ХЪÆБЫСХÆСТ

Наро-Фоминскы уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ Бестауты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæг. Андрей ар-хайдта 125 кг уæзы категорийы. Уый нырма 8:0 хыгъдæй рамбылдта Мæхъæлы минæвар Вахит Галаевы. Уый фæстæ æнцонтæй фæуæлахиз нырма Михаил Зиновыл (Кемерево) – 11:0, стæй та – Артем Пуховскийыл (Мæскуы) – 12:2. Финалы Андрейы ныхмæлæууæг уыд Ирыстоны иннæ минæвар Хуыбылты Ален. Ам спортивон амонд бахудт Аленмæ æмæ рамбылдта 3:2 хыгъдæй. Афтæмæй Бестауты Андрей та ссис дыккаг.

Тынг хорз архайдта Зассеты Арсæмæг дæр. Уый 97 кг уæзы категорийы фыццаг тохы æмгъуыдæй раздæр рамбылдта Андрей Ксенофонтойы (Мæскуы) – 10:0. Дарддæр дæр ахæм хыгъдтæй фæуæлахиз Джыгкайты Тамикыл (РЦИ-Алани) æмæ Магомед Фатаховыл (Ханты-Манссийскы автономон зылд). Æрдæгфиналы Арсæмæджы ныхмæлæууæг уыд ерысты сæйраг фаворит, ирон богал Козырты Сергей. Фыццаг период фæцис 3:1 хыгъдæй Арсæмæгы пайдайæн. Тохы дыккаг периоды Козыры фыртæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Афтæмæй 3:3 хыгъдæй фæцис фембæлд. Фæстаг бал Козырты Сергей кæй систа, уый фæстиуæгæн уæлахиз лæвæрд æрцыд уымæн. Арсæмæг та дарддæр тох кодта бронзæ майданыл æмæ йын бантыст йæ рамбулын.

Бестауты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæгы тренер у Коцты Тамерлан. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ дыууæ дæр нырма ивгъуыд аз кæй архайдтой, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн. Ацы кары Арсæмæг ссис дунейы чемпион, Андрей та – Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. 

Ныр Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ æдæппæтæй Наро-Фоминскы рамбылдтой 11 майданы. Фыццаг бынæттæ бацахстой Хæдæрцаты Алик, Куыдзойты Алан, Багаты Алан, Козырты Сергей æмæ Хуыбылты Ален. Дыккæгтæ систы Сабанты Алик æмæ Бестауты Андрей. Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Бетанты Давид, Чертхъоты Руслан, Зассеты Арсæмæг æмæ Теблойты Ацæмæз.

ВОЛЕЙБОЛ

Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы боны цытæн Дзауы поселочы уагъд æрцыд турнир волейболæй. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзауы скъола-интернаты спортивон фæзуаты. Хайад сæ райстой 5 командæйы. Уыдон уыдысты иу къорды. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ фыццаг финалмæ ахызтысты, иууыл фылдæр очкотæ цы командæтæ æрæмбырд кодтой, уыдон. Афтæмæй финалы фембæлдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы командæ æмæ Хуыцъейы волейболисттæ. Сæхи хуыздæр равдыстой Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæ æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ. Хуыцъейы командæ та ацыд 2-аг бынатыл.

«Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны цытæн мах алы хатт дæр ауадзæм ерыстæ. Раздæр-иу сор-ганизаци кодтам спорты æндæр хуызтæй турниртæ. Ацы аз та сфæнд кодтам ерыстæ волейболæй ауадзын. Иннæ аз нæ фæнды республикæйы иннæ районты минæвæртты дæр фæхонын», – загъта Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик.

ВОЛЕЙБОЛ

Турниры æртыккаг бынат та бацахста Дзауы районы мидхъуыдæгты управленийы командæ, кæцы бронзæйон майдантæ рамбулыны сæраппонд хъазты тыхджындæр уыд уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы командæйæ.

Ерыстæм æрбацыд Парламенты сæрдар Тадтаты Алан. Уый рарфæ кодта турниры хайадисджытæн æмæ схорзæхджын кодта иууыл тыхджындæр командæйы. «Радон хатт та Дзауы районы уагъд цæуынц ерыстæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ сæ иннæ районтæ дæр хъуамæ бафæзмиккой. Турнирты хайадисджытæ хорз цæвиттон æвдисынц рæзгæ фæлтæрæн. Уыдон дæр бафæнддзæн спортæй архайын. Уый та сын фæахъаз уыдзæн, куыд се ‘нæниздзинадæн, афтæ сæ хъомыладæн дæр», – банысан кодта Парламенты Сдар Тадтаты Алан.

Ерысты ма фæбæрæг сты хуыздæр хъазджытæ. Кады грамотæ-тæй хорзæхджын æрцыдысты Дзугаты Къоста, Махач Магомедов, Елбачиты Александр æмæ Хъуы-лымбегты Æхсар.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.