11 июлы Хуссар Ирыстонмæ хæларадон балцы æрцыд делегаци  Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы  сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбеджы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады сæйраг консультант Бигъуылаты Людмилæ, «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы Мæздæджы  районон хайады сæрдар Гуццаты Фридон æмæ журнал «Мах Дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Уыдон Хуссар Ирыстоны æхсæнады минæвæрттимæ фембæлдысты Абайты Вассойы хæдзар-музейы. Фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Цæгатирыстойнаг делегацийы æрцыды нысан уыд ирон æвзаг, ирон национ куль-турæйы размæ кæнын, Абайты Вассойы хæдзар-музейы куыстимæ, æмæ дзы цы экспонаттæ ис, уыдонимæ базонгæ уæвын.

Фембæлды рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор Битарты Зойæ уазджытæн радзырдта дунеон масштабы стыр ирон ахуыргонд Абайты Вассойы цард æмæ сфæлдыстады æмæ хæдзар-музейы сырæзты историйы тыххæй.

Банысан кодта, зæгъгæ,  Вассо æрмæст Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ахуыргонд нæу, фæлæ у æппæт дунейы ахуыргонд дæр.

Куыд радзырдта, афтæмæй йæ рæстæджы Абайты Вассойæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад балæвар кодта чысыл финаг хæдзар. Фæлæ Вассо куы фæзиан, уæд ахуыргонды сфæлдыстадон бынты бахъахъхъæныны æмæ популяризацийы нысанæн 2000 азы декабры республикæйы хицауад аскъуыддзаг кодта Вассойы хæдзары музей бакæнын. Фæлæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы гуырдзиаг агрессортæ бæстыхай басыгътой, басыгъд экспонатты фылдæр хай. Музей ногæй сарæзтой 2021 азы, фарон та йæ базæйыл бакондæуыд культурон-ахуырадон центр.

Йæ рады Еналдыты Хъазбег стыр эмоцитимæ банысан кодта хæдзар-музейы куысты стыр нысаниуæг, бахахх кодта, зæгъгæ, «абон мах æрбамбырд кодта Вассойы фарн. Вассойы тыххæй ацы музей чи бакодта, уыдон æй æрмæст сæхи тыххæй нæ бакодтой, фæлæ – нæ фидæн фæлтæры тыххæй, цæмæй ма рох кæной стыр ахуыргонды,  йæ куыстытæ йын фылдæр адæм базоной».

Хъазбег радзырдта, зæгъгæ, «Абайты Васойы 75 азы юбилей нысан кæныны рæстæджы академик Трубачев Вассойы Хетæгкаты Къостаимæ куы абарста, уæд æй Вассо баурæдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæн стъалытимæ барæн нæй». Фондз азы фæстæ дæр та Вассойы 80 азы юбилейы рæстæджы ныхасы бар ракуырдта Трубачев æмæ та афтæ зæгъы: «Если на небосклоне появится новая звезда, то это будет звездой Вассо Абаева».

Еналдыйы фырт радзырдта,  сæ делегацийы æрцыды сæйраг фарстатæй ма иу кæй у Ирыстоны дыууæ хайы интеграци. «Ирон адæм нæ адих уыдзысты, кæд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн Кавказы хох ис, уæддæр. Мах, сæйраджыдæр, иу кæны ирон æгъдау», – загъта Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы сæрдар.

Банысан кодта, ирон æвзонг фæлтæры ‘хсæн, уыцы нымæцы фæсарæнты цæрæг ирæтты ‘хсæн дæр,  ирон традицитæ, ирон æгъдау бахъахъхъæныны тыххæй «Стыр Ныхас» цы куыст кæны, уый. Равдыста, ирон æгъдау ахуыр кæныны тыххæй кæстæр фæлтæрæн цы чиныг рауагътой, «Кæстæрты æгъдау», – зæгъгæ, уый дæр (делегацийы уæнгтæ ацы чингуытæй дзæвгар æрластой, цæмæй сæ апарахат кæной Хуссар Ирыстоны кæстæр фæлтæры ‘хсæн). Чиныг фыст у ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Дарддæр фæнд кæнынц чиныджы ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл дæр рауадзын.

Радзырдта ма, Цæгат Кавказы фыццаг Мæздæджы районы  Фысджыты аллейæ арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй дæр.

«Мæздæджы Фысджыты аллейæ арæзт æрцыд Мæздæджы районон хайады сæрдар, меценат Гуццаты Фридоны хъæппæрисæй. Аллейæйы ис зынгæ фысджытæ æмæ поэтты 6 цырты: Александр Пушкины, Александр Грибоедов, Лев Толстой, Гуырдзыбегты Блашкæ, Хетæгкаты Къоста æмæ Расул Гамзатовы бюстытæ. Фæнд кæнæм Хуссар Ирыстоны дæр ахæм аллейæ саразын. Уым уыдзысты национ культурæйы минæвæртты бюстытæ – Тугъанты Махарбег, Галаты Барис, Джусойты Нафи, Айдарты Знауыр, Гаглойты Рутен. Ахæм аллейæйы сырæзтæн стыр нысаниуæг уыдзæн æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ  æнæхъæн Кавказы дæр.

Банысан кодта, аллейæ саразыны хæрдзтæ сæхимæ кæй исынц. «Хъæуы нæ æрмæстдæр бынат рахицæн кæнын. Иннæ куыстытæ нæхи хардзæй араздзыстæм», – бахахх кодта Еналдыйы фырт.

Йæ рады Бигъуылаты Людмилæ банысан кодта, Хетæгкаты Къостайы номыл Национ зонадон-культурон центр кæй сфидар кодта ног æхсæнадон хорзæх – «Хетæгкаты Къостайы орден», ирон æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы чи фесгуыхт, уыцы педагогтæ æмæ культурæйы архайджыты схорзæхджын кæныны тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног хорзæхæй фыццаг схорзæхджын кæндзысты газет «Рæстдзинад»-ы, æмæ профессор Битарты Зойæйы.

Хуссарирыстойнаг зонадон æхсæнад дæр радзырдтой сæ фæндтæ, республикæйы Литературон-аивадон музей саразыны тыххæй. Музей куы сырæза, уыд дзы уыдзæн зынгæ ирон фысджыты, поэтты, композиторты æмæ национ культурæйы æндæр архайджыты уацмыстæ.

Бигъуылаты чызг радзырдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон æвзаг æмæ литературæйы фарсхæцынадмæ здæхт проектты реализацийы тыххæй, уыцы нымæцы ахуыргæнинæгтæн алыгъуызон конкурстæ уадзын. Уыимæ иумæ фехъусын кодта, зæгъгæ, декабры мæй журнал «Мах дуг» æрвылаз дæр мыхуыр кæндзæн Вассойы тыххæй æрмæджытæ.

«Фæнды мæ, цæмæй Цæгат Ирыстоны алы районты ахуырдзаутæ æмæ студенттæ, уыцы нымæцы царды мидæг Вассо кæй бахъæудзæн, уыцы адæймæгтæ дæр æрцæуой æмæ феной Абайты Вассойы хæдзар-музей, базонгæ уой равдысты æрмæджытимæ, феной, Хуссар Ирыстоны Вассойæн цы стыр кад ис, уый, байхъусой,  цæмæй Вассойы ном рох ма уа, уый тыххæй музейы цы лекцитæ фæкæсынц, уыдонмæ. Хорз уаид Цæгат Ирыстоны ахуыргæндтæ дæр ам куы бакæсиккой лекцитæ», – банысан кодта Бигъуылаты Людмилæ.

Музейы директор Остъаты Мадинæ куыд банысан кодта, афтæмæй музейы залы 35 адæймаджы бынатæй фылдæр кæй нæй, уый тыххæй бадзырдтой университеты къухдариуæгадимæ, цæмæй, куы бахъæуа, уæд лекцитæ уадзой университеты актон залы.

Мадзалы кæрон Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы минæвæрттæ Хъазиты Мелитоны схорзæхджын кодтой Кады грамотæйæ, загътой йын фидар æнæниздзинады æмæ дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Еналдыты Хъазбег куыд банысан кодта, афтæмæй Мелитон хъæуæг у, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр, æрмæст йæ литературон сфæлдыстадæй нæ, фæлæ куыд  «Стыр Ныхас»-ы Координацион советы уæнг, афтæ дæр.

Хетæгкаты Оксанæ æмæ Бигъуылаты Людмилæ дæр Мелитонæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Битарты Зойæ та уазджытæн балæвар кодта, зынгæ ахуыргонды царды нысаниуæгджын цаутæ кæм ныммыхуыр кодта, йæ уыцы цыппартомон чиныг «Фарн Вассо».

Мадзалы дзырдтой Абайты Вассойы сфæлдыстадон куыстытæ бахъахъхъæныны тыххæй дарддæры куыстыл. Дзырд цыд «Ирон æвзаджы этимологион дзырдуаты» 4-æм æмæ 5-æм томтæ рауадзыныл.

                                    ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.