Абайты сахъгуырд

Запорожьейы здæхты ирон хæстонтæ артиллери, æнæпилотон оператортæ æмæ æхсæн системæты æххуысæй уадзынц æнтыстджын операцитæ. Куынæг кæнынц ныхмæлæууæджы бирæрæстæгон æхсæн бынæттæ. Иугонд фронтæй, æнгомæй нæ полкты батальонтæ фæсыкк кæнынц знаджы пункттæ.

Абайты Юри, 71-æм гвардион мотоæхсæг полкы командиры хæдивæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы ис украинæйаг «контрразмæбырсты» фыццаг бонтæй фæстæмæ. Æрмæстдæр тохтæй сæ иуы йæ чысыл штурмон къорд амынæты ракодта 18 адæймаджы. Йæ командæкæнынадæй батальонты слæмæгъ кæныны фæдыл ныхмæлæууæджы æппæт бафæлвæрдтытæн ницахæм æнтыст уыд.

«Знаг нæм йæ хæцæнгарз куы ныддара, уæд ын хатыр нæ уыдзæн. Амынæты нæм куы уой, уæд сæ мæ дæлхайæ иу адæймаг дæр нæ бахъыгдардзæн. Ацы хъуыддагмæ карз ахаст дарын. Амынæт цæф куы уа, уæд ын баххуыс кæндзысты. Уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй нæй амынæтæй хынджылæг æмæ дæлдзиныг кæныны цаутæ. Уый сæрмæ хæссинаг нæу. Тынг хорз æмбарæм амынæты бахауæг адæймаджы уавæр. Цæмæн æй хъæуы нæмын, хъыг кæнын? Хъуамæ йæ баууæндын кæнай цардыл, адæмыл.

Йæ ныййарджытæн хæрзуаг фырт, цардæмбал, фæлмæн фыд… Ахæм у нæ хъайтар – Абайты Юри (йæ фæсномыг «Буйвол»). Уый намысджынæй хъахъхъæны фронты раззаг хаххы бæстæйы арæнтæ æмæ лæууы батальоны сæргъ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Юрийæн саккаг кодтой Суворовы, «За отвагу»-йы майдантæ, Хъæбатырдзинады орден, афтæ ма бавдыст æрцыд Уæрæсейы Хъайтары ном райсынмæ.

Чысылæй фæстæмæ Абайты Юри бæллыд æфсæддон службæмæ. Нырма æнтыстджынæй каст фæцис Суворовы номыл Цæгат Кавказы æфсæддон ахуыргæнæндон. Фæстæдæр ахуыр кодта Мæскуыйы уæлдæр командон институты. Уый фæстæ бахаудта Дард Хурскæсæнмæ, æмæ стæй та службæ кæнынмæ ацыд Цæцæны Республикæмæ. Сæрмагонд æфсæддон операци цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ Юри командировкæйы уыд Сирийы. Æмæ уырдæгæй хæстон афицер ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Слæууыд 71-æм полкы 1-аг батальоны сæргъ.

«Кæронмæ йæ не ‘мбæрстам, цы цæуы, уый. Фæлæ мæм фæлтæрддзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ уайтагъд бамбæрстон уавæры тыххæй. Уыимæ йæ æмбарыс, дæуыл баст у æрмæст дæхи цард нæ, фæлæ ма дæ фæстæ лæууы батальон æмæ паникæйы ма хъуамæ бахауай. Мах куы æрбацыдыстæм, уæд батальон ныридæгæн æххæст кодта йæ хæстон хæс. Æз сæм æрбаиу дæн æмæ дарддæр ацыдыстæм горæт нацисттæй асыгъдæг кæнынмæ».

«Буйвол»-ы командæйæ батальон йæ куыст райдыдта Запорожьейы здæхты. Знаджы фæстæмæ аппаргæйæ, бацахста хъахъхъæнынад æмæ урæдта позицитæ. Йæ батальон контрразмæбырстмæ куы цæттæ кодта, уæд æнæнхъæлæджы сæмбæлдысты знагыл. Юрийы батальонæн йæ къухы бафтыд знаджы аппарын æмæ хъахъхъæнынад бацахсын. Тохтæ цыдысты цалдæр боны. Юрийы ныхæстæм гæсгæ, нæ хæстонты цæттæдзинад уыд ныхмæлæууæгæй бирæ хуыздæр. «Нæ сын рауад сæ размæбырст, уымæн æмæ цæттæ нæ уыдысты. Ныхас кодтон амынæттимæ, уыцы рæстæджы нæм дзы уыд 40 адæймаджы, æмæ иумиагæй  операцийы рæстæджы та – 80».

«Буйвол»-æн ис цардæмбал æмæ дыууæ сывæллоны. «Фронты фæсчъылдым сабыр куы уа, уæд уым, фронты раззаг хаххы алцыдæр уыдзæн хорз. Хæстонтæй алкæцыйы хион дæр хъуамæ æмбара, сæ алы цæссыг дæр тынг æндавы хæстоныл. Æмæ йæ куы зона, фæсчъылдымы алцыдæр хорз у, уæд йæ хæстон хæс æххæст кæндзæн уæлдай хуыздæр», – зæгъы уый.

Юри сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы зындзинæдты тыххæй никуы фæдзуры, зоны æрмæстдæр иу хъуыддаг: йæ командæкæнынады бын чи сты, уыцы лæппутæ сæрæгасæй æмæ уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты сæ хæдзæрттæм. Хуыцау зæгъæд!

***

Мæргъиты Георги

Хуссар Ирыстоны республикон бирæпрофилон медицинон центры дохтыр-хирург Мæргъиты Георги æртæ мæйы ис сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы Донбассы сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, куыд дохтыр, афтæ йæ хæс у адæмæн æххуыс кæнын. «Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исын ивгъуыд аз ноябрæй фæстæмæ. Æрцыдтæн, цæмæй баххуыс кæнон ме ‘фсымæртæн. Куыд дохтыр, афтæ æппæт дæр араздзынæн мæ бон цы уа, уый. Ам уавæр вæййы алыгъуызон. Бынаты баххуыс кæнæм цæфтæн æмæ сæ уый фæстæ фæхæццæ кæнæм госпиталмæ», – загъта Мæргъиты Георги.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Джыгкайты Томас банысан кодта, зæгъгæ, сæрмагонд æфсæдон операцийы хайадист медицинон кусджытæн дæтты стыр фæлтæрддзинад. Мæргъиты Георги ацыд йæхи фæндонмæ гæсгæ. Райсдзæн стыр фæлтæрддзинад. Иууыл сæйраг та у, цæмæй йæ хæдзармæ æрыздæха сæрæгас æмæ æнæнизæй!», – загъта Джыгкайты Томас.

Мæргъиты Георги дохтыр-хирургæй кусы дæс азæй фылдæр.

 

***

Тедеты Аслан

429-æм полкы 1-аг батальоны хæстон Тедеты Аслан сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон архайдтыты уавæры хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад бирæ хæттыты равдыста. Уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй.

Развæдсгарæн взводы уæрæсейаг къордты ивгæйæ, Украинæйы гарзджын тыхтæ æхсын райдыдтой дæлхайы хæстон машинæйы. Шофыр-механик фæцæф ис. Тедеты Аслан нæ фæтыхст, уавæрæн саргъ кодта æмæ тыхджын æхстыты бын балыгъд БТР-ы онг. Сбадт шофыры бынаты æмæ машинæ  акодта ныхмæлæууæджы артиллерийы æхстытæй. Афтæмæй аирвæзын кодта йæ хæстон æмбæлтты цард.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.