Уырыссаг центр Ленингоры

9-æм июны Ленингоры районы цытджын æгъдауæй байгом «Уырыссаг æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны центр».

Центр байгом кæныны инициатор у Армавиры паддзахадон педагогон университет. Уæрæсейы Федерацийы минæвар Хуссар Ирыстоны Мурат Кулахметов куыд загъта, афтæмæй центр бакæныны нысаниуæг у уырыссаг æвзаг хуыздæр сахуыр кæнын. «Цæмæй абон Ленингоры районы рæзгæ фæсивæд фылдæр чингуытæ кæсой уырыссаг æвзагыл. Ныртæккæ республикæйы фæсивæды зынгæ хай уæлдæр ахуырад райсынмæ ацæуынц Уæрæсейы Федерацимæ. Уым сæ къухы бафты стыр æнтыстытæ. Хуссар Ирыс-тоны иу ахæм адæймаг дæр ма хъуамæ уа, уыцы нымæцы Ленингоры районы уырыссаг æвзаг сахуыр кæныны фадат кæмæн ма уа. Ацы центр бакæныны сæйраг нысаниуæг дæр уый у», – дзырдта УФ-йы минæвар.

Хицауады Сæрдар Джусойты Константин раныхасы загъта: «Уырыссаг æвзаг хуыздæр сахуыр кæнгæйæ мах хуыздæр æмбардзыстæм Уæрæсейы адæмы культурæ æмæ традицитæ. Ленингоры районы цы адæм цæры, уыдон æмбарынц, размæ цæуын комкоммæ баст кæй у уырыссаг адæмимæ хæлардзинадимæ. Фидар бастдзинæдтæ саразгæйæ, культурæ æмæ ахуырады фадыджы нæ, фæлæ ма алы къабазы дæр мах нæ сывæллæттæн дæттæм фæндаг фидæнмæ. Ацы проект реализацигæнгæйæ, мæн ныфс ис, Ленингоры рæзгæ фæлтæрæн фадæттæ кæй фæзындзæн æндæр æфсымæрон паддзахадтимæ иудзинад аразынæн дæр. Æмæ уый та уыдзæн уырыссаг æвзаджы фæрцы».

Районы сæргълæууæг Гæджиты Иларион дæр нымайы, зæгъгæ, уырыссаг æвзагыл сабиты ахуыр кæнын хъæуы хæрзчысылæй. Уырыссаг æвзаг, дам, мадæлон æвзаджы æмрæнхъ æнæхъуаджы нæу нæ паддзахады официалон æвзагыл нымад. Æмбарæм, нæ сывæллæттæ уырыссаг æвзонг куы зоной, уæд сын кæй уыдзæн фадат иттæг хорз уæлдæр ахуырад райсынæн, куыд нæхи университеты, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр.  Уырыссаг æвзаджы руаджы мах систæм хæдбар паддзахад, арæзт нын æрцыд æмæ цæуы дарддæр дæр æппæт уавæртæ, уыдонæн кад кæнын хъæуы. Уымæ гæсгæ бузныг зæгъын, абон нæ фарсмæ чи ис, немæ иумæ нæ сывæллæтты сомбоныл чи тыхсы, немæ сфæлдыстадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ чи аразы, уыдонæн. Бузныг зæгъын ленингойрæгтæн дæр, мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй».

Ныхасы ма рацыдысты Ахуырады министры хæдивæг Галуанты Александр, «Россотрудничество»-йы сæргълæууæг Сергей Скворцов.

Казаны горæты  æхсæнадæмон форум «Формируя будущее»-йы уыдис уыцы бон Ахуырады министр Лолоты Аслан. Дистанцион формат «Телемост»-æй арфæйы ныхæстæ загътой мадзалы уадзыны рæстæджы УФ-йы Ахуырады министр Сергей Кравцов, Армавиры паддзахадон педагогон университеты ректор Евгений Нижник, афтæ ма нæхи министр Лолоты Аслан дæр.

«Уырыссаг æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны центр»-æн Ленингоры Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары хицæн æрцыд дыууæ хатæны. Армавиры университеты проректор Евгения Волобуевайы ныхæстæм гæсгæ уыдон бакуыстой фондз курсыл, кæцымæ гæсгæ скъолаты æмæ рæвдауæндæтты уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæн фæбæрзонддæр кæндзысты сæ квалификаци. Уымæй уæлдай ма сын уадздзысты дистанцион вебинартæ хицæн темæтыл. Сывæллæттæн та бацæттæ кодтой хъазæн программæтæ.

Евгения  Волобуева загъта, зæгъгæ, периодикон æгъдауæй Ленингормæ цæудзысты хицæн специалисттæ Армавиры университетæй. Уый ма загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны нымæцмæ гæсгæ дæсæм у, ахæм центртæ конд кæм æрцыд, уыдонæй. 2023 азы кæронмæ хицæн паддзахады нывæзтмæ гæсгæ конд æрцæудзæн 50 центры.

 

Фидар кæнынц Ксаны донбылтæ

Майы мæйы Ленингоры районы цы донивылдтытæ уыд, уыдоны фæстиуджытæ кæронмæ иуварс не ‘рцыдысты. Цæугæдон Ксаны былгæрæттæ фидар кæнынц. Коммуналон службæтæ ивынц донывæд. Районы администраци бацæттæ кодта мадзæлтты комплекс, цæмæй фидæны  ахæм донластытæй бахизой Ленингоры поселок æмæ былгæрон хъæутæ. Уыцы нывæзтмæ гæсгæ куыстытæ цæуынц, цадæггай, уымæн æмæ сæ фæстиат кæны техникæйы цухдзинад.

Цæрæнуатон-коммуналон кусджытæ уыцы иу рæстæджы кусынц, кувæндæттæм цы фæндæгтæ цæуы, уыдон алæгъз кæныныл дæр. Архайынц хъæутæм дон рауадзыныл. Цы зæронд суæрттæ басур сты, уыдон баиу кæнынц ногтæм, саразынц донæмбырдгæнæнтæ æмæ та дон хъæутæм дæр ацæуы.

 

Хъазæн фæз – сабитæн

Ленингоры районы стырдæр хъæуты æмрæнхъ ис Раздахæн. Хъæуы ис сабитæ, фæлæ сын ирхæфсæн бынæттæ нæ уыд. Ацы цæрæн пункты хъæууон администрацийы сæрдар Аулохты Таймураз бахатыд районы сæргълæууæгмæ, цæмæй сæххæст кæна сабитæ æмæ ныййарджыты бæллиц. Хъазæн фæз саразынæн хъæубæстæ бацæттæ кодтой бынат. Ныр ацы хъæуы дæр Гæджиты Иларионы фæрцы фæзынд хъеллаугæнæн. «Тынг бузныг стæм нæ районы разамонæгæй. Нырæй фæстæмæ нæ сывæллæттæн дæр уыдзæн, сæ рæстæг кæм æрвитой. Хъазæнтæ нырма цалдæр сты, фæлæ нын Гæджиты лæппу ныфс дæтты, кæй сæ фæфылдæр кæндзæнис», – зæгъы хъæуы цæрæг æвзонг сылгоймаг.

«Сабитæ – царды дидинджытæ, нæ  рæсугъд фидæн сты. Сæ рæзгæ бонтæ хъуамæ хъæлдзæгæй æрвитой. Горæттаг сабиты куыд хъæуы ирхæфсын, хъæуты цæрæг сабиты дæр – афтæ. Мæ зæрды ис æндæр хъæуты дæр ахæм чысыл хъазæн фæзтæ саразын. Раздахæны хъæуы цы хъеллаугæнæн сæвæрдтам, уым сабиты хъæлдзæгæй æмæ худгæйæ куы федтон, уæд мæхицæй амондджындæр никæй æнхъæлдтон», – загъта Гæджиты Иларион.

Ацы бонты ма хъæуы схæрзарæзт кодтой, адæм сæхæдæг суадоны дон кæцæй хæссынц, уыцы бынат дæр. Стæй ма бацархайдтой доны дебет фæфыл-дæр кæныныл дæр.

 

Ленингоры Ерыстау æлдæртты музей

Цыппаруæладзыгон бæстыхай, историон зонæнтæм гæсгæ арæзт æрцыд XVII æнусы æмæ уыд Ленингоры цæрæг Ерыстау æлдæртты хæдзар. Ныртæккæ ацы музей ис Культурæйы министрады дæлбар. Музей реставраци кæнын рагæй хъæуы. Йæ фæсчъылдым цы мæсыг ис, уымæн тæссаг у æркæлынæй. Бацаразинаг сты бахизæны мæсыг, асинтæ æмæ æмбонд дæр, фæлæ уæддæр Ленингоры музей уазджытæй цух никуы вæййы. Нæ кусæгон къорд дзы баййæфта Цхинвалы администрацийы кусджыты экскурси. Уыдонæй чидæртæ фыццаг хатт уыдысты Ерыстау æлдæртты музейы æмæ экспонаттæм кæсгæйæ сæ дисæн кæрон нæ уыд.

Музейы директор Чертхъоты Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй æрвылсезон дæр сæм æрбацæуы 1800-2000 уазæджы. Пандемийы агъоммæ сæм ноджы фылдæр адæм цыд суанг фæсарæнтæй дæр. Ныр дæр бынæттон турфирмæты уылты музеймæ дзæвгар адæм цæуы. Фыццаг уæладзыгыл уæвæг музейон экспонатты ‘хсæн ис уазнывтæ XVI-XVII æнусты дарæс æмæ мигæнæнтæ æлыгæй конд марды чырын уæздæттæн, рагон куырой, къоходзитæ, сырдты цæрмттæй конд бæрцуæттæ, дурынтæ, хъуыраутæ æмæ æндæртæ. Дыккаг уæладзыгыл рагзаманы æрмдзæф къаддæр зыны.  Ам та фылдæрбæрцæй ис рагон нывгæнджыты куыстытæ – уыдон цардысты Ленингоры районы.

Ерыстау æлдæртты хæдзар цалдæр азы размæ райста историон-бæстæзонæн музейы статус. Уый тыххæй ныр уый дæр бамбал вæййы æхсæнадæмон акци «Музейты æхсæв»-мæ. Музейы хæзнадоны ис æртæ мин экспонаты онг æмæ уыцы артефакттæ цæстыгагуыйау хъахъхъæны йæ директор Чертхъоты Залинæ.

Ленингоры районы сæргълæууæг Гæджиты Иларион æмæ культурæйы хайады сæргълæууæджы стырдæр бæллиц у, цæмæй музей реставраци æрцæуа йæ историон хуызы. Хъыгагæн, паддзахадмæ нырма ахæм фæрæзтæ нæй.

 

Æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау

Ленингоры районы самбист Гуцаты Дзамболат 9-æм июны ссис Дзауы поселочы уагъдцæуæг турниры уæлахиздзау. Ацы турнир уыд Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номарыны цытæн. Йæ организатортæ уыдысты Дзауы районы администрацийы спорт æмæ фæсивæды хайад. Ерысты хайад истой канд Хуссар Ирыстоны спортсментæ нæ, фæлæ Цæгат Ирыс-тоны самбисттæ дæр. Гуцаты Дзамболат у Ленингоры районы спортивон скъолайы хъомылгæнинаг. Архайдта 62 кг уæзы категорийы. Рингмæ рахызт æртæ хатты æмæ йæ ныхмæлæуджытæй алкæуыл дæр фæуæлахиз. Уымæй тынг барухс кодта Ленингоры районы цæрджыты зæрдæтæ.

Дзамболат самбойæ архайы æртыккаг аз, йæхи æвдисы куыд курдиатджын спортсмен.

УАЗÆГТЫ Марфæ

ДУДАЙТЫ Доннæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.