Æхсæнады, адæймаджы æгъатырдæр знæгтæй рагæй фæстæмæ сæ иу у зынгсирвæзт. Уый цыбыр æмгъуыдмæ аныхъуыры, адæймаг цæрæнбонты цы фæллойыл фæфыдæбон кæны, уый.

Фæлæ ацы æгъатыр фыдбылыз банымæг кæнынмæ рæстæгыл куы фæзыной зынгхуыссынгæнджытæ, уæд арæхстджын æмæ хъаруджынæй бацархайынц йæ ахуыссын кæныныл æмæ фыдбылызæй фервæзын кæнынц, адæймаджы.

Æвæдза, уæд сæ номыл цас хъарм ныхæстæ æмæ зæрдиаг арфæтæ фервитынц хæдзары бинонтæ. Æцæгдæр,бузныг æмæ арфæйы аккаг вæййынц уыцы хъæбатыр лæппутæ, сæ цырд æмæ арæхстджын февнæлды фæстиуæгæн æй ахуыссын кæнынц æмæ куы не ‘руадзынц æнамонд цау, уæд. Ахæм рæстæджы иузæрдион фæдисонтæ сты нæ горæты Хъайтарты уынджы фыццæгæм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн командæйы уæнгтæ дæр. Ам æдæппæт нымадæуы 86 цæхæрцæст лæппуйы æмæ кæддæриддæр цæттæ вæййынц, фæдисы дзæнгæрæг сæм чи ныццæгъды, уымæн баххуыс кæнынмæ.

Хайад фæдисы уадæй фылдæр фæцæуы горæт æмæ уымæ æввахс хъæутæ – Прис, Ногхъæу, Гудзабар æмæ æндæр бынæттæм. Зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн фыццæгæм хайады хистæр у Санахъоты Феликс, уый йæ куыстмæ кæсы бæрнон цæстæй, æмбарынц æй йæ дæлбар кусджытæ дæр æмæ афтæмæй æххæст кæнынц, сæ ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ хæстæ.

Санахъойы фырт куыд загъта, афтæмæй æрмæст горæты æмæ уымæ æввахс бынæтты зынгсирвæзтытæ ивгъуыд аз уыд 97 хатты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм цаутæ фылдæрхатт вæййынц, иуæй-иу æмбæстæгты æбæрн ахасты фæстиуæгæн. Зæгъæм, исчи афоныл куы нæ баивы рухсы зæронд хæххытæ, уæд æрцæуы, срастгæнæн зынтæй кæмæн вæййы, ахæм бæллæхтæ. Сменæйы вæййы 20 адæймаджы, 5 машинæйы æмæ иннæ 4 та вæййынц резервы. Сæ куыст у рангтæм гæсгæ æмæ, зæгъæм, кæцыдæр  районтæй ис стыр зынгсирвæзт, уæд иу машинæ æд кусджытæ хъуамæ ацæуа уыдонæн баххуыс кæнынмæ, кæд 3-аг ранг у, уæд та æрвитынц дыууæ машинæйы  зынгхуыссынгæнджытимæ. Уымæ гæсгæ æдзухдæр вæййынц цæттæ, æгæрыстæмæй, уыцы рæстæджы хæдзæртты чи  фæулæфы, уыдонмæ дæр фæсидынц æмæ цыбыр рæстæгмæ æрбалæууынц сæ куысты уæлхъус.

Нæ Хицауады æрдыгæй дæр хайадмæ здæхтæуы хорз хъусдард, архайынц, цæмæй ноджыдæр фæхуыздæр уой сæ куысты уавæртæ. Дарæс æмæ кадртæй дæр сты ифтонг. Алы куыстуаты дæр фæзыны ногдзинæдтæ, куыстыл хорзæрдæм бандавыны сæраппонд æмæ уымæ гæсгæ хайады хистæр тырны, цæмæй йæ кусджытæ дæр уыдонæй ифтонг уой кæной.

Цæвиттон, ис сын бадзырдтæ Цæгат Ирыстонимæ æмæ уым фылдæр æмæ хуыздæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Уым сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныныл кæмæн бакусынц, уыцы лæппутæ фæстæмæ  æрыздæхынц æмæ сæ фæлтæрддзинад бынаты фæамонынц се ‘мкусджытæн.

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.