Мæнмæ гæсгæ адæймагæн йæ хъысмæт йæ ныхыл фыст не ‘рцæуы, æмæ уымæ гæсгæ не сты раст, афтæ чи зæгъы, лæгмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уымæй йын ирвæзæн нæй, зæгъгæ. Фылдæр хатт адæймагæн йæ хъысмæт йæхицæй аразгæ вæййы, йæхæдæг равзары йæ цардвæндаг, кæд æй фæзоны фыдæбонæн ын уыдзæн, уæддæр.   Уæдæ æппæтдæр лæгдзинадæй кæнгæ у. Уыцы иугъуызон фадæтты адæмтæ сæхи равдисынц алыгъуызон, афтæмæй раргом вæййы, кæмæн сæ цавæр удыхъæд ис, уый.  Мæ ныхасы сæр у, хорз кæй зонын, йæ уæззау хæстон цардвæндаг кæмæн уыдтон, уыцы ирон лæг,  Дзигойты Аланы тыххæй.

Алан райгуырд 1960 азы горæт Цхинвалы. Каст фæци 5 астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæм фæсидтысты Сырх Ӕфсады рæнхъытæм.

Ӕнцæнттæй нæ уыд æмæ нæу йæ цардвæндаг, æмæ цымæ гæнæн уыдис æмæ æндæргъуызон рауадаид йæ хъысмæт? Чизоны. Ӕрмæст уæд цæуылдæрты хъуамæ йæ къух систаид: дзырд, сæйраджыдæр, цæуы лæджы намысыл.  Ӕмæ уæд йæ фæндаг нæ ахæццæ уыдаид суанг Афганистаны онг дæр – хæсты цæхæрмæ. Ӕмæ дард Афгайнаг зæххыл цы ирон туг ныккалд, уым сты Аланы туджы æртæхтæ дæр. Уæддæр йæ хæстон фæндаг нæ ныу-уагъта, æмæ йæ цæфтæ куы байгас сты, уæд та йæ хæстон æмгæртты фарсмæ ногæй слæууыд, райста цалдæр хицауадон хорзæхы дæр, сæ иу “За отвагу”… . Фæлæ йын къаддæр зынаргъ нæ уыд йæ хæстон æмгæртты хорзæх, уыдон æууæнк. Искæй зæххыл тохмæ цæуын зын у, цæуыс куырмæджы, нæ зоныс æмæ нæ уыныс кæцы къæйдуры фæстæйæ, кæцы зæххы скъуыдæй дæм ракæсдзæн мæлæт. Ахæм уæззау уавæрты цыдысты сæ риуы æмбæрц нæ цардбæллон хæстон фæсивæд Афганы зæххыл. Цал æмæ цал сау фыстæджы райстой ирон ныййарджытæ,  цас уæззау цæссыгтæ фæкалдтой ирон мадæлтæ сæ хъæбултыл. Ау, ирон зæхх хъахъхъæдтой æмæ мыййаг… Фæлæ ирон мад æмæ фы-дæй гуырд лæппу йæ сæрмæ уый никуы хаста, йæ фыдæлты кад иннæ адæмты ‘хсæн сæгад кæна. Кæцæй йæ зыдта уæд Алан, æмæ Ирыстоны зæххыл дæр кæддæр ахæм уæззау бонтæ скæндзæн.  Ӕмæ йæ, æвæццæгæн, йæ хъысмæт æнæхъуаджы нæ баппæрста хæсты цырынмæ.

Рæстæг цыд, æмæ кæй зæгъынæй хъæуы, йæ хæс-тон службæ дæр фæцис Аланæн æмæ сæрæгасæй æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæм. Йæ цард аразыныл ныллæуыд.

Уалынмæ Ирыстоны сæрмæ саудар мигътæ тымбыл кæнын райдыдтой. Чи уыд, æнхъæл æмæ гуырдзыйы фæтæг Гамсахурдиа Тбилисы митингтæ кæндзæн æмæ тугдыппыр сырхсырхид цæстытимæ ирон адæммæ æртхъирæнтæ кæндзæн.  Ӕмæ нæм Джиуæргуыбаты боны залиаг калмау æрбалæст сындæггай,  Згъудеры дзуары бын йæ сæр æрæвæрдта. Стыр тыхы сæр бахъуыд ирон адæмы. Уый Афгайнаг зæхх нал уыд , уый уыд Райгуырæн бæстæ, райгуырæн зæхх. Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт, дзырдтой кæрæдзийæн нæ фæсивæд.

Аланы ацы хæст æрæййæфта Мæскуыйы, йæ бон уыд йæхи ницы зонæг, ницы фенæг скодтаид, йæхи æнæвдæлонæй равдыстаид, фæлæ дзырд лæджы намысыл кæм цæуы, уым Аланæн иу сахат дæр фæстæ фæлæууæн нæ уыд. Йæ райгуырæн Ирыстоны тыхст уавæр зонгæйæ, æвæстиатæй фæдисы цыдæй æрхæццæ. Уайтагъддæр йæхи Коцты Грийы хæстон къорды ныффыста æмæ райдыдтой йæ æгъуыссæг удхайраг æхсæвтæ æмæ бонтæ, къæвда æмæ хур, уазал æмæ тымыгъ не ̀взаргæйæ. Йæ удæн тас у,  уый йæм нымады дæр никуы уыд. Афганистаны хæстон фæлтæрддзинад æй ам уæлдæф æмæ донау бахъуыд. Автоматæй суанг уæззау хæцæнгарзы онг ын амонын ницы хъуыд, гуырдзиаг тугмондаг сырдтæн Ирыстоны кæцы фæнды къуымы дæр Знауыры районы уа, Тамарашены æви Присы, алы ран дæр аккаг дзуапп лæвæрдта.

Иу ахæм хабар уыд 1991 азы, сæрды мæйты. Ирон хъæу Балтайæ Знауыры ‘хсæн фæндагыл гуырдзиæгтæ амардтой зæронд лæг, зæронд ус æмæ æрыгон лæппуйы. Фæдис æрхæццæ Чъребамæ. Хъæу бахъахъхъæнын хæсгонд æрцыд Коцты Грийы къордæн. Уыдон фынддæс лæппуйæ æхсæвыгон араст сты Балтамæ. Алан куыд дзуры, уымæ гæсгæ бонырдæм ныххæццæ сты, æмæ æрбадтысты хъæуы хæдзæртты. Куы рбабон ис,  уæд сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, хъæуы кæрон æрлæууыдысты БТР-тæ. Уыцы афон гуырдзиаг вертолет хъæуы сæрмæ зилдух систа, хæдзæрттæм-иу хæрз ныллæг æрцыд,  нæмыг æхсгæ, – фæндыдис сæ, хъæуы исты ныхмæлæууæг тыхтæ ис, уый базонын. Сихорафæттæм хæст бацайдагъ, æнæуый дæр æнтæф бон, æмæ ма йæм хæсты арт дæр бафтыдис, цæхæр калдтой автоматæй, пулеметæй.  Стыхстысты кæй зæгъын æй хъæуы, афтид автомат æмæ пулеметæй вертолет куыд фехсдзынæ, гранатæхсæн дæр сæм бæргæ уыд, фæлæ чи фехса, уый нæ уыд. Уæд Аланы бахъуыд сæр, кæддæр дард, Афганистаны зæххыл æхста ацы мигæнæнæй, уыд æм фæлтæрддзинад. Ӕрбадт йæ фарсмæ, æмæ дзы иу æхст фæкодта. Уалынмæ вертолеты сау фæздæг скалд. Йæхи ма аппæрста гуырдзиаг хъæу Калеты ̀’рдæм, фæлæ йæм хæццæ дæр нал бацис, æрхауд. Гуырдзиаг БТР-тæ дæр сæ хуыцауы цæф базыдтой æмæ сæхи хъæуæй айстой. Иуцасдæр рæстæг гуырдзиаг тугмондаг лæгсырдæ æввахс нал бацыдысты ацы хъæумæ.

Иннæ хабар афтæ уыд æмæ иу рæстæджы Алан цалдæр бон нал зынд, йæ агурыныл схæцыдысты йæ бинонтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæстон æмбæлттæм ын адзырдтой фæлæ йын уыдон дæр ницы зыдтой. Уый фæстæ разынд Знауыры хæстонтимæ.

Уыцы уæззау бонты Алан стонг æмæ æгъуыссæгæй йæхи хуызæн дæр нал уыд. Иу гыццыл дæ цæстытæ хуыссæгæй фæсай, æмæ та де ‘фсæддон хæс æххæст кæнынмæ тындзгæ. Уыцы хæс æххæст кæнын та алыхатт æнтыстытимæ баст нæ уыд. Бахъуыдис-иу æй йæ цæф æмбæлтты хæсты быдырæй, йæ фарсыл быргæйæ, æккой хæссын дæр. Цалдæ-рæн та дзы загъта æнусмæ хæрзбон, уыдонимæ, Афганистаны дæр фæрсæй-фæрстæм кæимæ хæцыд, Балтайы хæстон операци дæр кæимæ ахицæн кодта, уый Джиоты Вадик (Басмач) дæр. Присы хæст уымæн уыд фæстаг…

Фæстæ та нæ фæлæууыд Алан 2008 азы дæр. Арты сыгъд, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы Ирыстон, йæ фыдызæхх.  Гуырдзы Ирыстоныл арт бафтыдтой, сыгъдæг фæз аразынмæ дзы хъавыдысты, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Хæстæг-хионæй цæрæнбонтæм рох никуы уыдзысты Райгуырæн Ирыстон бахъахъхъæныны тыххæй риуæмбæрц чи цыдис, уыцы хъæбатыр фæсивæд. Рацæудзæн бирæ азтæ, фæлæ ацы æнæмсæр хæсты хъæдгæмттæ никуы байгас уыдзысты ирон адæмы зæрдæты.

Абон нæ сæр ныллæг къул кæнæм Алан æмæ уый хуызæн хæдæфсарм, намысджын лæппуты раз, уыдон бахъахъхъæдтой Ирыстоны хæдбардзинад сæ тугæй, сæ царды аргъæй, æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дзы бафсæдой цæрынæй, сæ хъæбултæ, сæ уарзон адæмимæ.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.