Спорты рæзты хъуыддагæн 40 азы дæргъы æппæт йæ хъару æмæ тыхтæ æнæвгъауæй чи нæ хæлæг кæны,  суинаг фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ рæдауæй чи лæвар кæны, ахæм у ацы хæларзæрдæ æмæ парахат зæрдæйы хицау. Хъусыс æм æмæ йын иу уысм дæр æрæнцой нæй, зæрдæбынæй дзуры йæ куысты фæдыл, ноджы къухты фылдæр æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ бафтын кæныныл.Ахæм удыхъæды хицау уыд, цалдæр азы размæ йын йæ хæрзиуæгон педагогон архайды тыххæй куы ныффыстон, уæд æмæ уыцы разæнгардгæнæг цæстæн-гасæй æххæст у абон дæр. Раст зæгъгæйæ, уæд бынтон мæгуырау уавæрмæ æрцыд 3-аг скъолайы бæстыхай, уыцы нымæцы спортзал дæр æмæ дзы нæ уыд кусынæн æмбæлон уавæртæ. Фæлæ йæ куыстыл иузæрдион адæймаг уыдон мурмæ дæр нæ дардта æмæ æнувыдæй архайдта йæ ахуыргæнинæгтимæ. Æмæ та йæм фæуазæг дæн æрæджы, нырыккон типыл арæзт скъолайы бæстыхай йæ аивдзинад æмæ алыгъуызон авналæнтæй педагогон коллектив æмæ æддагонты цæстæнгас дæр йæхимæ чи æлвасы, уымæ. Ныр æцæг хъæлдзæг зæрдæйы равг æвдыста йæ цæсгом мæ фысымæн, цыма арвы милтыл йæхи сæрфта – ахæм уыд йæ фезмæлд æмæ йæ ныхас дæр физкультурæйы ахуыргæнæг, нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Гатыгкоты Аликæн. Мæнæйма, дæ дæсныйад куы уарзай, фылдæр æнтыстытæм куы тырнай, стæй ма дæ уавæртæй зæрдæ куы рухс кæна, уæд уымæй хæрзиуæгондæр цы хъуамæ уа!

Æцæгдæр, скъолайы спортзал у, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгты домæнтæ алыварсонæй дæр чи æххæст кæны, ахæм. Уый у райдзаст, йæ фæтæн у 12 метры æмæ йæ дæргъ та 22 метры, кусы дзы хъæрмадон системæ.

Зал ифтонг у æмæ дзы баскетболы фæстæ ахъазæн ис волейболæй, стæй та гимнастикон фæлтæрæнтæ кæнынæн дæр. Гатыгкойы-фырт райгондæй банысан кодта, баскетболон уавæртæ æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсеы  бирæ скъолаты дæр кæй нæй. Урокыл баскетболы фæстæ та хъуамæ ахъазой волейболæй, уæд хызы цæджындзтæ æмæ хыз айтындзынæн рæстæг бахъæудзæн æрмæстдæр æртæ минуты. Ис дзы видеокамерæ æмæ уымæн та йæ хорздзинад ис уый мидæг, æмæ  æххуыс у ахуыргæнæгæн йæ куысты, иууыл тынгдæр пайда та у ахуыргæнинæгтæн. Цæвиттон, ахуыргæнæг йæ хъомылгæнинагæн амоны спорты хуызæй цахæмдæр хай. Уый фæстæ йæ архайдмæ бакæсы æмæ фены, кæм фæрæдыд, уыцы бынат. Уæд та ногæй ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ бацархайы уыцы рæдыд сраст кæныныл. Уæззау атлетикæйæ та ахуыргæнинæгтæ сæхи фæлтæрынц, цы хицæн зал дзы ис, уым. Ам ма ис тренажертæ дæр, уыдон та самал кодта директор йæхæдæг. Алик дзы раппæлыд, спортмæ уæлдай тынгдæр хъусдард кæй здахы, уый тыххæй.

Физкультурæйы ахуыргæнæг Гатыгкоты Алик канд скъоладзауты физикон хъомылады рæзтмæ не здахы йæ хъусдард, фæлæ æввахс рæстæджы ахуыргæнджыты тыххæй дæр рахицæн кæндзæн рæстæг æмæ ацы ран фидар кæндзысты се ‘нæниздзинад. Куыд загъта, афтæмæй Алик бирæ азты фæкуыста инструктор-методистæй æмæ йæм ис куысты фæлтæрддзинад, уыимæ ма  сæ хъуыддаджы дæсны адæймæгтæ дæр æрбалæудзысты йæ фарсмæ æмæ сын уадздзысты фæлтæрæнтæ бæрзæй, астæу æмæ æндæр низтæй фервæзын кæнынæн.

Æнæзæгъæг нæ фæци, ног скъолайы бæстыхай аразыны рæстæджы сын хорз фысым чи уыд, уыдонæй – 12-æм скъолайы директор Æрсойты Геннади æмæ физкультурæйы ахуыргæнæг Тедеты Заирæйæ æмæ сын уыцы хорздзинад æмæ рæдаудзинад кæддæриддæр дардзæн йæ зæрдыл.

Скъолайы арæзтадмæ иууыл тынгдæр йæ хъусдард аздæхта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, уый арæзтады рæстæджы дæр арæх бæрæг кодта аразджыты, архайдта æмæ сæ разæнгард кодта, цæмæй скъолайы арæзтад фæуыдаид банысангонд æмгъуыдмæ. Уый тыххæй скъолайы коллективы номæй арфæйы ныхæстæ ракодта Бибылты Анатоли æмæ Ахуырады министр Гасситы Наталийæн.

  ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.