Нæ республикæйы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы социалон нысаниуæджы объекттæ рæзы, уыдоны æмрæнхъ рæзынц 2008 азы августы хæсты æмæ 90-æм азтæй фæстæмæ дæр чи ныппырх сты, уыцы цæрæн хæдзæрттæй бирæтæ. Куыд зонæм, афтæмæй сæ арæзтады тыххæй Уæрæсейы Федераци æхцайы фæрæзтæ нал хицæн кæны. Уый хыгъд, нæ республикæйы президент ныфс бавæрдта, гæнæн куыд уа, афтæ кæй архайдзысты уыдоны саразыныл дæр. Сæ сæндидзын кæнынæн фæрæзтæ дих цæуынц президентон фондæй. Цадæггай æрвылаз дæр уыдонæй сырæзы дæсгæйттæ.

 

Ацы аз дæр июны мæйы бавнæлдтой горæты æмæ районты ахæм цæрæн хæдзæрттæ ара-зынмæ. Куыстытæ лæвæрд æрцыдысты бынæттон арæзтадон фирмæ «Гъаристау»-мæ. Уымæн хорз фæлтæрддзинад ис хæдзæрттæ аразыны хъуыддаджы. Ацы фирмæйы архайдæй райгондæй баззайынц хæдзæртты хицæуттæ. Подрядон организаци «Гъаристау»-ы сæргълæууæг Коцты Нугзар куыд зæгъы, афтæмæй: «Бибылты Анатолийы хæс-лæвæрдмæ гæсгæ арæзт цæуынц гуырдзыйы агрессийы рæстæджы   ныппырхгонд хæдзæрттæ. Се ‘хсæн сты иунæг, æвæгæсæг адæймæгтæй йæ хæдзар æдзæллаг уавæрмæ кæмæн æрцыд, ахæмтæ дæр. Кусджытæн сæ фылдæр бынæттон цæрджытæ сты, финансон проблемæтæ сын нæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ хæдзæрттæм сæ хицæуттæ балидздзысты ног азы размæ».

Ацы азы номхыгъдмæ чи бахауд, уыдоны ‘хсæн ис Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы цæрæг Уалыты Лизæ дæр. Уый зæгъы:

«Бирæнымæц куырдиæттæ æмæ хъæстытæ фыстон нæ хицауадмæ. Мæ фыртимæ æнæ хæ-дзар кæй уыдыстæм, уый зыдтой, фæлæ нын æххуысгæнæг нæ уыд. Æппындæр мæ ницыуал ныфс уыд, фæлæ уæддæр аскъуыддзаг кодтон куырдиат нæ Президенты номыл ныффыссын. Бибылты Анатоли мæ уавæры бацыд, ба-хæс кодта, цæмæй мын сахуыр кæной мæ царды уавæртæ. Æз æнхъæлдтон, уыдон дæр та иннæ къамистау кæй æрбайсæфдзысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæхъуаджы тарстæн. Бакæсут ма ныр мæ хæдзар агъуысты бын ис».

НЫФС КÆЙ НАЛ УЫД, УЫДОНÆН – НОГ ХÆДЗÆРТТÆ

«Мæ хæдзар мын аразын куы райдыдтой, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Æз уыцы бонмæ фæцæ-рынæнхъæл дæр нал уыдтæн, ныр та мæ ныфс бацыд, мæ хъæбулы хъæбулты дæр дзы кæй схъомыл кæндзынæн, уымæй. Присы хъæуы цæрджыты хæ-дзæрттæ 1990 азты æмæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы тынг бахъыгдард сты. Мах хæдзар дыууæ хæсты дæр æвыдæй нæ баззад. Фыццаг хатт ыл 1992 азы сæмбæлдысты снарядтæ æмæ ныппырх. Цы пысулты ралыгъдыстæм, уыдоны æвджид баззадыстæм. Фæстæдæр цард иу чысыл куы фæсабырдæр, уæд пырх хæдзары бынаты сарæзтам чысыл хæдзар. Уый та нын 2008 азы хæсты рæстæджы ныппырх. Бирæнымæц куырдиæттæ фыстон, фæлæ мын æххуысгæнæг нæ уыд. Ныр нын мæнæ Бибылты Анатолийы æххуысæй рæзы, æртæ хатæны кæм ис, ахæм хæдзар», – зæгъы Присы хъæуы цæрæг  Пухаты  Дианæ  дæр.

Присы хъæуы ма арæзт æрцыд, Бæгъиаты Заирæйæн хæсты рæстæджы чи ныппырх, уыцы хæдзар дæр. Бæгъиаты Заирæйы истори та ахæм у. Хæст бирæсывæллонджын бинонтæн ницыуал ныууагъта, баззадысты уынджы. Уыдонæн дæр сæ хæдзар 1992 азы басыгътой. Хæсты фæстæ сын Сырх Дзуары Дунеон Комитет сарæзта чысыл хæдзар, фæлæ уый бинонтæн къуындæг уыд. «Цы сарæзтаиккам, уый нæ зыдтам. Цæргæ-цæрæнбонты цы фæллой фæкодтам, уыдон иу уысммæ фесæфтам. Нæ хæдзар куы ныппырх, уæд мæ бинонтæ фæхицæнтæ сты. Иутæ æххуырст фатеры цардысты, иннæтæ ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Уымæн æмæ нын цы дыууæ уынгæг хатæны уыд, уыдон къуындæг уы-дысты», – загъта Заирæ. Бинонтыл та æрцыд ног бæллæх – сæ чысыл хæдзар дæр та 2008 азы басыгъд. Ныр Бæгъиаты бинонты зындзи-нæдтæ фæстейæ баззайдзысты, уымæн æмæ уыдонæн дæр сырæзт ног хæдзар. Бæгъиаты Заи-рæ куыд зæгъы, афтæмæй тынг райгонд у аразджытæй, алцы дæр аразынц гъæдджынæй. Кæд иу мæйы размæ райдыдтой аразын, уæддæр ныридæгæн хæдзар ис агъуысты бын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.