Хуссарирыстойнаг боксер Гæбæраты Алим ссис 13-14-аздзыд боксерты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Чеховы.  Алим 90 кг уæзы категорийы архайгæйæ акодта цыппар тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Финалы рамбылдта Хакасийы минæвары.

«Ивгъуыд аз мын мæ къухы травмæйы аххосæй нæ бантыст Уæрæсейы чемпионат рамбулын. Ныр рамбылдтон. Тренер дæр райгондæй баззад. Ныр та мæ бæллиц у Европæйы чемпионат рамбулын», – банысан кодта Гæбæраты Алим.

Алимы тренер уыд Тедеты Александр. Уый цæрынхъуагæй йæ цардæй ахицæн ивгъуыд азы. Ныр та йæ цæттæ кæны тренер Коцты Вадим.

Чеховы ма ирон боксертæй фыццаг бынæттæ бацахстой Цебойты Аврам (40 кг) æмæ Кучиты Заринæ (48 кг).

 

***

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир боксæй. Хайад дзы райстой 90 æвзонг боксеры бæрц, куыд Цхинвалæй, афтæ Дменис, Дзау æмæ Къуайсайæ. Турнир уагъд цыд дыууæ боны дæргъы.

«Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан нын бахæс кодта ацы ерыстæ ауадзын. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ сбæрæг кæндзыстæм иууыл цæттæдæр боксерты, кæцытæ нæ республикæйы спортивон кад хъахъхъæндзысты уæрæсейаг ерысты», – фехъусын кодта РХИ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Дзигойты Ацæмæз.

Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кодтой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан æмæ йæ хæдивæг Гасситы Сослан.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Æрæджы Кæсæг-Балхъары уагъд æрцыд Цæгат Кавказы Федералон зылды кубок рамбулыны фэдыл ерыстæ стъолы теннисæй. Уым фыццаг хатт хайад райста Хуссар Ирыстоны командæ. Ерысты æртæ æвзист майданы рамбылдта Елбачиты Иринæ. Хорз ма сæхи равдыстой Кокойты Амандæ æмæ Майя Касрадзе. Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан куыд фехъусын кодта, афтæмæй дыккаг финалы дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой Тедеты Алинæ æмæ Джиголаты Аланæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.