Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æрвылаз дæр æмбæлы бæстæйы районты цæрджытимæ. Уыцы фембæлдтыты рæстæджы дзырд цæуы, афæдзы дæргъы цы бантыст саразын æрмæст районы нæ, фæлæ æмткæй республикæйы цардарæзтады алы фадыджы – æддагон æмæ мидæггагон политикæйы æнтыстытыл, нæ бæстæ æмæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон æмархайды фæдыл Инвестпрограммæ куыд реализаци цæуы, хæстон архайдтыты рæстæджы æфхæрд цы хæдзæрттæ баййæфтой, уыдоны цадæггай арæзтады æнтыстытæ, культурæ, спорт, æхсæнады бирæ бæстонкæнинаг фарстатыл.

Бæстæйы сæргълæууæджы æрвылазон фембæлдтыты фæлгæтты ахæм традицион фембæлд æрæджы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цæрджытимæ. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Президенты пресс-службæ. Фембæлды хайад райстой Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олег, Парламенты депутат Хъотайты Димитр, Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан.

Мадзалы рæстæджы дзырд цыд ацы районы иумиаг проблемæтыл. Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр ацæугæ азæн фæстиуджытæ аразыны нысанæн уый æмбæлы республикæйы алы районты цæрджытимæ дæр. Уыцы фембæлдтыты рæстæджы æркæсынц сæвзæргæ фарстытæм, дзырд фæцæуы, цы проблемæтæ бæстон æрцыдысты æмæ ма æркæсын кæмæ хъæуы. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый у цæттæ æргом æмæ лæмбынæг дзуаппытæ скæна алкæй цымыдисгæнæг фарстæн дæр. Республикæйы алы районæн дæр сæйраг у фæндæгты уавæр, нуазыны донæй, электроэнергийæ ифтонгад æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæ. Знауыры районы ацы цардуагон фарстытæн сæ фылдæр бæстон æрцыдысты ацæугæ азы. Хатт къуылымпыдзинæдтæ æвзарынц нуазыны донæй ифтонг кæныны хъуыддаджы, уый сæйраг аххосаг у, бирæ æрдзон доны гуырæнты  климатон уавæртæ кæй фæивтой, уыимæ.

Фæндæгтæ

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хаххыл цалцæг æрцыдысты 45 километры дæрддзæгæн фæндæгтæ. Ацы куыстытæ ныртæккæ дарддæр уагъд цæуынц Хъорнисы хъæумæ.  Знауыры районон центры та æвæрд æрцыдысты донлæдæрсæнтæ.

Асфальт æвæрд æрцыд Аунеу-Мугутмæ фæндагыл, цалцæг æрцыдысты Зиулет æмæ Уелитмæ фæндæгтæ, ныртæккæ куыст цæуы Уистæйы хъæумæ хид аразыныл. Уымæй дарддæр ма план цæуы Принеуы хъæумæ фæндагыл асфальт сæвæрыныл.

Нуазыны донæй ифтонгад

Знауыры районы цæрæн пункттæ нуазыны донæй сифтонг кæныныл дæр æрцыд бæрæг куыст. Кæронмæ бахæццæ сты Гомарт-Уахтъанайы донæмбырдгæнæны цалцæггæнæн куыстытæ. Суадæттæ, Урсдур, Паткнет, Хундисубан, Уæллаг Окона, Ходабул, Терегуаны хъæуты дæр кæронмæ фесты донуадзæн хæххыты цалцæггæнæн куыстытæ.

Хъæууон хæдзарады рæзты фарстытæ

Æмткæй Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты фарстытыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, 2022-2025 азтæн экономикон рæзты программæмæ гæсгæ фылдæр хъусдард здæхт æрцæудзæн хъæууонхæдзарадон кондад рæзын кæнынмæ.

«Программæмæ гæсгæ æххуыс цæудзæн субсидитæ æмæ бæрæг хъуагдзинæдтæ баххæст кæнынæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ хъæууонхæдзарадон кондад æркæныныл цы фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн адæймæгтæ архайынц, уыдон æнкъарынц паддзахадæй максималон æххуыс. Ацы программæйыл мах бакуыстам иумæ Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министрадимæ иумæ. Æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ æххуыс кæнæм нæ хæууон хæдзарады фадыджы фæллойгæнджытæн», – банысан кодта Президент.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта уый дæр, æмæ амал кæй æрцыд бирæнымæц хъæууонхæдзарадон техникæ, цæй руаджы фæфылдæр сты куыстгонд зæххы фæзуæттæ. Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта, æрмæст Знауыры районы куыстгонд зæххы фадгуытæ кæй фæфылдæр сты 300 гектары бæрц.

Куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарст

Бибылты Анатоли æрдзырдта паддзахадон службæ-гæнджытæ æмæ бюджетон фадыджы кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Æз, зæгъгæ, мæ разы æрæвæрдтон ахæм хæс, æмæ Хуссар Ирыстоны куыстмыздтæ ма хъуамæ уой цæрыны минимумæй къаддæр, кæцыйы бæрц у 12 мин сомы бæрц. Æмæ уыцы нымæцæй къаддæр ныртæккæ иу техникон кусæг дæр æмæ иу бюджетон фадыджы кусæг дæр нæ исы. Бæстæйы сæргълæууæг хъусдард аздæхта уымæ, æмæ ахсджиаг кæй у, бынтон мæгуырау уавæрты чи цæры, уыцы адæмы рахицæн кæнын.

«Кæдфæнды дæр хъæуы ахæм къахдзæфтыл кусын, кæцытæ здæхт уыдзысты адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Уый комкоммæ хауы амалиуæггæнджытæм. Ацы фадыджы дæр куыстмыздтæ ма хъуамæ уой цæрæн минимумæй къаддæр.

Мæн фæнды, цæмæй нæ адæмы ныфс уа хорз сомбонæй», – банысан кодта Президент.Арæнгæрон цæрджыты проблемæтæ

Уæлдай хъусдард фембæлды здæхт æрцыд арæнгæрон территоритыл чи цæры, уыдоны проблемæтæм, сæрмагондæй та, Цънелисы хъæуы цæрджыты уавæрмæ.

Знауыры районы администрацийы раз-дæры сæргълæууæг Плиты Витали зæрдыл æрлæууын кодта, 2012 азы ацы хъæуы цæрджытæ бирæ хæттыты бæстæйы сæргълæууæджы номыл фыстой коллективон фыстæджытæ, цыран нысан цыд, гуырдзиаг æфсæддон службæгæнджытæ æнæфсæрмæй кæй цæуынц сæ хæдзæрттæм.

«Фыстæджытæ бæргæ фыстой, фæлæ дзуапп нæ истой. Зæгъæн ис афтæ, æмæ паддзахадон арæнтæ делимитацийы фæдыл къамис уæвынад кодта æрмæстдæр гæххæттыл. Æгæрыстæмæй, къамисы уæнгтæй бирæтæ зонгæ дæр нæ кодтой, йе сконды кæй сты, уый», – дзырдта ныхасгæнæг.

Фæстаг рæстæджы хуссарирыстойнаг æхсæнады цы популистон хъусынгæнинæгтæ зæлы, уыдон тыххæй Бибылты Анатоли бамбарын кодта, нæ политиктæй иуæй-иутæ кæй кой кæнынц, уыцы 1922 азы декретмæ гæсгæ, æгæрыстæмæй, гуырдзиаг хъæу Чорчана дæр Хуссар Ирыстоны территоримæ кæй хаудта. Æмæ уыцы-иу рæстæджы иуæй-иу ирон хъæутæ, уыцы декретмæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ ахауой Гуырдзыстоны территоримæ.

«Уыдон сты ахæм цæрæн пункттæ æмæ уыдонмæ æввахс территоритæ куыд: Гудзабар, Арцеу, Орчъосан. Фæлæ уыцы хъуыддагæн æруадзæн нæй.

Уый тыххæй арæзт æрцыдысты æмбæлон къамистæ, цæмæй бакусой æмæ сбæ-рæг кæной арæнтæ кæуылты цæуынц, уыцы ахсджиаг фарст», – банысан кодта Президент.

Æмбæстæгты химæрайст

Знауыры районы цæрджытимæ фембæлды фæстæ Бибылты Анатоли ауагъта районы æмбæстæгты химæрайст. Æмбæстæгты фылдæр цымыдис кодта цæрæнуатон фарст. Знауыры районы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Джусойты Феня Президентæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ куыстмæ цæуы дæрддаг хъæуæй, уымæн æмæ райцентры йæ хæдзары хъæуы капиталон цалцæг кæнын. Районы иннæ цæрæг Шауердаты Эммæ та бирæ азты дæргъы цæры вагоны. Йæ хæдзары арæзтад бакæронмæ кæнынæн та йын нæй фадат дæр æмæ фæрæзтæ дæр. Бибылты Анатоли бакодта æмбæлон хæстæ, цæмæй йын æххуыс æрцæуа хæдзар арæзтадæн.

Ахæм æнгæс проблемæимæ Президентмæ бахатыд Цхуырбаты Ульянæ дæр. Уый æххуырст хæдзары йæ бинонтимæ цæры горæт Цхинвалы, кусгæ та кæны Знауыры районы хъæууон скъолайы. Цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн лæууы рады горæты администрацийы хыгъды. Знауыры районы йæ цардæмбал аразы хæдзар æмæ сæм æххуысы къух куы фæдарит хицауад, уæд хыгъдæй дæр сæхи сисиккой æмæ районмæ цæрынмæ рацæуиккой. Бибылты Анатоли банысан кодта, цæттæ кæй у баххуыс кæнынмæ, кæд æмæ горæты администрацийы радæй ист æрцæуа, уæд.  Цхуырбаты чызг æхсызгонæй сразы уыцы хъуыдыйыл. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта районы адми-нистрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олегæн дæр йæ бæрнон куысты тыххæй. Уый, зæгъгæ, стыр хъусдард здахы районы цæрджыты проблемæтæм, зыны цы егъау куыст кæны районы цæрджыты хæрзæбонæн, уый дæр.

«Уахтъанайы хъæу æххæстбæрцæй ифтонг никуы уыд нуазыны донæй. Ныртæккæ уым арæзт æрцыд капиталон донæмбырдгæнæн. Ныр цæрджыты ныфс бацыд, æмæ иннæты æмрæнхъ ацы проблемæ дæр бæстон кæй æрцæудзæн», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæджы фембæлдтытæ дарддæр кæнынц. Уымæй районты хъæуты цæрджытæн фадат ис, сæ цардуагон проблемæтæ рæгъмæ рахæссынæн, æнтыстытæ æмæ дарддæры плæнттыл уынаффæ кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.