Гуфтайы хъæуæй горæт Къуайсамæ автомобилон фæндагыл рæстæгмæ цæуæн нæ уыдзæн, фæндагон куыстытæ дзы æххæст кæй цæуынц, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.
«1-æм августæй 3-æм августмæ 9 сахатæй 18 сахаты онг урæд æрцæудзæн Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндагыл змæлд фæндагон-цалцæггæнæн куыстытæ дзы кæй цæуынц, уымæ гæсгæ», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.
Уæлвæткон уавæрты министрады æрсидтысты шофыртæм, цæмæй рагацау сплан кæной сæ балцытæ.