«Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты сӕраппонд» майдантӕй схорзӕхджын кӕныны тыххӕй

Републикӕ Хуссар Ирыстоны тӕрхондонон системӕйы рӕзтмӕ сæ хайбавӕрды тыххӕй ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны тӕрхондонон системӕйы кусӕджы боны цытӕн «Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты сӕраппонд» майданӕй хорзӕхджын ӕрцӕуӕд:

– Харебаты Лев Давиды фырт – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕр-хондоны тӕрхонгӕнӕг отставкæйы;

Мӕргьиты Иринӕ Амираны чызг – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕг;

Тыбылты Инал Таймуразы фырт – Цхинвалы горӕтон тӕрхондоны Сӕрдар;

Сиукъаты Сослан Иваны фырт – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Тӕрхондоны департаменты директоры хӕдивӕг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал, 2019 азы 11 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

Гæджиты Нанæйæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юристы» кадджын ном ратдыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондонон системæйы рæзты хъуыддаджы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтысгæ профессионалон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юристы» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Гæджиты Нанæ Вахтангы чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,  2019 азы 11 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаф-фæгæнæджы тыххæй»

  1. Гулиты Владимир Тотрадзы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæгæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæджы бынатæй йæ ссæрибар кæнгæйæ.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент   БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,  2019 азы 22 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

Тасойты Леонид Гаврилы фырты тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 33-æм пунктыл бындуриуæггæнгæйæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады организацион-штатон мадзæлттæ ауадзыны сæраппонд уынаффæ кæнын:

  1. Инæлар-майор Тасойты Леонид Гаврилы фырт сæрибар æрцæуæд материалон-техникон ифтонгады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæдивæджы бынатæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Г. Цхинвал, 2019 азы 15 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.