30-ӕм октябры Дзӕуджыхъӕуы, реставрацийы фӕстӕ, байгом Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады историйы музей. Цытджын церемонийы хайад райстой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хицауады делегаци Битарты Вячеславы сӕргълӕудӕй, Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад Владимир Скоковы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы Федерацийы Мидхъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ, ветерантӕ, ӕхсӕнадон организацитӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Чырыстон аргъуаны минӕвӕрттӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстонӕй церемонимӕ фӕуазӕг ис Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Наниты Игорь. Уый Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта ӕмӕ бузныджы ныхӕстӕ загъта музейы реставратортӕн, йӕ байгом кӕнынмӕ йӕ хайбавӕрд чи бахаста, уыдонӕн. Наниты Игорь банысан кодта, зӕгъгӕ музей у истори ӕмӕ нӕ историйӕн хъуамӕ кад кӕнӕм.

Музейы  бӕстыхай  арӕзт ӕрцыд 19-ӕм ӕнусы ӕмбисы ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕнын хъуыд ӕнӕмӕнгӕй. 2017 азы РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ ветеранты ӕххуысӕй ӕрӕвнӕлдтой музейы арӕзтадмӕ. Реставратортӕн сӕ бон бацис, цӕмӕй йын бахъахъхъӕной йӕ раздӕры хуыз. Ног арӕзт музей конд у 10 экспозицион залӕй. Ам фенӕн ис нӕ адӕмы истори, политикæ ӕмӕ ӕхсӕнадон царды тыххӕй экспонаттӕ, кӕцытӕ сты тынг рӕсугъд ӕмӕ цымыдисон. Музеймӕ ӕрбацӕуӕг адӕм ӕмӕ уазджытӕ райстой стыр ӕхцон-дзинад ӕмӕ баззадысты райгондӕй.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.