Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Наталиимæ, æмæ уынаффæ кодтой Ленингоры районы ахуырады фадыджы фарстытыл.
Ныхас цыд куыд ахуыры азы кæронбæттæн мадзæлттыл, афтæ ма организацион-кадрон проблемæтыл дæр.
Сæйраджыдæр, уынаффæ кодтой районы ахуырадон уагдæттæ æнæкъуылымпы ахуыр-хъомыладон процессæй сифтонг кæныны фарстыл.
«Мах хæсджын стæм, цæмæй ахæм уавæртæ аразæм æмæ нæ сывæллæттæ исой æххæст зонындзинæдтæ. Уый комкоммæ баст у планбæрцон ахуыр-хъомыладон процессимæ, кæцы ифтонг цæуы ахуыргæнджыты æнæмæнгхъæуæг бæрцæй», – загъта Хицауады Сæрдар.
Пухаты Эрик хъæуæг хæстæ радта Ахуырады министрады сæргълæууæгæн, ведомствойы кусджыты бабæрнджын кодта, цæмæй бынаты æппæт сæвзæргæ фарстытæ дæр аскъуыддзаг кæной.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.