Адæймаг йæ къухтæм исты газет куы райсы, уæд йæ ном кæцæй фæзынд, ууыл хъуыды дæр никуы акæны. Ӕмæ афтæмæй та йæ фæзындæн цымыдисон истори ис. Фыццаг газеты бындурæвæрæг уыд французаг дохтыр Теофраст Ренадо æмæ йæ схуыдта «La Gazette». Ренадо куы сфæнд кодта ацы рауагъд саразын, уæд ном сæвæрынæн спайда кодта  италиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «La Gazette»-йæ, кæцы нысан кæны «æвзистæхца». Уæдæй абоны онг ацы ном ныффидар æппæт иннæ газеттыл дæр.

Историктӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй газетты хуызтӕ цӕуын райдыдтой рагон римӕгты замантӕй фӕс-тӕмӕ. Фӕйнӕджыты гӕппӕлтыл-иу ныффыстой сӕ царды ӕмӕ ӕгас дунейы ӕрцӕугӕ хабӕрттӕ ӕмӕ-иу сӕ горӕтты фӕзуӕтты ӕрцауыгътой. Хонгӕ та сӕ кодтой «Римаг адӕмы ӕрвылбонон хабӕрттӕ».  Ӕгӕрыстӕмӕй ма Юлий Цезарь бахӕсджын кодта, цӕмӕй сенаты бакӕнгӕ куысты тыххӕй дӕр информаци дӕттой уыцы информацион таблоты фӕрстыл.

Теофраст Ренадо райгуырд 1585 азы горӕт Лудены. 1606 азы горӕт Мон-пельейы райста дохтыры диплом ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ кодта цӕугӕ цард. Йӕ балцты рӕстӕджы ӕрзылд европӕйаг бӕстӕтыл ӕмӕ йӕхи цӕстытӕй федта адӕмы мӕгуыр цард. Тынг хӕцыд мӕгуыр адӕмы сӕрыл, фыста трактаттӕ мӕгуырты тыххӕй ӕмӕ йӕ ном хъуыстгонд уыд ӕгас бӕстӕйыл. Ӕгӕрыстӕмӕй ма йын паддзахады къухдариуӕгад дӕр кад кодта ӕмӕ йӕ газет дӕр рауагъта кардиналь Решельейы ӕххуысы фӕрцы.

Уӕды рӕстӕджы тынг карз замантӕ уыдис, – талынг, ӕнӕахуыр адӕм сфӕлмӕцыдысты цагъайраджы цардӕй. Тынг сарӕх сты инквизицитӕ, – еретик рахуыдтаис кӕцыфӕнды ӕмбӕстаджы дӕр ӕмӕ йын уӕд мӕлӕтӕй аирвӕзӕн нал уыд. Адӕм сабыргай ӕмбарын райдыдтой сӕ цагъайраджы уавӕр, куыд сӕ эксплуатаци кӕнынц, уый,  ӕмӕ католикон аргъуаны къухдариуӕгад та архайдта, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕлдариуӕг кӕной. Сауджынты ныхӕстыл ничиуал ӕууӕндыдис, афтæмæй та раздӕр  ӕрмӕстдӕр сӕ ныхасыл цыдысты, ӕрмӕст уыдон куыд фӕндыд, афтӕ хъуамӕ цардаиккой адӕм.  Ахӕм уавæры бахъуыдис альтернативон информацион фӕрӕз. Уый фӕдыл 17-ӕм ӕнусы райдианы Францы, Голландийы, Германы, Англисы, Бельгийы, Италийы, Швейцарийы фӕзындысты алыгъуызон информацион листовкӕтӕ. Ӕрмӕст Германы 1630 азы уыцы листовкӕты рауагъдадты нымӕц схызт 30-мæ. Уыцы гӕххӕттыты фӕрстыл мыхуыр цыдысты ног хабӕрттӕ, указтӕ ӕмӕ ма памфлеттӕ дӕр.

Уæрæсейы фыццаг газетыл нымад цæуы къухфыстытæ «Вестовые письма», кæцытæ фæзындысты 1613 азы. Фæстæдæр сæ схуыдтой «Куранты» æмæ дзы тæлмацгондæй мыхуыр цыдысты фæсарæйнаг хабæрттæ. Фыццаг мыхуырон газет «Ведомости» та рацыд 1702 азы 

Пётр I указмæ гæсгæ æмæ йæ тираж уыд 1000 экземпляры.  Теофраст Ренадо дӕр 1631 азы 30 майы рауагъта «La Gazette»-йы фыццаг номыр. Газет уыд ӕрвылкъуырион ӕмӕ фыццаг рацыд цыппар фарсыл. Фӕстӕдӕр сæм бирæ информаци цæуын куы райдыдта, уӕд ӕй уадзын райдыдтой аст фарсыл, – кæддæрты 12 фарсыл дæр. Фыццаг цыппар номыртыл датæ нæ уыд, фæлæ уыцы рæдыд тагъд сраст кодтой. Газеты фыццаг номыры мыхуыр æрцыдысты цыбыр уац-хабæрттæ Рим, Прагæ, Венæ, Гамбург, Венеци æмæ æндæр горæттæй. Фæстæдæр газеты фæрстыл фенæн уыдис хæстон архайдтыты тыххæй, адæмы цардыл, паддзахады къухдариуæгады æнтыстытыл уацтæ, базарады хабæрттæ  æмæ ма семæ нывтæ дæр. Йæ тираж та райдианы хæццæ кодта 1200 экземплярмæ æмæ азы кæронмæ рауагътой 31 номыры.

Уæдæ цæмæй хицæн кодта «La Gazette» иннæтæй? Фыццаджыдæр уымæй æмæ ацы рауагъдад цыд регуляронæй, уыдис ын радон номыртæ, уæй йæ кодтой фæсарæнтæм дæр æмæ йæ фæрстыл бакæсæн уыдис алыгъуызон темæтыл уацтæ.  Ацы периодикон рауагъдады ма йæ редакторы æдде куыста бирæнымæц уацхæсджытæ, кæцытæ æппæт дунейæ хастой хабæрттæ. Ацы газеты фæрцы абоны бон бæстонæй базонæн ис уæды рæстæджы историон хабæрттæн, адæмы царды уавæртæн. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Теофраст Ренадо фыццаг райдыдта рекламæ мыхуыр кæнын газеты фæрстыл. Йæ фæрцы рауагъдад райдыдта исын æфтиæгтæ, кæцытæ стыр ахъаз фесты æрмæст ацы газеты размæцыдæн нæ, фæлæ ма æндæр периодикон рауагъдадтæн  дæр.

Ренадойы амæлæты фæстæ йын йæ хъуыддаг адарддæр кодтой йæ фырттæ. Газет азæй-азмæ кодта популярондæр æмæ 1762 азæй фæстæмæ цæуын райдыдта къуыри дыууæ хатты – дыццæджы æмæ майрæмбоны. 1792 азы 1 майæ фæстæмæ та цæуын райдыдта æрвылбон дæр, фæлæ хъыгагæн Фыццаг дунейон хæсты ныллæудимæ 1915 азы газет æхгæд æрцыдис æмæ уæдæй фæстæмæ йæ кой фесæфтис. 1926 азы зынгæ журналистты æмæ литературон критикты хъæппæрисæй Теофраст Ренадойы номыл арæзт æрцыдис французаг литературон преми «Премия Ренадо».

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.