фылдæр уыдысты Таня æмæ Жорайы бæрны. Тиу æмæ файнуст та цардысты хъæуы æмæ кастысты хæдзары хистæртæм. Уæдæ ма æндæр цы хъæуы бинонты æнгомдзинад æмæ хъæрмуддзинадæн. Уыцы æвæрццаг миниуджытæ сты, се ппæт дæр кæрæдзи кæй уарзынц, сæ кæрæдзийыл хъæцынхъом дæр кæй не сты, уый фæстиуæг. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр, мæнмæ гæсгæ, бинонты уыцы æнгомдзинад фылдæр кæнгæ вæййы сылгоймагæй.

Цалдæр ныхасы ацы зæнæджы тыххæй. Сæ фырт Рустам сахуыр кодта 5-æм астæуккаг скъолайы, уый фæстæ та Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, æркодта бинонтæ æмæ йын ис дыууæ фырты. Таняйы куы афарстон, Рустам зоны йе ‘цæг ныййарджыты, уæд загъта, зæгъгæ, 8-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд æй базыдта, фæлæ зæгъгæ ницы скодта, нæ йыл бандæвта. Царды раст фæндагыл лæуд у Жора дæр, уый та сахуыр кодта экономикон факультеты æмæ ныртæккæ кусы Знауыры милицийы, уымæн дæр ис дыууæ фырты. Медицинон ахуырад райста æфсымæрты хо.

Цалдæр ныхасы Таняйы тыххæй дæр, уый канд хорз хъомылгæнæг æмæ уарзæгой мад нæу, фæлæ ма у иттæг хорз фæллойгæнæг дæр. Уый бирæ рæстæджы фæкуыста Цхинвалы завод «Эмальпровод»-ы, йæ цæсгомджын æмæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йæ къам конд уыд куыстуаты Кады фæйнæгыл. Куыстаид ма дзы ноджыдæр, фæлæ гуырдзиаг лæгсырдтæ Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæмы ныхмæ хæст куы расидтысты, уæд завод дæр йæ куыстæй æрлæууыд. Уæддæр бинонтæн царды фæрæзтæ агурын хъуыд æмæ Таня дæр базары куыстмæ рахызт. Фæстæдæр та кусын райдыдта нæ горæты Æвзæнгты техникты станцы хæдзарадон хъуыддæгты фæдыл директоры хæдивæгæй æмæ дзы ныр фæллой кæны 15 азы, уарзы коллективы, уарзынц æмæ йын аргъ кæнынц сæхæдæг дæр.

Хъæцмæзты Таня амондджыныл нымайы йæхи, схъомылгæнæг мады ном кæй хæссы, уымæй. Буц у йæ кæстæртæй æмæ йын Сылгоймæгты боны кæндзысты арфæтæ æмæ рæвдауæн ныхæстæ, йæ рæвдаугæ цæстæнгас æмæ хъарм зæрдæйы тавсæй сыл баузæлдзæн йæхæдæг дæр. Кæстæрты амондæй фæхайджын дæ, Хъæцмæзон æмæ ноджыдæр сæ амондæй æфсæст у!

    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.