Владимир Путины ныфс ис, Хуссар Ирыстоны цы парламентон æвзæрстытæ уыдзысты, уыдон уагъд кæй æрцæудзысты демократон бындурыл, Уæрæсе дарддæр кæй ифтонг кæндзæн Хуссар Ирыстоны æдасдзинад.

УФ-йы Президент Владимир Путин, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ ныхас кæнгæйæ, ныфс бавæрдта, Уæрæсе кæй арвитдзæн йæхи цæстдарджыты республикæйы парламентон æвзæрстытæм.

«Æз æй зонын, сымахмæ июны кæй уыдзысты парламентмæ æвзæрстытæ. Ныфс мæ ис, ды æппæт дæр кæй сараздзынæ, цæмæй æвзæрстытæ уагъд æрцæуой закъонмæ гæсгæ, демократон бындурыл. Мах та нæ фарсæрдыгæй, куыд бадзырдтам, афтæмæй  арвитдзыстæм Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстытæм цæстдарджыты», – загъта уый.

Владимир Путин ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ дызæрдыггаг не сты. «Афтæ хъуыды кæнын, æмæ мах стæм стратегион партнертæ. Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй республикæйы социалон-экономикон рæзт æмæ æдасдзинад сифтонг кæнæм», – банысан кодта уый. УФ-йы Президент ма загъта, зæгъгæ, нæй гуырысхогæнæн, дарддæр дæр куыст ахæм хуызы æмæ ахæм гъæды кæй цæудзæн, ууыл.

Владимир Путин ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе баззайдзæн сæйрагдæр базарадон-экономикон партнерæй, кæцыйæн ис Республикæйы райрæзты фæдыл Инвестицион программæ æмæ æндæр программæтæ дæр. «Мæнæн тынг æхсызгон у абон æппæт адæттыл демæ æруынаффæ кæнын», – загъта уый.

Йæ рады Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, 2015 азы къухтæ цы сразыдзинæдтыл  æрцыд  фыст, уыдон эффективонæй æххæст цæуынц.

«Ис ахæм программæ, кæцыйыл ды ныхас кодтай. Уый ахъаззагæй æндавы Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæ æмæ йæ инфраструктурæйы рæзтыл, ис ын серьезон социалон характер», – загъта Бибылты Анатоли æмæ Инвестпрограммæ æххæст кæныны тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг коллегæтæн.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы къухдариуæггæнджыты бæрзонд æмвæзадыл фембæлды ахсджиагдзинад.

«Уый нын ныфс дæтты, Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы стратегион æмгуыстад кæй ис бæрзонд æмвæзадыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.