Нæ республикæйы цы цалдæр минералон дон ис, уыдонæй иууыл рагондæр у суар «Дзау». Уымæн йæ пайдайы миниуджытæ ахуыргæндтæ сбæрæг кодтой 1925 азы. Суар популярон уыд æрмæст Гуырдзыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы бирæ горæтты дæр. 1929 азы Дзауы суармæ хæстæг арæзт æрцыд пансионат «Дзау». Уым иу рæстæджы сæ бон баулæфын уыд 250 адæймагæн. Ацы суар ахæм популярон уыд æмæ-иу пансионаты бынат кæй нæ фæцис, уый та-иу суармæ хæстæг баххуырста фатер.

Зæххæнкъуыст æмæ уый фæстæ хæстон цаутæ раууатмæ æркодтой Дзауы суаруадзæн заводы. Иу рæстæджы «Бæгъиат»-ы минералон донуадзæн завод «Дзау» уадзыны функцитæ йæхимæ айста. Фæлæ, 2017 азы Дзауы администрацийы уынаффæмæ гæсгæ, уый лæвæрд æрцыд æндæр суаруадзæн заводæн. 2018 азæй фæстæмæ «Дзау» цæуын райдыдта базарадон маркæ «Санай»-йæ. Йæ гуырæн кæм ис, уырдæм адæм раздæр кæд цыдысты къахвæндагыл, уæд æм ныр арæзт æрцыд хæрзвадат бацæуæн.

Ивгъуыд аз Дзауы администрацийы къухдариуæгад цæрæнуатон-коммуналон службæйы кусджытæн бахæс кодта, цæмæй ам саразой улæфæн бынат, æмæ ардæм цы адæм цæуа, уыдон баулæфой зæрдæйы фæндиаг. Территори хæрзарæзт æрцыд, асинтæ йæм сарæзтой, йæ алфæмблай йын ныссагътой алыгъуызон бæлæстæ, сабитæн сæвæрдтой хъеллаугæнæнтæ.

Ныртæккæ дæр уыцы куыстытæ дарддæр кæны Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон службæ. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй улæфæн бынаты æвæрд æрцыд бандæттæ. Фæстæдæр дзы фæзындзæнис мæнгагъуыстытæ фынгтимæ, дарддæр дæр архайдзысты, цæмæй раздæрау ацы бынат суа канд дзауæгты нæ, фæлæ æппæт республикæйы цæрджыты уарзондæр бынæттæй сæ иу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.