ФЕМБÆЛД ЗЫНГÆ НЫВГÆНÆГИМÆ

Ленингоры музеймæ хуынд æрцыд зынгæ нывгæнæг Бедойты Шалва. Музеймæ æрæмбырд сты нывгæнæджы курдиатæн табугæнджытæ. Ленингойрæгтæ стыр аргъ кæнынц се ‘мзæххоны куыстытæн. Равдысты залы цы нывтæ æвæрд æрцыд, уыдоны Бедойты Шалва æвдисы йæ райгуырæн бæстæмæ, æрдзмæ уарзондзинад. Ардæм æрбацæуджытæ уæлдай тынгдæр саргъ кодтой 20-æм азты геноцид æмæ 2008 азы хæсты цаутыл конд нывтæн.

Бедойты Шалваимæ иумæ уыд йе ‘фсымæры чызг зынгæ æхсæнадон архайаг, сгуыхт педагог Бедойты Элеонорæ дæр. Уый лæмбынæг ра-дзырдта нывгæнæджы цард æмæ архайды тыххæй. «Шалвайы нывтæ æрмæст райгуырæн къуымыл не сты, бирæ йын ис æндæр темæтыл конд нывтæ дæр. Стыр аргъ ын кæнынц æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр», – загъта  Элеонорæ.

Бедойты Шалва бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, стыр аргъ ын кæй скодтой йе сфæлдыстадæн æмæ йæ йæ райгуырæн къуыммæ кæй фæхуыдтой. Музейæн балæвар кодта йæ конд ныв – ирон актрисæ Баситы Беллæйы портрет.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы номæй, йæ хæдивæг Болататы Георги стыр бузныг загъта нывгæнæгæн, йе сфæлдыстадон архайды тыххæй æмæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвар. Фембæлд адарддæр кодтой музыкалон номертæй, кæцы бацæттæ кодта районы культурæйы хайад.

 

ЦЪИНАГАЙРÆГТЫ УДÆНЦОЙАДÆН

Ленингоры районы администрацийы æххуысæй Цъинагары хъæуы рæзы улæфæн зонæ. Уымæн бынат æвзæрст æрцыд хъæуы астæу. Ацы куыстытæ кæнынц районы цæрæнуатон-коммуналон службæйы кусджытæ. Тагъд бавналдзысты йæ хæрзарæзт кæнынмæ. Проектмæ гæсгæ ам æвæрд æрцæудзысты рæсугъд фæхсбандæттæ. Ныссадздзысты дзы бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ, бауадздзысты йæм электроны рухс, цæмæй дзы изæрыгæтты сæ рæстæг æрвитой хъæуы цæрджытæ. Уагъд æм æрцæудзæн суадоны дон.

Хабæрттæ Ленингоры районæй

Ленингоры администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй улæфæн зонæ арæзт фæуыдзæн сентябры мæймæ.

 

Цъинагар æви Æмдзæрин?

2010 азы фæстæ нæ республикæйы бирæ хъæуты нæмттæ фæивта сæрмагонд къамис, кæцы архайдта гуырдзиаг топонимтæ ивыныл. Уæд, Цъинагары хъæуæн дæр йæ ном фæивтой Æмдзæринæй. Хъæуы цæрджыты зæрдæмæ нæ фæцыд, сæ хъæуы ном сын, сæхи нæбафæрсгæйæ, кæй фæивтой. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг цалдæр азы размæ хъæуы цæрджыты номæй Парламентмæ ныффыста куырдиат, цæмæй сын фæстæмæ раздахой сæ хъæуы раздæры ном. Фæлæ, фыстæг баззад æнæдзуаппæй. Ныр июлы æмбисы РХИ-йы Президент Гаглойты Алан инспекцион азылды рæстæджы, Цъинагары хъæумæ куы фæуазæг, уæддæр та йæм цæрджытæ бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæна сæ хъæуы ном фæстæмæ раздахынæн. «Æмдзæрины ном официалонæй хъæуы фæстæмæ баивын Цъинагарæй. Нæ хъусдард аздахæм дзырды уидагмæ. «Цъинагар» рацæуы «цинæй». Мах та схуыдтой «æмдзæрон» дæр нæ фæлæ «æмдзæрин». Уыцы дзырды зæрдæмæдзæугæ цы ис?» – дзырдтой хъæубæсты цæрджытæ.

Президент ацы фарстæн дзуапп нæ радта, фæлæ хъæуы администрацийы сæргълæууæг Хуыбылты Маирбегæн бахæс кодта, цæмæй коллективон фыстæг ныффыссой сæрмагонд къамисы номыл. «Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы фарст æвæрццагæй хъуамæ аскъуыддзаг уа. Къамис хъуамæ сразы уа цæрджыты хъуыдыйыл» – загъта сын президент. Ныр цъинагайрæгтæ иннæ проблемæты æмрæнхъ, æнхъæлмæ кæсынц ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.