ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ ФЫЛДÆР ЦЫ УАРЗУТ КÆСЫН – ПОЭЗИ ÆВИ ПРОЗÆ?

Хуыбылты Дианæ, Цъинагары астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг:

– Ахуыргæнæг куыннæ хъуамæ уарза æмдзæвгæтæ кæсын. Уæлдайдæр та Эдуард Асадов æмæ Сергей Есенины цардуагон æмдзæвгæтæ. Æмæ се ‘ппæты чи фæнымайдзæн. Зæгъæн ис æмæ нæ культурæйы министрад кусы бæрзонд æмвæзадыл. Ныхас «Симд» фехъусгæйæ дæр адæймагмæ сывзæрынц сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Æрмæст респуб-ликæйы нæ, фæлæ районты цæрджыты зæрдæтæ дæр райын кæнынц сæ куыст æмæ æнтыстытæй. Ахæм фæсивæдимæ нæ фидæн уыдзæн рæсугъд.

Хаситы Аринæ, горæты цæрæг, æвзонг чызг:

– Тынг уарзын Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын. Растдæр цыма ирон адæмы фидæны хъысмæт развæлгъау зыдта, афтæ сæ æвдыста йе ‘мдзæвгæты, йе сфæлдыстады æнæхъæнæй. Афтæ зæгъæн ис йе ‘мдугон фысджытæй дæр. Æгъдау æмæ æфсармдзинадыл фæдисау дзурæгау кодтой се ‘мдзæвгæты. Уыдон абон нæ рæстæджы тынг ахадгæ æмæ хъæугæ сты.

Хъуылымбегты Арсен, нæ горæты 3-аг астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуыргæнинаг:

– Æмдзæвгæтæ кæсын уый тыххæй уарзын æмæ æнгом баст сты музыкæимæ. Æз дæр арæх мæхицæн æрымысын музыкæ. Бирæ кæй кастæн, уый мын æгæрон æххуыс фæцис мæ ахуыры хъуыддаджы дæр. Стыр бузныг мæ ныййарджытæн мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ мын-иу  кæй кæсын кодтой, уый тыххæй. Кæд-иу сæ æфсæрмæй кастæн, уæд абон та æппындæр нæ фæсмон кæнын, уымæн æмæ мадæлон æвзагыл дзурын æмæ кæсын нæ зонын худинаг хъуыддаг у.

Тыбылты Эльвирæ, журналист:

– Сæрибар рæстæг мын куы вæййы, уæд арæх фæкæсын æмдзæвгæтæ. Тынг уарзын Михаил Лермантов æмæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад, уымæн æмæ хæстæг сты мæ удыгъæд æмæ зæрдæйы уагмæ. Къостайы фыст æмдзæвгæтыл арæзт зарджытæ Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы нæлгоймæгты хор куы фæзарыц, уæд мæ хъуын арц сбады. Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл фыст æмдзæвгæтæ та уарзын хæрзчысылæй фæстæмæ æмæ мын абон дæр тынг зынаргъ сты.

Гæбæраты Владислав, нæ горæты 9-æм астæук-каг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Æмдзæвгæтæ кæсын уарзын æрмæстдæр мæ мадæлон æвзагыл. Мæ чысылæй фæстæмæ хайад исын алыгъуызон конкурсты æмдзæвгæтæ кæсынæй, куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Цы хорздзинад мын хæссынц, уымæй мæ куы бафæрсат, уæд та зæгъдзынæн уый æмæ мын хъæздыг кæнынц мæ дзырдуатон сконд. Æмдзæвгæты фæрцы банкъарын ивгъуыд æмæ абоны царды бастдзинад. Нæ ирон поэттæ мын се ‘ппæт дæр зæрдæмæдзæугæ сты, фæлæ мæм дзы æппæты æввахсдæр лæууынц Хаджеты Таймураз, Икъаты Владимир, Джыккайты Шамил æмæ Плиты Грисы æмдзæвгæтæ. Нæ æрыгон фысджытæй та – Бестауты Аланæ æмæ Бететы Фатимæйы æмдзæвгæтæ.

Дриаты Аннæ, Орчъосаны астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæг:

– Фадат мын куы уаид, уæд Гæдиаты Цомахъы сфæлдыстад алы бон дæр кæсин. Афтæ мæм кæсы æмæ йæ алы æмдзæвгæйæн дæр хицæн уд ис. Адæймаджы зæрдæйы рæзын кæнынц патриотизмы æнкъарæнтæ. Æмæ мæ афтæмæй æрфæнды ирон адæмы рæсугъд сомбоны тыххæй тох кæнын.

КОКАЙТЫ Зæринæ 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.