16-æм майы нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан «Спутник. Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры æрдзырдта ахуырады системæйы цалдæр ахсджиаг фарстыл.

Сæйраджыдæр дзырд цыдис, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цавæр квотæтæ рахицæнгонд æрцæуы, хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн цавæр уавæртæ æмæ фадæттæ ис, афтæ ма Иууон паддзахадон фæлварæнтæ нæ республикæйы цæмæннæ ис гæнæн ауадзæн æмæ æндæр ахæм фарстаты тыххæй.

Лолаты Аслан фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм хуссарирыстойнаг абитуриенттæ «Россотрудничество»-йы квотæты фæрцы кæй фæнды бацæуын, уыдонæн ма хъуамæ уа Уæрæсейы территорийыл регистраци.

«Кæд æмæ Уæрæсейы территорийыл хуссарирыстойнаг абитуриентæн ис регистраци, æгæрыстæмæй рæстæгмæйы регистраци дæр, уæд йæ бон нæ уыдзæн фæсарæнты цæрæг æмбæстаджы статус райсын. Уыимæ иумæ ам дзырд нæ цæуы Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинадыл, æрмæстдæр регистрацийыл. Абитуриентты ныййарджытæй фарстатæ кæмæ сæвзæра, уыдон æнæмæнгдæр æрбацæуæнт нæ министрадмæ æмæ бынаты сæ фарстатæн райсдзысты дзуаппытæ, науæд та нæ министрадæн ис телеграм-канал æмæ уым дæр ис æххæст информаци», – загъта Ахуырад æмæ зонады министр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг абитуриенттæй «Россотрудничество»-йы квотæтæ райсын кæй фæнды, уыдон хъуамæ сæхи сфыссой 1-æм сентябрмæ Уæрæсейы Федерацийы цæрæн бынатæй.

Хуссар Ирыстоны абоны бон Иууон паддзахадон фæлварæнтæ ауадзынæн æмбæлон фадæттæ кæй нæй æмæ фарстыл Ахуырады министрады бындуронæй бакусын кæй хъæуы, уый тыххæй фехъусын кодта Лолаты Аслан. Цæмæй Хуссар Ирыстоны Иууон паддзахадон фæлварæнтæ райдайæм уадзын, уый тыххæй нын хъуамæ бар радтой Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министрадæй. Уыимæ иумæ ма ахæм æмвæзадыл фæлварæнтæ уадзынæн ис бæрæгбæлвырд техникон домындзинæдтæ æмæ уыдонмæ мах нырма цæттæ не стæм», – загъта министр. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ахуыры азы кæрон ацы фарсты фæдыл æруынаффæ кæндзыстæм нæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ уæд бæрæг уыдзæнис дарддæр куыд кæндзыстæм, уый.

Лолаты Аслан банысан кодта, зæгъгæ, куыд уый размæ азты, афтæ ацы аз дæр хуссарирыстойнаг абитуриенттæ Иууон паддзахадон фæлварæнтæ ратдзысты Цæгат Ирыстоны. Фæлварæнты хайад райсыны тыххæй, абитуриенттæ развæлгъау бахатыдысты Ахуырад æмæ зонады министрадмæ æмæ сын уый фæстæ бацæттæ кодтой сæ номхыгъд. Уыимæ иумæ сын баххуыс кодтой документтæ бацæттæ кæнынæн дæр.

Практикон æгъдауæй зыны нæ республикæйы скъолаты ноджы иу проблемон фарст. Лолаты Аслан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æндæр горæттæй рауагъдон кълæсты ахуыргæнинæгтæ æрцæуынц Хуссар Ирыстоны скъолатæм ахуыры азы æмбисы кæнæ кæройнаг мæйты æмæ уый растыл нæ нымайы.

«Алкæмæ дæр ацы фарст раст нæ фæкæсдзæнис, уæлдайдæр дзырд куы цæуа, зæгъгæ, ахуыргæнинаджы лимит райсыны тыххæй æркодтой æндæр горæтæй Хуссар Ирыстонмæ. Уый бынтон раст нæу æмæ ныр нæ министрад архайы, цæмæй ахуыры азы фæстаг семестрты ног ахуыргæнинæгтæ ист ма æрцæуой не скъолатæм», – банысан кодта министр.

Лолойы фырт бамбарын кодта, зæгъгæ, нæ республикæмæ Уæрæсейæ ахуырмæ æрцæуой, уый ныхмæ Ахуырады министрад нæу, фæлæ алцæмæн дæр ис фæтк æмæ-иу, зæгъгæ, æрцæуæнт ахуыры азы райдианы.

Коцты Еленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.