Ивгъуыд аз ноябры мæйы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ Владимир Путин æмæ Бибылты Анатолийы фембæлды рæстæджы Мæскуыйы æруынаффæ кодтой республикæйы цæрджытæн медицинон æххуысы фадæттыл. Дзырд сæрмагондæй цыд республикæйы медицинон æххуыс бакæныны æмвæзадыл æмæ æнæниздзинады объектты архайдыл. Уымæй дарддæр ма уынаффæ цыд рынчынты экстренон эвакуацийыл Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы территоримæ бахъуыды рæстæджы. Раст уыцы фарст аскъуыддзаг кæнынæн Хуссар Ирыстонæн хъуамæ хицæн æрцыдаид æртæ вертолет медицинон ифтонггæрзтимæ. Уыцы фарст рагæй тыхсын кодта нæ республикæйы цæрджыты. Зымæгон, æвзæр боныгъæдты рæстæджы Транскамы фæндаг арæх æхгæд вæййы, уымæ гæсгæ вертолет у æнæмæнгхъæуæг.

Ацы фарсты фæдыл æрæджы Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан официалон балцы уыд Уæрæсейы æмæ фембæлд Уæрæсейы Федерацийы уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Олег Баженовимæ.

«Уæрæсейаг коллегæтимæ мах сараздзыстæм нывæзт. Æрцæудзысты нæм специалисттæ æмæ уыдонимæ иумæ равзардзыстæм вертолетон фæзуатæн бынат, сбæлвырд кæндзыстæм, цы навигацион ифтонггæрзтæ хъæуы, цы бæстыхæйттæ аразын хъæуы æмæ бирæ æн-дæр фарстатæ», – фехъусын кодта Тадтаты Алан.

Нырма уал дзырд цæуы иу вертолетыл, уымæн æмæ республикон бюджетæн нырма йæ бон нæу дыууæ кæнæ æртæ вертолет дарын.

Уымæй дарддæр ма министрады пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй Тадтаты Алан Уæрæсемæ йæ визиты рæстæджы уæдмæ цы документаци арæзт æрцыд, уыдонмæ бахаста цалдæр барастгæнинаджы, комкоммæ зæгъгæйæ та дыууæ фарс бадзырдтой Хуссар Ирыстон йæхимæ кæй райсдзæнис вертолетон фæзуатæн æппæт инфраструктурæйы арæзтад.

«Уый уагæвæрдмæ гæсгæ хъуамæ тынг æввахс арæзт æрцæуа республикон рынчындонмæ. Ныртæккæ куыст цæуы бынат сбæлвырд кæныны фарстыл. Уырдæм хъуамæ уа сæрибар бацæуæн, цыфæнды хуызы транспортæн дæр зымæгон æвзæр боныгъæдты дæр», – зæгъы Уæлвæткон уавæрты министр.

Министр ма банысан кодта, æнæмæнг, афæдзы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстонæн æлхæд кæй æрцæудзæн вертолет медицинон модулимæ.

Цалынмæ Хуссар Ирыстон йæхи вертолет райса, уæдмæ уал дыууæ фарс бадзырдтой Уæрæсейы уæлвæткон министрад иу вертолет кæй æрбынат кæндзæн горæт Беслæны, тæхæг сконд æмæ техникон персоналимæ.

«Бахъуыды рæстæджы Хуссар Ирыстон официалон фыстæг арвитдзæн Уæрæсейы уæлвæткон министрадмæ, цæмæй бирæ радæлæ-уæлæ ма уа. Дыууæ ведомство скъуыддзаг кæндзысты авиацийæ спайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинады фарст критикон уавæры», – бамбарын кодта Тадтаты Алан.

Уый ма ноджыдæр загъта санитарон авиацийы сæйраг хæслæвæрд кæй у экстренон  рынчынты горæт Беслæны медицинон центрмæ фæхæццæ кæнын. Ныфс бавæрдта Хуссар Ирыстонæн сæрмагонд вертолет рахицæн кæныны фарст аскъуыддзаг кæнынæн бирæ рæстæг кæй нæ бахъæудзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.