Ирон филологийы дæсны Абайты Вассойы ном зындгонд у канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы дæр. «Осетинский язык и фольклор», «Нартовский эпос осетин», «Русско-осетинский словарь», «Историко-этимологический словарь» æмæ бирæ æндæр куыстытæй йæ ном айхъуыст зæххы къорийыл.

Абайты Вассойы райгуырæн боны йæ хæдзармузейы уыдис презентаци. Ацы хæдзар сæндидзинаг ссис, уымæн æмæ басыгъд 2008 азы. Арты амæттаг фæцис экспонатты фылдæр хай. Уæддæр музейы уæды директор дзæнæттаг Плиты Юзæйы фæрцы бирæ æрмæджытæ аирвæзт.

Ирзонынады иууыл ирддæр минæвары хæдзар-музей цъыбыртты сыгъд бацис гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй, æмæ тыхсын кодта нæ интеллигенцийы минæвæртты. Уыдон домдтой хицауадæй, цæмæй фæстæмæ йæ бынаты арæзт æрцæуа ног музей. Музей аразынмæ цалдæр хатт бавнæлдтой, фæлæ та-иу куыст æрлæууыд. Фæстагмæ хæдзар-музей саразыны хæс йæхимæ райста дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим. Иттæг аив рауад агъуыст. Ныр ацы музейы фадат ис канд цытджын уазджытæ исынæн нæ, фæлæ ма зонадон конференцитæ æмæ равдыстытæ уадзынæн.

Хæдзар-музей арæзт фæцис дыууæ азы размæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ йæ дуæрттæ æппынæдзух æхгæд уыдысты. Журналистты фарстатæн, Абайты Вассойы райгуырæн бон цæуылнæ банысан кæнынц хæдзар-музейы, зæгъгæ, Культурæйы уæды министры дзуапп уыдис, мадзæлттæ аразынæн, дам, дзы уавæртæ нæй. Æрæмбырд кæнын, дам, хъæуы ахуыргонды бынтæ цадæггай.

Æмæ мæнæ ныр нысаниуæгджын боны Абайты Вассойы хæдзар-музеймæ æрбацыдысты интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ, паддзахадон университеты студенттæ. Райдианы уал уыдон дидинтæ сæвæрдтой, Цхинвалы центры ахуыргондæн цы цыртдзæвæн ис, уый раз. Уый фæстæ мадзал адарддæр музейы. Музейæн ифтонгад балхæдта Нацбанкы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ. Дыууæ мæйы размæ музейæн директорæй нысан æрцыд Остъаты Мадинæ. Уый загъта: «Нырæй фæстæмæ махæн нæ бон уыдзæн Ирыстоны зонады иууыл стырдæр минæвары хæдзары, æрмæст ахуыргонды гуырæнбон нысан кæнын нæ, фæлæ ма зонадон конференцитæ, мадзæлттæ уадзын æмæ ма уазджытæ исын дæр. Рæзгæ фæлтæр ирон куырыхон гоймаг, историк æмæ этнографы цæстуынгæ æрмæджыты руаджы зонгæ кæндзысты йæ бинонтимæ.

Музейы раздæры директор дзæнæттаг Плиты Юзæ хæсты тæккæ размæ музейы экспонаттæй иууыл ахадгæдæрты бафснайдта. Раст цыма зæрдæйæ хатыд арты амæттаг кæй бауыдзысты. Бирæ æрмæджытæ æрбахаста музеймæ профессор æмæ Абайты Вассойы ахуыргæнинаг Битарты Зоя. Ныр уый ам архайдзæн ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстытыл. ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттæйæн та бахæс кодтам музейы лекторий бакæнын. Бедойты Элеонорæ ам бакæндзæн клуб «Наследие».

Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты сæргълæууæг Гаглойты Роберт æмæ Абайты Вассойы хæдзар-музейы директор Остъаты Мадинæ сæ къухтæ æрфыстой æмгуыст кæныны хъуыддагон гæххæттыл.

Уазæгты Марфа