1991-1992 азты тынг уæззау дуг ныккодта нæ адæмыл. 1992 азы 24 июны горæт Сочийы УФ-йы президент Борис Ельцин æмæ Гуырдзыстоны сæргълæууæг Эдуард Шеварднадзе сæ къухтæ цы Бадзырдыл æрфыстой, уымæ гæсгæ 14-æм июлы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ баконд хъуамæ æрцыдаиккой фидауынгæнæг тыхтæ.

О, къухтæ æрфыстой Бадзырдыл, фæлæ гуырдзиаг абырджытæ ноджы тынгдæр æхсын райдыдтой горæт, районты, хъæуты. Æрмæст 12 июлы, Тамаресмæ æввахс, фæмард авд ирон лæппуйы, 42 адæймаджы та фæцæфтæ сты.

Æмæ æрбалæууыд уыцы бон

1992 аз, 14 июль… кæд гуырдзиаг гварди йæ хæстон техникæ акодта Цхинвалы алфæмблайæ, уæддæр ма иугай æхстытæ   хъуыстысты ТЭК-ы ‘рдыгæй. Фондз сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ Тамаресы ‘рдыгæй разындысты æфсæддон машинæтæ æмæ сæ хæдфæстæ та – æнæхъæн колоннæ. Адæм фырцинæй кæрæдзийыл тыхстытæ кодтой, хъарм ныхæстæ дзырдтой фидауынгæнджытæн, дидинджыты бын сæ фæкодтой, лыгъдысты сæ размæ, фырцинæй чи кæугæ кодта, чи та – зæрдæхъæрмттæ. Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ семæ æрбахастой сабырад, кæд сæртæг сабырдзинад уыд, уæддæр адæм нал цагъды кодтой массон æгъдауæй. Хуссар Ирыстонмæ Фидауынгæнæг тыхты æрбаконды фыццаг бонтæй фæстæмæ ацы тыхты службæ кодтой нæ горæты цæрджытæ Дудайты Андрей, Уанеты Олег æмæ Багаты Андрей.

Сæ хæстон æфсымæрдзинад бахсыст тохы

Дудайты Андрей: «Мæ фыд Дудайты Анатоли Аршакы фырт куыста ЦАРЗ-ы. Змæстытæ куы райдыдтой, уæд ЦАРЗ-ы микрорайоны лæппутæ дæр сарæзтой хæстон къорд æмæ мæ фыды сæвзæрстой къорды хистæрæй. Уыд запасы афицер, хистæр лейтенант. Хъæбатырæй тох кодта гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ. Фидауынгæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацæуыны размæ, Ирыстоны хъайтар Джиоты Аланы (Парпат) фæндон бахаста,  Хуссар Ирыстонæн  йæхи æфсад саразыны тыххæй. Дыууæ бонмæ æрæмбырд 700 лæппуйæ фылдæр, уыцы нымæцы мæ фыд дæр. Уыдон иууылдæр рацыдысты медицинон басгæрст. 14-æм июлы Зары фæндагыл ацыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Мзиугоммæ æфсæддон ахуыртæ рацæуыны тыххæй.  Хъуамæ бацæттæ кодтаиккой ирон батальон, хъуыдис сæ афицертæ. Мæ фыд Фидауынгæнæг тыхты баслужбæ кодта се ‘рбаконды фыццаг бонтæй суанг 2009 азмæ, ома, цалынмæ нæ ныппырх сты, уæдмæ», – мысы æндыгъд рæстæджы цаутæ Андрей.

 Дудайты Андрей  нæ горæты 11-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Ирыстоны хъайтар Хуыбылты Валери кæстæр афицерты сконд бацæттæ кæныны фæдыл цы курсытæ сорганизаци кодта, уырдæм. «Хъуамæ дзы фæахуыр кодтаис иу аз æмæ дын уый фæстæ лæвæрдтой æфсæддон ном. 1999 азы бацыдтæн Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхтæм æмæ дзы баслужбæ кодтон 2009 азмæ, ома, дæс азы дæргъы. Зæгъæн ис афтæ æмæ  ацыдтæн мæ фыды фæдтыл».

Андрей райдианы уыд взводы командир æмæ уый фæстæ та ротæйы командиры хæдивæг. Йæ дæлбар ротæ лæууыд Присы бæрзæнды. 2008 азы августы тугуарæн хæст æй æрæййæфта Сарабукъы хъæуы. «1-æм августы нæ арвыстой Сарабукъы хъæумæ æмæ дзы баззадыстæм 11-æм августмæ. 8-æм августы знæгтимæ тохы бацыдыстæм  æмæ сын басыгътам сæ БМП-тæй иу. Фæлæ гуырдзиæгтæ бирæ фылдæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ тæссаг уыд  æрхъулайы бахауынæй. Фæдзырдтон Фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны командир Фриты Хъазбегмæ æмæ йын хабар куы бамбарын кодтон, уæд нын загъта, цæмæй æдасдæр бынаты нæхи бааууон кодтаиккам. Ахызтыстæм Хъуыриайы хъæуы ‘рдæм æмæ уым фестæм цалдæр боны. Хъахъхъæдтам Дзауы фæндагмæ ахизæнтæ, цæмæй знаг поселокмæ ма баирвæзтаид».

Андрейы ныхæстæм гæсгæ сæм уыд æртæ БМП-йы. Дудайы фырт уыд 4-æм ротæйы хистæры хæдивæг æмæ-иу кæмдæриддæр ныхмæлæуд сæвзæрд, уым-иу балæууыдысты æмæ-иу уавæр æрбæстон кодтой. Абон у РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады горæт Цхинвалы æдасдзинады дæлхайы  хистæр. Фидауынгæнæг тыхты йемæ чи службæ кодта, уыдонæй мын сæ иу Джиоты Александр куыд загъта, афтæмæй Дудайты Андрейæн кæд йæ бон уыд, уæддæр йæ пост нæ ныууагъта æмæ уым уыдис цалынмæ Гуырдзыстоны сабырадмæ не ‘ркодтой, уæдмæ. Уый, зæгъ, сгуыхтдзинад у.

Семæ æрбахастой фидæны  сабыр царды ныфс

Уанеты Олег нæ горæты 11-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта советон æфсады рæнхъыты. Райдианы службæ кодта Ленинграды. 1988 азы Сомихстоны тыхджын зæххæнкъуыст куы æрцыд, уæд сын се ‘фсæддон хайы Ленинградæй ракодтой уырдæм зæххæнкъуысты фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй æмæ йе службæйы æмгъуыд дæр фæцис, уым. 1990 азты Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг тыхæйисджытæ алырдыгæй балбирæгътау куы лæбурдтой, уыцы рæстæджы æрæздæхт Цхинвалмæ æмæ уайтагъд слæууыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Сæ къорд хъахъхъæдта ЦАРЗ-ы район. Хуыбылты Валери спецназ куы сарæзта, уæд уырдæм бацыд æмæ дзы баслужбæ кодта 1998 азы онг. 1999 азы Спецназы ротæйы официалонæй баиу кодтой Фидауынгæнæг тыхтæм. Баслужбæ дзы кодта дæс азы, 2009 азы онг.

Райдианы уыд взводы командир, уый фæстæ та – ротæйы командиры хæдивæг. Фæстæдæр та ссис ротæйы командир. Сæ постытæ уыдысты алы æмæ алы рæтты. Фæстагмæ лæууыдысты Присы бæрзæнды «ПАУК» кæй хонынц, уым. 2004 азы та карьеры районы кæрæдзийы ныхмæ лæууыдысты  гуырдзиаг «фидауынгæнджытимæ». Се ‘хсæн-иу арæх сæвзæрд ныхмæлуæдтытæ, арæх-иу сын сæ пост æхстой гуырдзиæгтæ, фæлæ  Хуыцау хорз, уды зиæнттæ никуы æрцыд.

«2008 азы августы хæсты куы райдыдта, уæд дæр лæууыдыстæм «ПАУК»-ы районы. Рацийæ хъуыстам гуырдзиæгтæ алырдыгæй танкæтыл кæй æрбацæуынц, уый. 8-æм августы æнæхъæн бон фестæм уым. Фæлæ гуырдзиæгтæ Присы хъæумæ дæр бацыдысты. Нæ сæрты тахтысты знаджы хæдтæхджытæ. Тæссаг нын уыд æрхъулайы бахауынæй. Рацийæ фæдзырдтон  ирон батальоны æфсæддон хистæр Фриты Хъазбегмæ æмæ йын бамбарын кодтон сæвзæргæ уавæры тыххæй. Уый мын загъта, зæгъгæ, бахъахъхъæн дæ салдатты цард. 8-æм августы изæрæй куыддæрты нæ бон ссис Леуахийыл «Текстиль»-ы районмæ баирвæзын. Бацыдыстæм Фидауынгæнæг тыхтæм, фæлæ дзы никæйы баййæфтам. Уæд æрбаиу стæм вагзалы цы хæстон лæппутæ уыд, уыдонимæ æмæ ныхкъуырд дæттам знæгтæн, цалынмæ Уæрæсейы æфсæдтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ», – радзырдта Уанеты Олег.

2010 азы бацыд РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады агурæн-ирвæзынгæнæн къордмæ. Баслужбæ дзы кодта 2018 азы онг. Уый фæстæ йæ ракодтой Уæлвæткон уавæрты тыхтыл управленийы центры хистæрæй æмæ абон дæр службæ кæны уым.

Олегы фыд Уанеты Георги бирæ азты дæргъы цæсгомджын куыст бакодта мидхъуыддæгты органты. У ирон мыхуыры æнувыд хæлар.

Багаты Андрей райгуырд горæт Цхинвалы. 2-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПУ-йы  филологон факультеты. 2001 азы баслужбæ кодта Хуссар Ирыстоны æфсады рæнхъыты. 2022 азы контрактмæ гæсгæ бацыд Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхтæм æмæ дзы баслужбæ кодта авд азы, суанг 2009 азы онг. Уыд ротæйы старшина. Райдианы сæ ротæ уыд горæты. 2004 азæй 2008 азмæ сын дыууæ посты та  уыд «ПАУК»-ы районы. 2004 азы Присы хъæумæ æввахс сырх сыджыты сæрмæ куы лæууыдысты, уæд сæ гуырдзиæгтæ гранатæхсæнæй фехстой. Снаряд спырх Гæбæраты Марат æмæ Саулохты Владимиры цур æмæ контузи райстой.

«Хæст мæ æрæййæфта горæты фидауынгæнæг тыхты гарнизоны. Гуырдзиæгты ныхмæ хæцыдыстæм вагзалы районы. Нæ ротæйы дыууæ взводы та лæууыдысты «ПАУК»-ы районы. Гуырдзиæгтæ куы æрбабырстой, уæд сæ æхстой комкоммæ. Иу хорз уыд æмæ дзы уды зиан не ‘рцыд. Æхстой нæ гуырдзиаг «фидауынгæнджытæ» дæр. 8-æм августы æхсæвы ротæйы командир Уанеты Олег йæ дæлбар салдатты æркодта горæтмæ æмæ баиу сты хæстон лæппутимæ. Иу дзырдæй. Активон хайад райстам знæгты ныхмæ тохты», – радзырдта Багаты Андрей.

Фидауынгæнæг тыхты куы ныппырх кодтой, уæд бацыд Мидхъуыддæгты министрады криминалон милицимæ. 2013 азæй та кусы «Росотрудничество»-йы минæварады. Йæ ныхæстæм гæсгæ Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ абон дæр цæрынц æнгомæй. Хæстон æфсымæрдзинад сæ тынг æрбаввахс кодта. Æрæмбырд вæййынц æмæ кæрæдзийыл фæцин кæнынц. Афтæ та уыдзæн райсом, 14 июлы – Фидауынгæнæджы боны дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.