Гуырджибеты Бласкæйы райгуырдыл æххæст кæны 155 азы

 

«Къоста æмæ Секъайы рæстæджы

ирон дзырдаивадыл зæрдиагæй

чи куыста, уыдонæй иу уыдис сæ

кæстæр æмбал Гуырджибеты  Бласкæ».

                                                                                                   Нафи 

Гуырджибеты Бласкæ ирон литературæйы историйы зынгæ бынат æрцахста. Уый уыдис Къоста æмæ Секъайы фæдонтæй. Къоста ирон литературæйы мæсыг куы амадта, уæд йæ зиууæттæй иу уыдис Бласкæ.

Бласкæ у ирон литературæмæ фыццаг хатт дыгурон диалектыл фыст уацмыстæ чи æрбахаста, ахæм поэт æмæ куырыхон драматург.

Уыдæттимæ иумæ, Бласкæ уарзта æфсæддон куыст, æфсæддон службæ. Уый, æвæццæгæн, уымæн афтæ уыд, æмæ йæ фыд Майрæмсау дæр афицер кæй уыд, фыды дæсныйад та зæнæг арæх бауарзынц.

Гуырджибеты Майрæмсауы фырт Бласкæ райгуырдис 1868 азы марты мæйы Мæздæджы зылды Ново-Осетинскаяйы станицæмæ æввахс, Мусы хъæуы. Йæ райгуырды бæлвырдгæнæн гæххæтты та фыст у Власий Иваны фырт.

Мусы æмæ иннæ хъæутæн дæр ис сæхи истори. XIX æнусы райдианы хæххон дыгурон хъæутæй бирæтæ ралыгъд Мæздæджы зылдмæ, сиу сты хъазахъхъаг станицæтимæ æмæ фыдæй-фыртмæ уыдонимæ райдыдтой æфсæддон службæ. Æцæг ирон цардуагыл – æвзаг æмæ æгъдæуттыл сæ къух никуы систой.

Фыды ‘рдыгæй Бласкæ раджы баззад сидзæрæй æмæ зæнæгыл фыдæбон æрхауд сæ мад Гузæмæ. Æрмæджытæ куыд дзурынц, афтæмæй Бласкæйы фыд Майрæмсаумæ уыдис ахуырдзинад, стыр кад ын кодтой æфсæддон службæйы.

Мад архайдта йæ зæнæгæн цардмæ фæндаг радтыныл, сæ сомбон цæмæй рæсугъд уа, ууыл. Фæлæ хæдзары хъуагдзинæдтæ зæрдæйы фаг фæндиæгтæ кæм лæвæрдтой мадæн дæр æмæ зæнæгæн дæр.

Æвзонг Бласкæ тырныдта ахуырмæ. Фыццаг ахуыр кодта Павлодольскæйы станицæйы райдиан скъолайы, уый фæстæ Стъараполы гимназы. Кæронмæ гимназы бакæсын ын нæ бантыст, хæдзарвæндаджы мæгуырдзинады аххосæй.

Январы мæйы, 1886 азы Бласкæ йæхи фæндонмæ гæсгæ бацыд æфсæддон службæмæ, Хъызлары Гребенскойы фыццæгæм полкмæ.

Бласкæ æфсæддон службæйыл æнувыд уыд, бирæ йæ уарзта æмæ 1893 азы сæххæст йæ бæллиц, каст фæцис æфсæддон скъола. Лæвæрд ын æрцыд хъа-захъхъаг æфсады афицеры чин, уæд æй хуыдтой подхорунжийы чин. Бласкæ уæд фенувыддæр йæ службæйыл, куыста Сунжæйы фыццæгæм полчы. Йе ‘нувыд куыстыл дзурæг сты мæнæ ацы хабæрттæ: 1900 азты йын лæвæрд æрцыд сотничы чин, 1904 азы та ссис подъесаул.

1904 азы Бласкæ бархийæ ацыд Японы хæстмæ æмæ уым Япойнæгты фидар исгæйæ, Санвайцзийы хъæбатырæй фæмард. Уый уыдис 1905 азы, 37-аздзыдæй, йæ лæджы ранмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд.

Уыцы хæсты бирæ ирæттæ бабын, уыцы хæсты бирæ ирæттæ фесгуыхтис, уыцы нымæцы инæлартæ Борыхъуаты Алыксандр, Фидараты Афæхъо, Хоранты Созырыхъо æмæ подъесаул Гуырджибеты Бласкæ, кæд дзы йæ мард ласгæ фæцис, уæддæр.

Бласкæйы бирæ уарзтой йæ хæстон æмбæлттæ, тынг фæмаст кодтой йæ байсæфтыл, дзæвгар цæссыг фæкалдтой йæ мардыл, кад дæр ын стыр скодтой, сарæзтой йын цинк чырын, сластой йæ йæ райгуырæн хъæумæ æмæ йæ цытимæ бавæрдтой йæ фыды фарсмæ.

Йæ полчы командир зианджын бинонтæм æрбарвыста ахæм тел: «При штурме позиций японцев пал смертью храбрых истинный герой, подъесаул Гурджибеков». Уыцы тел мыхуыр æрцыд газет «Терские ведомости»-йы 1905 азы.

1906 азы, Бласкæйы амæлæтыл иу афæдз куы сæххæст, уæд йæ ингæны уæлхъус æрæмбырд сты Мусыхъæуы цæрджытæ, Бласкæйы хæстæджытæ, йæ хæстон æмбæлттæ, бирæ афицертæ. Уыдон ногæй дзырдтой Бласкæйы уды-гъæд æмæ лæгдзинæдтыл, уыцы сау-дарæн боны фæцис Всеволод Миллер дæр. Уæд газет «Терские ведомости» ныммыхуыр кодта Баратовы (Бласкæйы хистæр) æрмæг ахæм номимæ: «Памяти подъесаула Власия Ивановича Гурджибекова», цыран фыста: «Показывая пример беззаветной отваги вскакивает, бросается вперед и увлекает за собой не только наших казаков, но и смешавшихся с ними в цепи драгун и охотников-стрелков. И вот в ту самую минуту, когда победа так близка уже, всего в нескольких десятках шагов от японского окопа, ты пал сражен-ный пулею в живот, дорогой и славный наш товарищ».

Гуырджибеты Бласкæ йæ адæмæн иууыл зынаргъдæр у куыд поэт æмæ драматург, национ культурæйы рæзты фæндагæн аккаг æххуысгæнæг.

Бласкæ йе сфæлдыстадон куыст райдыдта XIX æнусы 90 азты. Йæ уацмысты æмбырдгæндтæ хицæн чингуытæй мыхуыры рацыдысты 1902-1903 азты.

1902 азы йын цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд, уый схуыдта «Дигорон уаджимистæ». 1903 азы йын мыхуыры рацыдысты йæ кадæг «Сахи рæсугъд» æмæ комеди «Æдули».

Бласкæ цардис Ирыстоны дзыллæ иууыл уæззаудæр уавæрты куы цардысты, уæд. Уыдта, куыд тыхджын кодта буржуази, мулк, фæллой сæ къæхты бын ссæстой феодалон дуджы уæздандзинæдты, æхца æппæты хурхыл хæцын байдыдта, кæддæры уæздæттæ сæ сæр къул кæнын байдыдтой мулчы раз.

Бласкæйы сфæлдыстадон бынтæ бирæ ахсджиаг фарстытыл дзурынц. Уынæм сæ адæмы бæллицтæ, сæ сагъæстæ, сылгоймаджы æбардзинад, ирæды егъау тых, иунæджы дардыл сагъæстæ.

Йе ‘мдзæвгæтæ цалынмæ мыхуыры нæ рацыдысты, уæдмæ дæр сæ Мусыхъæуы дæр æмæ Дыгургомы дæр зыдтой æнæкæсгæйæ, цыдысты дзыхæй-дзыхмæ.

Бласкæйæн дæр Къостайы «Ирон фæндыр» уыдис йæ ахуыргæнæг, егъау аргъ кодта Къостайæн.

Лæгæй-лæгмæ зонгæ уыдысты æви нæ, уый зæгъын мæ бон нæу. Бæлвырд у иу хъуыддаг; 1889 азы М.Ю.Лермонтовы райгуырдыл 75 азы куы сæххæст, уæд ын сахар Пятигорскы арæзт æрцыд цырт. Уыцы кадджын митингы Ирыстоны дзыллæйы номæй ныхас кодта Къоста, бакаст дзы йе ‘мдзæвгæ «М.Ю.Лермонтовы цырты раз». Уыцы митингы фæцис Бласкæ дæр, уым федта Къостайы, уым ын фехъуыста йæ хъæлæс.

1899 азы, Къостайæн дыккаг хатт тæрхон куы æрцыд, куы йæ фервыстой Херсонмæ, уæд Бласкæ зæрдæрисгæйæ ныффыста йе ‘мдзæвгæ «Къоста», цыран зæгъы:

 

 «Чи дæ нæ рымысдзæн кадæн,

Чи дын нæ ратдзæн æгъдау?

 Науæд кæмæй зонынц адæм

 Арфæйы ныхас дæуау!

 Чи уыди хъуаг цырагъæй,

 Уый мæт дын разынд зынаргъ.

 Рогæн фæхастай дæ рагъыл

 Адæмы стыр мæты уаргъ».

 

Бласкæ хорз æмбæрста, чи уыд Къоста ирон адæмæн. Æмбæрста, кæй уыд сæрбос, сæ сæрыл хæцæг, сæ фидауц, арфæйаг адæймаг æмæ йын арфæ кæны Бласкæ дæр:

 

«Дардæй ма уайыс нæ цæстыл,

 Дардæй дæм хъусæг стæм.

 Арфæйаг баком нæ бæстæй

 Бузныджы ныхас мыздæн!».

 

Бласкæйы сфæлдыстады аккаг бынат ахсы йæ кадæг «Сахы рæсугъд», кæцы фыст æрцыд 1898 азы. Кадæджы сюжет ист у адæмон сфæлдыстадæй.

Сæйраг фарст кадæджы у, сæрибардзинад, уарзондзинад, тох цагъардзинады ныхмæ.

Кадæджы сæйраг хъайтартæ сты дыууæ уарзæгой уды – Сæниат æмæ Батрадз. Сæ цард баиу кæной, уый фадат сын нæй, уымæн æмæ Сæниат хæсджын у дæлзæххы цæрæг Æвдеуæй. Батрадз фæцыд Æвдеумæ, амардта йæ, суæгъд кодта ахст адæмы, стæй сæ цард баиу кодтой.

Батрадзы фæлгонцы ма уынæм адæмон фæндырдзæгъдæджы арæхстдзинæдтæ.

Гуырджибеты Бласкæйы сфæлдыстады иууыл егъаудæр бынат ахсы йæ комеди «Æдылы». («Æдули») Уый у фыццаг ирон комеди, кæцы фыст æрцыд стихтæй.

Комеди фыццаг хатт хъæууон сценæйыл æвæрд æрцыд 1905 азы. Революцийы фæстæ йæ æвæрдтой Æрыдоны семинары студенттæ, Чырыстонхъæуы æвæрд æрцыд 1927 азы.

Егъау фарст æрæвæрдта автор йæ разы ацы уацмыс фысгæйæ. Йе ‘мдзæвгæтæ «Мæгуыр усгур» æмæ «Уарзт»-ы цы фарстытыл дзырдта, уыдон ныр уæрæхдæрæй равдыста йæ комедийы.

Автор йæ комедийæн райста дыууæ хæдзарвæндаджы. Иуæрдыгæй Борхаты –  Борхаты Бадзай, йæ ус Гуыбадтæ æмæ сæ чызг Хангуассæ; иннæрдыгæй – Цæругты; Цæругты Цæрай, йæ ус Тезадæ, се ‘дылы фырт Æхснырф.

Цæрайы ус Тезадæйы æрфæндыд се ‘дылы фыртæн хæрзæгъдау Хангуассæйы ракурын. Цæрай уыдис ацы фæнды ныхмæ, уымæн æмæ уыдта, йæ фырт æдылы кæй у. Ацы хъуыддаг куы æрцæуа, уæд кæйдæр чызг кæй снамонд уыдзæн. Стæй йæ уырнгæ дæр нæ кодта, Борхаты уæздан мыггаг сæ чызджы сау адæмæн ратдзысты, уый.

Тезадæ æмбæрста æппæт, уый фæндыд йе ‘хцаты тых бавзарын æмæ сæ бавзæрста. Гуыбадтæ дæр бамбæрста, феодалон уæздандзинад буржуазон дунейы кæй ницыуал у, тых æхцайы къухы кæй ис æмæ радта йæ чызджы стыр ирæдыл, кæд сæ дзыккаæфсæст хуытæ хуыдта, уæддæр.

Автор Хангуассæйы удыгъæд не ‘вдисы уæрæхæй. Уый, цæйнæфæлтау йæ ныййарджытæ мæгуыртæ суой, фæлтау сразы æдылыйы фæдыл ацæуынмæ.

Бласкæйы сфæлдыстад аккаг хайбавæрд у ирон литературæйы хæзнадоны.

Йæ адæмæй, Иры интеллигенцийæ рох никуы уыд. Йæ уды хорз миниуджытыл, йе сфæлдыстадон фæндæгтыл бирæ ныхас фæцыд æмæ цæудзæн ноджы дæр.

Йæ мæлæт дæр лæгдзинад æвдис-гæйæ ссардта. Санвайцзи сисынмæ йæ ныфс Бласкæйы йедтæмæ ничи бахаста. Япойнæгты хæстон фидар систа, фæлæ дзы кады мæлæт дæр ссардта.

Рæхджы уалдзæджы фыццаг мæйы, Бласкæйы райгуырдыл æххæст кæны 155 азы. Дыгургомы уадфидиуæджы ном махæн мысинаг у кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Ууыл хъуамæ бацархайой Ирыстоны культурон уагдæттæ се ‘ппæт дæр.

Нæхион нæхицæй куынæ хонæм нæхæдæг, уæд нæ гуыл æрдæгфыхæй баззайдзæн. Мах ма хъуамæ уой рох, дзæнæтыбадинаг Ардасенты Х. ныхæстæ: «Произведения его не потеряли своего познавательного и художественного значения».

                                                                                                                         ПЛИТЫ Гацыр, профессор,

                                                                                                  Хетæгкаты Къостайы номыл  паддзахадон

                                                                                                                                           премийы  лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.