Фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер, ирон композиторон скъолайы, зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы æмæ Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон скъолайы бындурæвæрæг, фольклорист æмæ этнолог, фыццаг ирон симфонион уацмысты-поэмæты автор æмæ дирижер Галаты Барисы номыл цалдæр азы размæ  Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд культурон фонд композиторы бындартæ – Гаглойты Лианæ æмæ Гæбæраты Андрейы  хъæппæрисæй. Галаты Барис ма у аивадон фильмты фыццаг ирон композитор, уыцы нымæцы кинемотографийы шедевр – кинофильм «Фатимæ»-йы композитор, дунейæн зындгонд фыццаг академион куыст «Ирон адæмон зарджытæ»-йы автор дæр. Фонды нысæнттæ сты композиторы хæдзар сæндидзын кæнын, цыран РХИ-йы Хицауады эгидæйы бын  хъуамæ арæзт æрцæуа аккаг музей. Композиторы хæдзар ис Цхинвалы  Пушкины уынджы. Галаты Барисы хæдзар-музейы  æндидзынгæнæн куыстытæ райдыдтой 2013 азы апрелы мæйы. Йæ фыццаг уæладзыг æххæстæй арæзт æрцыд, фæлæ дыккаг уæладзыг саразынæн хъæуы финансон фæрæзтæ.

Ацы аз 14-æм июлы  Галаты Барисы хæдзар-музеймæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый базонгæ хæдзар-музейы реставрацийы плæнттимæ æмæ æмбæлон ведомствотæн бахæс кодта реставрацийы тыххæй цас финансон хæрдзтæ бахъæудзæн, уый банымайыны тыххæй. Президент ма базонгæ ирон композиторы уникалон экспозициимæ. Уый чиныджы ныффыста: «Диссаджы æнкъарæнтæ банкъары адæймаг зынгæ адæймæгты, уæлдайдæр та ахæм гоймаг, куыд Галаты Барис, историимæ æввахсдæр базонгæ уæвгæйæ. Уырны мæ, Галайы фырты хæдзар-музей кæй цæрдзæн æмæ фидæны фæлтæртæн фадат кæй уыдзæн Барис Александры фырты сфæлдыстадимæ зонгæ кæнынæн».

Фонды бындурæвæрджытæ стыр куыст бакодтой æмæ ныр дæр кæнынц курдиатджын компо-зиторы сфæлдисгæ уацмыстæ æрæмбырд кæныныл. Ацы аз февралы мæйы Санкт-Петербурджы  Уырыссаг литературæйы институтæй  (Пушкины хæдзар) ракуырдтой æмæ Цхинвалмæ æр-ластой зарджытæ æмæ цæгъд-тыты 700 ныффыстыты бæрц, уый размæ та сын радтой 60 ныффысты. Гаглойты Лианæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон æнæхъæн мæй баныхæстæ уагътой, цæмæй сын радтаиккой Галаты Барисы уацмысты ныффыстытæ. Ацы архивы сты раздæры Советон Цæдисы республикæты адæмон музыкалон сфæлдыстады архивон ныффыстытæ. Уыдонæй иууыл егъаудæр коллекцитæй сæ иу у Галаты Барисы коллекци. Гæбæраты бинонтæн сæ къухты бафтыд уыцы коллекци  архивæй райсын, кæцы ныртæккæ ис  Галаты Барисы  хæдзар-музейы, кæцымæ иумиагæй байхъусæн ис 18 сахаты бæрц. Валиктыл сты Бæройты Бицо, Хетæгты Бало, О, Уастырджи, Дойты Бæби, Дзугаты Тасойы, Кадзырты Таймуразы, Алардийы, Хетæгкаты Къостайы тыххæй зарджытæ æмæ бирæ æндæр уацмыстæ. Фонды бындурæвæрджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сын Санкт-Петербурджы ацы институт Галайы фырты уацмыстæ рафыста æнæаргъæй, кæд сæ рафыссыны аргъ  æртæ милуан сомы уыд, уæддæр æй куы  базыдтой уыдон Галайы фырты хиуæттæ сты, уæд æппæт куыстытæ дæр  сæххæст кодтой æнæаргъæй, афтæ тынг  аргъ кæнынц Галаты Барисы номыл фонды архайдæн.

Гаглойты Лианæ æмæ Гæбæраты Андрей Санкт-Петербурджы Аивæдты историйы уæрæсейаг  институты базонгæ сты зынгæ композитор æмæ музыкалон этнограф, академик, аивадон зонæдты доктор, профессор, аивæдты историйы уæрæсейаг институты инст-рументзонынады секторы сæргълæууæг  Игорь Мациевксий æмæ йæ цардæмбал аивадон зонæдты кандидат, профессор, традицион музыкæйы фæдыл дунеон советы уæнг Галина Тавлайимæ. Ацы дыууæ профессоры тынг хорз зонгæ уыдысты Галаты Барисы сфæлдыстадимæ. Галина Тавлай куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йын Галайы фырты сфæлдыстад уыд цæвиттойнаг. Кæцыфæнды музыкæзонæг дæр, зæгъ, стыр цымыдисимæ базонгæ вæййы Галаты Барисы сфæлдыстадимæ. Уый, зæгъ, уыд тынг курдиатджын композитор.

Æрæджы ацы дыууæ цард-æмбалы æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ Галаты Барисы хæдзар-музей бабæрæг кæныны, стæй Ирыстонимæ, ирон адæмимæ æввахсдæр базонгæ уæвыны нысанæн. Æмæ сыл сæ ног зонгæтæ  Гæбæраты бинонтæ дæр сæмбæлдысты уазæгуарзонæй. Хуссар Ирыстонмæ цæугæйæ, уыдон хайад райстой Уыналы мæсыг кæныны цытджын церемонийы, цыран ауагътой мастер-къластæ лицейы ахуыр-гæнинæгтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, Цхинвалы фыццаг  бабæрæг кодтой Галайы фырты хæдзар-музейы æмæ цымыдисæй кастысты Галаты Барис йæ æнæмæлгæ уацмыстæ цы хатæны фæлдыста, уым цы фыдæлтыккон пианино æмæ æндæр музыкалон инструменттæ ис, уыдонмæ. Уазджыты сæ фысымтæ фæхуыдтой Гæбæраты мыггаджы куывдмæ. Фенын сын кодтой Хуссар Ирыстоны Национ музейы æмæ æндæр фенддаг бынæтты æмæ афтæмæй æв-вахсдæр базонгæ сты ирон адæмы культурæ, традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Æнæ хъусдардæй нæ ныууагътой зынгæ ирон композитор Плиты Жаннæйы дæр (уымæн йе нæниздзинад тынг кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ у уатон рынчын), уазджытæ йæ бабæрæг кодтой хæдзары. Сылгоймагæн уазджыты фенд стыр цины æнкъарæнтæ кæй æрхаста, уый ирдæй зынд йæ цæсгомыл.  Уыдонæн разынд иумиаг ахуыргæнджытæ.

Галаты Барисы хæдзар-музейы петербургаг уазджытимæ æхсызгонæй базонгæ ацы рæнхъыты автор дæр æмæ сын бацайдагъ ныхас. Игорь Мациевскийы ныхæстæм гæсгæ, декабры мæйы Санкт-Петербурджы план кæнынц Галаты Барисы номарæн æхсæнадæмон конференци «Санкт-Петербург и национальные музыкальные культуры»  ауадзын. Конференци баст у фольклорист, ирон композиторты скъолайы бындурæвæрæг Галаты Барисы райгуырдыл 130 азы кæй æххæст кæны уыимæ. Конференцийы уынаффæ кæндзысты Галаты Барисы сфæлдыстадон бынтæ нырыккон зонад æмæ компо-зиторон сфæлдыстады контекстыл, Кавказы адæмты музыкалон традицитыл æмæ æндæртыл, æдæппæтæй 12 темæйыл. Уыдон ма ирон композиторы фонды бындурæвæрджытимæ иумæ фæнд кæнынц Галаты Барисы  номыл Хуссар Ирыстоны национ культурæйы центр саразын, цыран уаид музей, иртасæн институт, библиотекæ, архив æмæ фоноархив. Уадзой дзы камерон концерттæ. Игорь Мациевский куыд радзырдта, афтæмæй уымæн октябры мæйы кæрон концерт уыдзæн Болгарийы «Панчо Владигеровы» национ музыкалон академийы, цыран ын загътой сæ фæндон культурæйы æхсæн-паддзахадон проект саразыны тыххæй æмæ йæ бафæндыд уыцы проектмæ Галаты Барисы центры дæрбахæссын. Ацы проектмæ ма фæнд кæнынц Цæгат Кавказы республикæты æрбакæнын дæр, уыцы нымæцы Налцыччы Цæгат Кавказы аивæдты институт, Адыгейы университеты æмæ æндæр республикæты. Фæлæ цæмæй ацы ахсджиаг проект æххæст æрцæуа, уый тыххæй хъæуы паддзахады ‘рдыгæй финансон æххуыс. Уазджытæ ма æхсызгонæй банысан кодтой, ирон адæм курдиатджын кæй сты, уый тыххæй æмæ радзырдтой сæ ирон аспирантты тыххæй. Зæгъæм, Æлборты Ланæ дæр у сæ аспирант, уый ма уыцы нымæцы архайдзæн Галаты Барисы архив æмæ традицион музыкæ сахуыр кæныныл. Цхуырбты Михаил та у сæ магистрант. Дзæуджы-хъæуккаг Виталий Федько кусы диссертаци бахъахъхъæныныл ахæм темæйыл «Осетинская музыка и инструменты», зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы Виталий Федько хæцыд Цхинвалы гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ.

Гæбæраты бинонтæ ма куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ Аслан-Гирей Галатийы номыл культурæйы фонд æмгуыстады фæдыл сразыдзинад сарæзта Федералон паддзахадон бюджетон зонадон-иртасæн уагдон «Российский институт истории и искусств»-имæ, институты директор Казин Александры сæргълæудæй.  Казин сын раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайыныл 10 азы сæххæсты сæраппонд. Сразыдзинады нысан æрцыд: иумиаг зонадон, ахуырадон, культурон-рухсадон, экспедицион æмæ сфæлыстадон проектты реализаци, афтæ ма дыууæ фарсы минæвæртты хайадистæй  культурæйы фадыджы иумиаг конференцитæ, симпозиумтæ, лекцитæ, мастер-къластæ, семинартæ, форумтæ, фестивалтæ, конкурстæ уадзын. Уымæй дарддæр ма дыууæ фарсæрдыгæй дæр делегацитæ æмæ минæвæрттæ хъуамæ цæуой кæрæдзимæ æмæ афтæмæй зонгæ кæной сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ.

Ацы аз 15-æм сентябрæй октябры кæронмæ Галаты Барисы культурæйы фонд «Тропой Галати»-йы фестивалы фæлгæтты уадзы мадзæлтты цикл, кинофильм «Фатимæ»-йыл 60 азы сæххæсты сæраппонд. Ныридæгæн уал мадзæлттæ ауагътой Мæздæджы, Дигорайы, Ногиры, Цхинвалы, Алагиры, Беслæны æмæ Æрыдоны. Уымæй дарддæр ма фонды бындур-æвæрджытæ ныртæккæ кусынц Галайы фырты райгуырдыл 130 азы бонмæ чиныг  «Галати:  беспрерывно работаю по линии музыкальной культуры Осетии…»-йы рауадзыныл.

Уæдæ, бирæ хорз фæндтæ æмæ плæнттæ ис композиторы фонды бындурæвæрджытæм æмæ Хуыцау зæгъæд, сæ сæххæст кæнын сæ къухты  цы бафта, уый. Галаты Барисы хæдзар-музей куы сырæза, уæд уый уыдзæн нæ горæты фенддагдæр бынæттæй сæ иу.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.