Цы горæттæ фæтары сты дунейы картæйыл, уыдоны кой куы фæкæнæм, уæд нæ хъуыдыйы февзæрынц рагон цæрæн бынæттæ, кæцытæ рохуаты баззадысты рагон æнустæй фæстæмæ. Фæлæ ис ахæм цæрæн бынæттæ, кæцытæ фесæфтысты  æппын рæджы кæнæ экономикон кæнæ та æрдзы тыхон азары фæстиуджытæм гæсгæ. Уыцы нымæцмæ хауынц 7 горæты, кæцытæ нал уæвынц фæстаг сæдæ азы.

Хасима, Япони

Сакъадах Хасима – зындгонд ма у, куыд Гункандзима, афтæ дæр. Къаннæг сакъадах – Японийы донбылгæрон.

1950-æм азты ацы сакъадахы иу квадратон километры фæзуатыл цард 5 мин адæймаджы бæрц, кæцытæ куыстой æвзалыйы æрзæткъахæнты. Уæды рæстæджы горæт Хасима нымад уыд, æппæты фылдæр цæрджытæм кæм цард, нæ планетæйы ахæм горæтыл. Хъыгагæн, 1974 азы æрзæткъахæны сæхгæдтой. Цæр-джытæн фадат кæй нæ уыд æхца бакусын æмæ сæ бинонты фæ-дарынæн, уый тыххæй горæтæй фæлыгъдысты хуыздæр цардагур æмæ æрбынат кодтой æндæр бынæтты. Уымæ гæсгæ горæт дæр раууатмæ æрцыд, цæрæг дзы кæй нал баззад, уый тыххæй.

Консонно, Итали

Кæддæр астæуккагæнусон горæт æртæсæдæ цæрæгимæ 1962 азы бацахста амалиуæггæнæг Марио Баньо, кæцыйæн йæ бæллиц уыд ацы горæтæй саразын туристон бынат. Фæлæ, хъыгагæн, 1976 азы Марио Баньонæн йæ бæллицæн сæххæстгæнæн нал уыд: лæбырд ахицæн кодта горæты иннæ дунейæ æмæ бынæттон цæрджыты бахъуыд сæ сæр бафснайын æндæр бынæтты æмæ горæт бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрхауд æмæ фæтары ис.

Молога, Уæрæсе

Горæт Молога ис Уæрæсейы, Ярославы областы, бындур ын æвæрд æрцыд XII-æм æнусы. Ивгъуыд æнусы 30-æм азты советон хицауад аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ацы горæты æмæ йæм æввахс цы цæрæн бынæттæ уыд, уыдоны бынаты саразой донæмбырд-гæнæн.

1300 цæрæгæй фылдæрæн ныууадзын кодтой сæ цæрæн хæ-дзæрттæ, уымæн æмæ горæт æмæ уымæ æввахс хъæутæ хъуамæ фæуыдаиккой доны бын. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, æртæсæдæ адæймаджы бæрц не сразы сты ацæуын сæ райгуырæн бынæттæй æмæ фæдæлдон сты, 1940 азы горæт доны бын куы фæцис, уæд.

Ныр дæр ма донæмбырдгæнæны доны бæрц тынг ныллæг æмвæзадыл куы вæййы, уæд фенæн ис раздæры нæргæ горæты кæлæддзæгтæ.

Холлсандс, Англи

Æрмæстдæр дзы баззадис иу хæдзар. Ныртæккæ уыцы хæдзарæй дæр баззадис æрмæстдæр кæлæддзæгтæ.

1917 азы 26-æм январы, кæсагахсджыты хъæу Холлсандс аивæрзт денджызы мидæг. Æнæхъæн хъæуы цæрджытæ сæ мулк æмæ фæллойимæ скуынæг æмæ ныццагъды сты. Хъæу æрбынат кодта денджызы донбылгæрон. Æрдз æй не скуынæг кодта æмæ йæ нæ фесæфта, фæлæ бабын ис адæймаджы къухты аххосæй.

Ссæдз азы дæргъы æнæрлæугæ куыст кодтой кусджытæ, къахтой хуыр, хъæу цы къæдзæхы бын æрбынат кодта, уый бынæй. Къæхтытæ фæлæмæгъ кодтой къардиу æмæ 1917 азы 26-æм январы хъæу ацыд денджызы бынмæ. Сæ амондæн, 128 цæрæджы иууылдæр баззадысты удæгасæй.

Пирамида, Норвеги

Абоны горæт Пирамида ис Норвегийы, архипелаг Шпицбергены. Бындур ын æрæвæрдтой шведæгтæ 1910 азы æмæ йæ 1927 азы ауæй кодтой Советон Цæдисæн. Цард дзы цæджджинагау куы фыхт æмæ дидин куы æфтыдта, уæд дзы цард мин адæймаджы бæрц, куыстой æрзæткъахæны, кæцы уыд уæды рæстæджы советон хицауады къухы.

Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ чысыл горæт Пирамида бавзæрста бирæ экономикон зындзинæдтæ. Кæронмæ уæззау цæф сæмбæлдис ацы горæты цæрджытыл 1966 азы, горæты хæдтæхæг куы æрхауд æмæ дзы 141 адæймаджы куы амардис, уæд.

Ахæм зындзинæдтæ бавзаргæйæ, сæ моралон ныфс асаст æмæ ацы горæты цæрджытæ 1998 азы сыстадысты, ныууагътой сæ цæрæн бынæттæ æмæ фæлыгъдысты хуыздæр цардагурæг.

Плимут, сакъадах Мосеррат

Карибаг горæт Плимут зæххы къорийæ фесæфт вулкан Суфриер-Схиллзы срæмыгъды фæстиуæгæн. Вулкан, кæцы æнцад бадт æмæ «фынæй кодта» цалдæр æнусты дæргъы, срæмыгъта 1995 азы июлы мæйы.

Бынæттон цæрджыты эвакуаци скодтой, фæлæ вулканы скалды фæстиуджытæ уыдысты катастрофон: 1995 азы фæстæ дыууæ азы мидæг вулкан горæты байдзаг кодта газæй, æртхутæг æмæ вулканæй скæлæггæгтæй.

Сакъадах Ада-Кале, Румыни

Ацы бынат ма у зындгонд, куыд сакъадах Каролина, афтæ. Ада-Кале уыд зæххы хай, кæцы æрбынат кодта Дунайы  былгæрон, горæт Орсовмæ æввахс. Ацы сакъадахы адæм æрбынат кодтой тынг раджы. Фыццаг документалон æвдисæнтæм гæсгæ дзы адæм æрцардысты 1430 азы.

1970 азты коммунистон хицауад куы сфæнд кодтой гидроэ-лектростанц «Æфсæн кулдуæрттæ» саразын, уæд сакъадах доны бын ацыд. Бынæттон цæрджыты æндæр бынаты æрцæрын кодтой æмæ сакъадахы цы бæстыхæйттæн уыд историон æргъад, уыдон та хæлд æрцыдысты.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.