Ирыстоны бирӕтӕ зонынц Сӕлбиты Аланы. Уӕлдай популярон ссис, ирон ӕвзаджы рӕзты сӕраппонд цы алыгъуызон технологитӕ бакуыста ӕмӕ раразмӕ кодта, уыдоны тыххӕй. Уыдон кӕд бынтон ног нал сты,  уӕддӕр нын сӕ хуыздӕрырдӕм ничи ма раивта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бафӕндыд Сӕлбийы-фыртимӕ ногӕй аныхас кӕнын йӕ къухы бафтгӕ ӕнтыстыты тыххӕй:

«Нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт æнгом баст у ирон адæмы фидæнимæ. Куы фесæфа ирон æвзаг, уæд фесæфдзысты ирон адæм. Æмæ уыцы бæллæхæй мах хъуамæ уæм хызт. Рæзгæ фæлтæртæ, хъыгагæн, чингуытæм æмхиц нал сты. Уымæй уæлдай, иуæй-иу хатт уыцы чингуытæн сæ хæрзхъæддзинад уыйас бæрзонд нæ вæййы. Хорз, фæлыст чиныгæн та стыр аргъ ис. Бирæ ныййарджытæн сæ бон нæ вæййы ирон чингуытæй сæ сабиты сбуц кæнын. Æвæдза, бæллæхтæ кæдфæнды иугай нæ цæуынц… Иуырдыгæй нæ фæсивæд чиныгмæ нал сты æмхиц, иннæр-дыгæй хорз чиныгæн йæ аргъ бæрзонд у, алкæйы къухы не`фты йæ балхæнын. Цы ис саразӕн, цæмæй уыцы карз фарстатæ иумæйагæй лыггонд æрцæуой?

Куыд ис баххуыс кæнӕн ирон æвзаджы рæзтæн? Цы мадзæлттæ хъуамæ саразæм? Мæнмæ гæсгæ, нырыккон царды æнæ ног технологитæй пайда кæнгæйæ цыфæнды хъуыддагæн дæр нæй сырæзæн. Æнæмæнг, цæмæй ног фæлтæртæн сæ мадæлон æвзаг цымыдисон уа, уымæй уæлдай та – æнувыд уой ирондзинадыл, уый тыххæй мах хъуамæ парахатæй райдайæм пайда кæнын компьютертæ æмæ Интернет нын цы гæнæнтæ дæттынц, уыдонæй.

Фыццаджыдæр, иронау ратæлмац кодтам советон мультфильмтæй иу – «Дæсы онг чи нымадта, ахæм сæныкк». Уыцы ныв райдзаст æмæ аивæй уæлдай, ахуыр кæны нæ чысыл сабиты иронау нымайын, æрвылбон царды арæхдæр цы ныхæстӕй пайда кæнæм, уыдон сæ зæрдыл дарын. Цæмæн равзæрстам советон дуджы конд ныв? Уымæн æмæ ныртæккæ нæ сывæллæттæ цытæ уынынц телеуынынадæй, Интернеты, уыдон мур дæр ницæуыл ахуыр кæнынц рæзгæ фæлтæры. Арæхдæр та сæ халынц, æдзæсгом уæвын сæ ахуыр кæнынц. Мах та равзæрстам ахæм нывтæ, кæцытæ рухс тауынц нæ хъæбулты зæрдæты, хæссынц сын пайда æмæ циндзинад.

Уыцы ныв Интернеты куы сæвæрдтам,  уæд нын нæхи дæр дисы бафтыдта, цас адæмæн уыд цымыдисон, уый. Фыццаг къуыри йæм бакаст æмткæй райсгæйæ 3719 адæймаджы. Канд Ирыстон æмæ Уæрæсейæ нæ, фæлæ иннæ паддзахæдтæй дæр – Европæйы бæстæтæй Канадæйы онг. Ахæм цымыдисдзинад нæ сразæнгард кодта, цæмæй ацы аз дæр нæ куыст дарддæр ахæццæ кæнæм. Сæрмагондæй та мæ уый фæнды зæгъын, æмæ юридикон æгъдауæй студи «Союзмультфильмæй» кæй райстам алы бартæ дӕр сӕ тæлмац кæныны  тыххӕй. Ахæм хъуыддаг дæр конд æрцыд фыццаг хатт.

Дыккаджыдæр, курдиатджын поэт Хабæты Риммæ ныффыста сывæллæттæн 24 зарæджы иронау, уырыссаг æвзагмæ цалдæр ратæлмац кодтой Сæлбиты Алан æмæ Альбинæ Зайцева. Композитор Евгений Воложанин уыцы зарджытæн ныффыста диссаджы мелодитæ, Къусраты Майæ сныв кодта иллюстрацитæ, Цæгат Кавказы технологон университеты инновацион куыстуат «Нырыккон технологиты лаборатори» скодта мультмедиайы хуызы караокетæ иронау, дыгуронау æмæ уырыссагау.

Фыццаг къуыри равдыста, уыцы зарджытæм кæй бакастытсты 2619 адæймаджы алы бæстæтæй. Æппæтæй цымыдисонæр адæмæн разындысты зарджытæ «Мæ Ирыстон». «Арвæрдын», «Айрæз, саби», «Уарзын нанайы».

Æртыккаг хай нæ фыдæбæттæн у ирон чингуытæ электронон хуызмæ ивын. Ӕлхæд æрцыдысты 653 мигæнæны, кæцыты ‘руаджы сывæллæтты бон у ирон чингуытæ электронон хуызы кæсын. Къостайы «Ирон фæндыр», «Нарты кадджытæ», ирон æвзаджы чиныг 8-æм къласæн, Тугъанты Махарбеджы нывтæ бацæттæ кодтам уыцы мигæнæны сæвæрынмæ.

Цыппæрæм æнтыстдзинадыл та банымайæн ис, ахуырады рæзтæн Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныйад уæлдæр кæнæг институты ирон кафедрæйы кусджытæ электронон хуызы цы æрмæг бацæттæ кодтой, уый. Фыццаг къласæй иуæндæсæммæ ног ахуыры азæй нæ скъоладзаутæн уыдзæн гæнæн ирон æвзаг ахуыр кæнын сæрмагонд фарсы ‘руаджы.

Цалдæр дзырды ма мæ фæнды зæгъын, нæ фæсивæд хи хъæппæрисæй цы фыдæбæттæ кæнынц ирон æвзаджы рæзтæн, уый тыххæй. Æппæтдунеон энциклопеди «Википеди» сындæггай хæрзхъæд кæны йæ ирон фарс Ныртæккæ уал дзы ис 8600 æрмæгæй фылдæр.

Нæ фæсивæдæй бирæты тыхсын кæны ирон æвзаджы, ирон адæмы фидæн. Уыйадыл, сæ хъарутæ, сæ зонд æнæвгъауæй хардз кæнынц, цæмæй ирондзинад Интернеты бæркадджынæй æвдыст цæуа. Зæгъæм, «В Контакте» кæй хонынц, уым арæзт æрцыд сæрмагонд хай «Бæрзæфцæг», зæгъгæ.

Интернетæй чи пайда кæны, уымæн дзы йæ бон у 400 чиныгæй фылдæр бакæсын ирон æвзаджы, ирон æгъдæутты тыххæй, уыдонæй уæлдай ма, бирæ æндæр ахсджиаг æрмæджытæ.

Нæртон æмæ цымыдисаг у «Ирон æвзаджы клуб», цæст æмæ дзы уд нæй, æндæр дзы цыфæнды хабарӕн дӕр ис ссарæн ирон æвзаг, ирондзинады тыххæй. Ис дзы ирон-уырыссаг дзырдуатæй спайда кæнын дæр.

Сæрмагонд фарс «Дзурут иронау»  æххуыс кæны, ирон æвзаг базонын  кæй фӕнды, уыдонæн.

Сæ цæрæнбон бирæ нæ сахъхъгуырдтæн, сыгъдæгзæрдæйæ чи фыдæбон кæны ирон æвзаг, ирон æгъдау парахат кæныныл! Ноджы дæр ма конд æрцæудзысты Интернеты ‘руаджы ирон æвзаг æмæ литературæйæ тестытæ, цæмæй ахуырдзаутæн сæ бон уа бæрæг кæнын,  куыд зонынц ирон æвзаг æмæ литературæ, уый. Ссæдз ахуыргæнæн чиныгæй фылдæр, семæ ма кусæн тетрæдтæ ивд æрцæудзысты электронон хуызмæ. Афæдзы кæронмæ фæзындзæн фыццаг уырыссаг-ирон электронон тæлмацгæнæг, уыимæ мобилон дзырдуæттæ. Æнувыдæй райдыдтам куыст фыццаг ирон нывгонд мультфильмыл.

«Ирон æвзаг сæфы!», – ахæм ныхас арæх ис фехъусæн Ирыстоны. Æмæ цæмæй нæ фыдæзнæгты фæндиаг ма фæуæм, цæмæй нæ кадджын фыдæлты нæртон тухитæ ма фæдзæгъæл уой, уый тыххæй хъуамæ, мах, ирон адæм, æмсæр æмæ æмзондæй бацархайæм нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл. Æмæ ног технологитæй пайда кæнгæйæ, Ирыстоны сæрсæфæны былæй аиуварс кæнæм!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.