Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид цы æмбырд ауагъта, уым уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ ауадзыны фарстаты фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады консулон хайады сæргълæууæг Цидайты Сослан, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг  Джиоты Алан, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, Парламенты Сæрдары хæдивæг Мамиты Инал, республикæйы Централон æвзарæн къамисы, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Тыбылты Леонид банысан кодта  Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты ахсджиагдзинад, афтæ ма загъта республикæйы цæрджытæ æвзæрстыты рæстæджы алы хатт дæр активондзинад кæй æвдыстой, уый тыххæй.

Республикæйы Президент куыд загъта, афтæмæй цалдæр боны фæстæ уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæм ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад, алы хатт дæр æвзарæн фадгуытæм фæцæуынц акивонæй. «Мæн уырны, æмæ та ацы хатт дæр республикæйы цæрджытæ равдисдзысты активондзинад, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ æрмæст Уæрæсейы Федерацийæн нæ, фæлæ ахсджиаг сты нæ паддзахадæн дæр», – фехъусын кодта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ сты ахсджиаг политикон цау, кæцы хъуамæ ацæуа бæрзонд æмвæзадыл. Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, хицауиуæгады службæты æмæ органты иумæйаг тыхтæй Хуссар Ирыстоны территорийыл æвзæрстытæ ацæудзысты бæрæгбонон хуызы, закъондæттынадмæ гæсгæ, æмæ бæрзонд организацигонд æмвæзадыл, фæтк æмæ æвзæрстыты фæткойтæ бахъахъхъæнгæйæ.

«Цæмæй æвзæрстытæ ацæуой организационæй æмæ дырысæй, уый тыххæй бакусын хъæуы æппæт организацион фарстатыл. Æмбæстæгтæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, цæмæй æвзарæн фадгуыдæм æрцæуой æмæ æвзæрсты сæ конституцион бартæй спайда кæной», – загъта Президент.

Йæ рады Къарджиаты Эльбрус фехъусын кодта, зæгъгæ, организацион фарстатæ æмæ документтыл дзырд куы цæуа, уæд Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ ауадзынмæ æппæт дæр цæттæ у республикæйы хицауиуæгады фарсхæцынад æмæ æххуысы фæрцы, афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, 18 сентябры уæрæсейаг æмбæстæгтæн сæ бон хъæлæс радтын уыдзæн, цы æвзарæн фадгуытæ бакондæуыдзæн, уыдонæй кæцыфæндыйы дæр. Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй æвзæрстыты бон æвзарджытæн лæвæрд æрцæудзæн дыууæ бюллетены – федералон æмæ иумандатон.

«Æвзæрстыты бон алы æвзарæгмæ дæр лæвæрд æрцæудæн дыууæ бюллетены. Иу бюллетены уыдзæн партиты номхыгъд, уыдон æдæппæтæй сты 14, иумандатон бюллетены та уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы Читайы областы æвзарæн окруджы иумандатон кандидатты номхыгъд. Иууыл иумæ уыдон та сты авд», – бамбарын кодта Къарджиаты Эльбрус.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ организаци кæныны фæдыл кусæгон къорды сæргълæууæг Джиоты Мурат банысан кодта æвзæрстытæ ауадзынмæ æвзарæн фадгуыты цæттæдзинад, афтæ ма организацион фарстатæм  æппæт æмбæлон ведомствоты, уыцы нымæцы барадхъахъхъæнæг органты бæрзонд активондзинад, кæцытæ уыцы бон сифтонг кæндзысты фæтк.

Æмбырды нысан æрцыд дзыллон информацион фæрæзты архайд дæр, кæцытæ æвзæрстыты тыххæй активонæй информаци дæтдзысты цæрджытæн.

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ уагъд цæудзысты 18 сентябры. Хуссар Ирыстоны бакондæуыдзæн 12 æвзарæн фадыджы, уыдонæй дыууæ баконд æрцæудзысты цыппæрæм æфсæддон базæйы территорийыл, 10 та – горæт Цхинвалы æмæ республикæйы алы районы дæр. Республикæйы хъæлæстæ хаст æрцæудзысты Фæсбайкалы æвзарæн фадыгмæ. Æвзарæн фадгуытæ байгом уыдзысты 8.00 сахатыл мæскуыйаг рæстæгмæ гæсгæ æмæ кусдзысты 20.00 сахатмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.