7-æм апрелы 175 азы сæххæст уыдаид зындгонд уырыссаг ахуыргонд, лингвист, фольклорист, этнограф æмæ археолог Всеволод Федоры фырт Миллерыл (1848-1913).

Миллер райгуырдис Мæскуыйы уæздан мад æмæ фыды хæдзары. Йæ фыд уыдис хъуыстгонд уырыссаг поэт æмæ тæлмацгæнæг. Йæ мад та – дæсны музыкант. Всеволод хъомыл кодта уырыссаг интеллигенцийы æхсæн, алы улæфт бонты дæр сæ хæдзары æмбырд кодтой фысджытæ, музыканттæ, артисттæ. Афтæмæй Всеволод дæр ссис арæхстджын музыкант. Ахуырмæ дæр тынг зæрдæргъæвд уыд æмæ йæ йæ ныййарджытæ радтой Мæскуыйы хъуыстгонд скъола – Экнесы пансионмæ. Ам ахуыргæнгæйæ, уый хорз базыдта, англисаг, немыцаг, францаг æмæ италиаг æвзæгтæ. 1865 азы Миллер  бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы университеты историон-филологон факультетмæ. Ам райста арф зонындзинæдтæ истори, этнографи, археологийæ. Сахуыр кодта санскрит, латинаг, рагон бердзенаг æмæ рагон ирайнаг æвзæгтæ. 1870 азы Всеволод æнтыстджынæй каст фæцис университет æмæ йæ ныууагътой профессоры бынатмæ бацæттæ кæнынмæ абаргæ грамматикæ æмæ санскриты кафедрæйы. 1874 азы æрыгон ахуыргонды Мæскуыйы университет арвыстой Германмæ, цæмæй йæ зонындзинæдтæ фæуæлдæр кодтаид санскриты æмæ рагон хурскæсæйнаг адæмты историйæ. Фæстæмæ Мæскуымæ æрæздæхт 1876 азы æмæ уæд ныммыхуыр кодта йæ зонадон куыст «Очерки арийской мифологии. Асвины-Диоскуры», зæгъгæ. Миллер кусын райдыдта университеты, 1844 азæй та ссис профессор.

Всеволод Миллер уыд ахæм куырыхон лæг, кæцы йæхи снывонд кодта адæмы цард фæнывылдæр кæныныл. Уый ирон адæмæн стыр лæггæдтæ бакодта – зонадон æгъдауæй ныффидар кодта немыцаг ахуыргонд Карл Мюлленгорфы хъуыды ирон адæм скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæй кæй рацыдысты, уый. Йæхæдæг, зæгъгæ, куы федта ирон адæмы цардуаг, куы фехъуыста кадæггæнджытæй Нарты таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, уæд тынг фæдис кодта: куыд баззадысты ирон адæммæ рагон скифты царды миниуджытæ. Æмæ уæд ирæтты тыххæй фыста, Европæйы цы журналтæ цыд, уыдонмæ. Афтæ базонын кодта чысылнымæц ирон адæмы тыххæй дунейæн. Миллер ба-уарзта ирон адæмы æмæ суанг йæ амæлæты онг нæ ныууагъта нæ адæмы истори, этнографи, фольклор æмæ æвзаг иртасыны куыст. Уый æхсæз хатты æрцыдисф Ирыстонмæ, æрæм-бырд-иу кодта ирон адæмы тыххæй цыд-æриддæр фыст уыдис, уыдон. Фыццаг хатт Миллер Ирыстонмæ фæуазæг ис 1879 азы сæрды æмæ йе рцыды тыххæй ныффыста фæндаггон очерк «В горах Осетии»-йы, кæцы мыхуыргонд æрцыд фæстæдæр журнал «Русская мысль»-ы. Уым дзырд цыдис Ирыстонмæ ирон æвзаджы диалекттæ сахуыр кæнынмæ кæй æрцыд, афтæ ма фольклорон æрмæг ныффыссынмæ дæр. Афæдзмæ ирон æмæ дыгурон æвзæгтæ афтæ базыдта æмæ йæ дзургæ-дзурын ничи равзæрстаид. Миллер Ирыстонмæ куы ‘рцыдис, уæд бацыд Уæлладжыры коммæ, хъуыста адæмы ныхасмæ, бирæ базыдта ирон æгъдæуттæй. Уæлдай диссаг æм фæкастысты ирон кад, кæстæртæ хистæртимæ сæхи куыд дардтой, уый. Кæстæртæй никæй федта нуазгæ, тамако дымгæ, хъæрæй дзургæ, афтæ лæггад кодтой се гъдауæн. Йæ зæр-дæмæ тынг фæцыдис, ирон адæм кæрæдзимæ «ды» æмæ номæй кæй дзырдтой, уый. Нæлгоймæгтæ сылгоймæгтæн уæлдай кад кæй кодтой, уый дæр æнæрахатгæ нæ фæцис. Сылгоймаг дон æрцæйхаста, æмæ йæ фæндаг кодта, лæгтæ кæм бадтысты, ууылты. Сылгоймаджы ауынгæйæ, нæлгоймæг-тæ фестадысты æмæ лæууыдысты цалынмæ сылгоймаг адардис, уæдмæ. Ацы æгъдау Миллер зыдта рагон сæрмæттаг æгъдауæй æмæ тынг йæ зæрдæмæ фæцыд.

Миллер Здыджы æфцæгыл бацыд Дыгургоммæ дæр æмæ базонгæ адæмы цардуагимæ. Фæндæгтыл зонгæ кодта ирон кувæндæттимæ, федта Нузалы рагон аргъуан æмæ Мæскуымæ йемæ аласта дзæвгар æрмæг. Йæ дыккаг балц Ирыстонмæ уыдис 1880 азы. 1881 азы Тбилисы цыдис археологты съезд æмæ дзы Всеволод бакаст стыр доклад ирон адæмы истори, археологи, этнографии, фольклор æмæ ирон æвзаджы тыххæй. Уæд ахуыргæндтæн радзырдта, ирон адæмы царды æууæлтæ хуыздæр ба-зоныны тыххæй комплексон программæ кæй хъæуы саразын, уый тыххæй. Ми-ллеры хъуыдымæ гæсгæ ирон æвзагæн стыр ахадæн ис зонады, рагон скифты сæрмæтты æмæ аланты фæдон кæй у, уый тыххæй.

Миллер Кавказмæ цыппæрæм балц ракодта 1885 азы, йемæ рахуыдта зынгæ ахуыргонд Максим Ковалевскийы дæр æмæ бирæ фæзылдысты Ирыстоны хъæуты, Балхъары, Кæсæджы æмæ æндæр рæтты. Хæххон уæззау уавæрты Миллер иртæста ирон адæмы цард, фольклор, фæлæ йæ хъуыддаг афтæ уарзта æмæ уыдон ницæмæ дардта. Ирон адæмы тыххæй йæ уацтæ мыхуыр цыдысты Уæрæсейы æмæ фæсарæнты журнæлтты æмæ æмбырдгæндты. Ным-мыхуыр кодта цалдæр чиныджы дæр. Йæ фæллæйтты хсæн ахсджиаг бынат ахсы «Осетинские этюды», кæцымæ хаст æрцыдысты нарты кадджытæ иро-нау æмæ дыгуронау, афтæ ма аргъæут-тæ æмæ фольклорон тексттæ, стæй йæхи фыст ирон æвзаджы историон грамматикæ. Ацы чиныджы тыххæй  1911 азы æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Академийы академикæй.

Бирæ фæллæйттæ ныммыхуыр кодта Миллер, фæлæ ма йæ зæрдиагæй фæндыд ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат саразын дæр. Æрæвнæлдта йæ аразынмæ, фæлæ йæ къухы нал баф-тыд уыцы фæнд кæронмæ ахæццæ кæнын – фæзиан 1913 азы.(8 мин ирон дзырды æмæ дзырдбасты ныууагъта, фæлæ фаг нæ уыдысты дзырдуатæн).

Всеволод Миллеры чи зыдта, уыдон ныхæстæм гæсгæ йæ хæдзары дыуæрт-тæ кæддæриддæр гом уыдысты ирон лæгæн. Уый уарзта ирон фынджы æгъ-дæуттæ, ирон уæзбын ныхас æмæ ирон адæмы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.