ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ДЕЛЕГАЦИ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли знон йæхимæ райста Цæгат Ирыстоны Парламенты делегацийы уæнгты. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты VI-æм сæвзæрст Парламенты куыстæн фæстиуджытæ аразыны тыххæй цытджын æмбырдмæ.

Бибылты Анатоли бузныг загъта нæ цæгаттаг æфсымæртæн мадзалы сæ хайадисты тыххæй. Махæн, зæгъгæ, Ирыстон у иу æмæ нын ахæм хорз ахастытæ кæй ис, уый хорз хъуыддаг у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзал Парламент уадзы фыццаг хатт, цыран закъондæттынадон орган хыгъд сараздзæн адæмы раз, фондз азы дæргъы йæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, æввахс рæстæджы Ирыстоны хуссар хайы цы парламентон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты, уым цæгатирыстойнаг парламентариты æмрæнхъ хайад кæй райсдзысты хъусдарджыты хуызы æндæр бæстæты парламентаритæ дæр. Уыдоны ‘хсæн уыдзысты Италийæ, Германийæ æмæ Хуссар Ирыстонæн цæдисон республикæты минæвæрттæ.

«Уадз, æмæ Европæ феной æмæ фехъусой, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ уагъд кæй цæуынц демократон нормæтæ æмæ принциптæм гæсгæ», – банысан кодта Президент.

Цæгатирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы Парламенты сæргълæууæджы хæдивæг Кучиты Гарри хорз хъуыддагыл банымадта хуссарирыстойнаг коллегæты ацы райдиан æмæ банысан кодта, уыдон дæр дзы кæй спайда кæндзысты сæ практикæйы. Æмткæй сисгæйæ, зæгъгæ, республикæйы нысан цæуы иттæг хорз размæцыд æмæ æндидзынады нысæнттæ. Парламентон æвзæрстытыл дзургæйæ, уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм кæй равзардзысты аккагдæр парламентариты. Ныфс бавæрдта, бæстæйы сæргълæууæг уыцы Парламенты скондимæ ноджы фылдæр кæй бакусдзæн Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн æмæ размæцыдæн. Йæ цæст ноджыдæр бауарзта йæ хуссайраг æфсымæртæн æнтыстджын æвзæрстытæ ауа-дзын.

РЕСПУБЛИКÆ  АБХАЗЫ ДЕЛЕГАЦИ

Хуссар Ирыстоны Парламенты куыст кæронмæ кæй бахæццæ, уый цытæн цытджын мадзæлтты хайадисæг Республикæ Абхазы парламентон делегацийы минæвæрттæн æгасцуай зæгъыны фæстæ Бибылты Анатоли банысан кодта, иу хъысмæт æмæ нын иу истори кæй ис. «Уымæн æмæ нæ абоны бонмæ тырнындзинады фæндаг уыд уæззау æмæ хъысмæты фыдаудæнтæй Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй нæ бæстæтæ баййæфтой уæззау æфхæрд. Нæ адæмты ‘хсæн та  æфсымæрон ахастытæ сты рагон, суанг нæ фыдæлтæй фæстæмæ».

Республикæ Абхазы делегацийы сæргълæууæг, Абхазы Адæмон Æмбырды спикеры хæдивæг Левон Галустян дæр стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстонимæ æфсымæрон, цæдисон ахастытæн. Æрдзырдта, Абхазы цы Ассоциаци арæзт цæуы – «Лига друзей Абхазии», уый тыххæй æмæ фæхуыдта уый скондмæ йæ хуссарирыстойнаг коллегæты дæр. Уыцы идейæ, зæгъгæ, сæвзæрд 2018 азы, Æхсæнадæмон Ассоциаци «Хъырымы хæлæрттæ» арæзт куы æрцыд, уæд.

«Уавæрæй пайдагæнгæйæ, ацы змæлды активон хайад райсынмæ сидæм нæ хуссарирыстойнаг коллегæтæм дæр», – банысан кодта уый.

Уый ма сæрмагондæй бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, стыр хъарутæ кæй хардз кæны, цæмæй æхсæнпаддзахадон ахастытæ æмбæлон æмвæзадыл рæзой æмæ размæ цæуой, уый тыххæй. Банысан ма кодта уый дæр, æмæ Бибылты Анатолийæн стыр кад кæй ис Абхазы бæстæйы, æмæ йæ Абхазы президенты номæй фæхуыдта Абхазмæ, фадат ын кæд фæуа, уæд.

Левон Галустян банысан кодта, нæ республикæйы цы позитивон ивындзинæдтæ цæуы, уыдон дæр. Махæн, зæгъгæ, æхсызгон сты не ‘фсымæрон республикæйы æнтыстытæ.

Бибылты Анатоли Ассоциаци саразыны хъуыддаг банымадта иттæг хорзыл æмæ хъæуæгыл. Мах, зæгъгæ, спайда кæндзыстæм уыцы форматæй. Абхазаг хæлæртты дæр æрхуыдта, æввахс рæстæджы нæ бæстæйы цы парламентон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты, уырдæм хъусдарджыты хуызы. Банысан кодта, ног сæвзæрст Парламент Ассоциаци саразыны идейæмæ кæй баиу уыдзæн æмæ ацы здæхты куыст дарддæр цæудзæн.

ДОНЕЦКЫ АДÆМОН РЕСПУБЛИКÆЙЫ ДЕЛЕГАЦИ

Президент ма йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы делегацийы дæр. Семæ  уыдысты РХИ-йы Парламенты депутаттæ дæр.

Бибылты Анатоли бузныг загъта цытджын уазджытæн. Уый банысан кодта дыууæ республикæйы ‘хсæн кæрæдзимæ хъарм ахастыты ахсджиагдзинад. Ныфс бавæрдта, æмгуысткæнынад дарддæр дæр кæй уæрæх кæндзæнис.

Делегацийы уæнгтæ дæр стыр бузныг загътой Бибылты Анатолийæн. Сæрмагондæй банысан кодтой ахæм факт, зæгъгæ, Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон.

Йæхирдыгæй Бибылты Анатоли банысан кодта, нæ бæстæты ‘хсæн кæрæдзимæ хъарм ахастытæ арæзт кæй æрцыдысты фидар хæларадон бындурыл æмæ æппæт фадæттæ дæр кæй ис сæ дарддæры рæзтæн.

Донецкы Адæмон Республикæйы делегацийы сæргълæууæг Владимир Бидевка Бибылты Анатолийы фæхуыдта 21-æм майы Донецкы не ‘мзæххон Мамиты Олегæн (Мамай) цы номарæн цырт гом æрцæудзæн, уый церемонимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Мамиты Олег  фæмард, куыд æцæг хъайтар, афтæ. Уый уыд Донецкы 2014 азæй фæстæмæ, уыд легендарон батальон «Пятнашка»-йы командир. Фæмард хæсты быдыры куыд хъайтар, афтæ.  Уымæ гæсгæ йын тынг кад кæнынц Донецкы цæрæг адæм.

Президент Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, гæнæнуæвгæйæ хайад кæй райсдзæн уыцы мадзалы.

Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы йæхимæ райсгæйæ, бæстæйы сæргълæууæг уыдонæн дæр загъта бузныджы ныхæстæ, рæстæг кæй ссардтой æмæ кæй æрцыдысты нæ республикæмæ. “Нæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсейы руаджы нæ ахастытæ рахызтысты бæрзонд хæларадон æмвæзадмæ, ныр махæн нæ бон у ныхас кæнын æмбарæй. Луганскы Адæмон Республикæйы адæм дæр, Хуссар Ирыстон цы фæндагыл рацыд, ахæм  фæндæгтыл цæуынц. Республикæйы адæмæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ», – загъта Президент. Уый фæстæ сæ фæхуыдта, цæмæй 9 июны хайад райсой нæ республикæйы Парламентон æвзæрстыты цæстдарджытæй.

Делегацийы уæнгтæ бузныг загътой, кæй сæ фæхуыдтой, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдтой, уæхски-уæхск кæй лæудзысты немæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.