20-26 майы Бакуйы уагъд цæудзæн, 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайдзысты Гобайты Артем (57 кг), Багаты Арслан (86 кг) æмæ Дзæгъиаты Сослан (97 кг).
Ерысты ма Азербайджаны командæйы сконды архайдзæн Джиоты Арсен (86 кг). Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ цхинвайлæгтæ Багаты Арсен æмæ Дзæгъиаты Сослан кæй сты тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ.
ХУРИТЫ Батрадз