Уыцы сæрд дæр раст ахæм æнтæф уыд. Горæты цæрджытæ ласгæ донæй цардысты, æмæ нын дыууæ бон раздæр дон æрбаластæуыд. Донæй дзаг гæрзтæ æвæрд уыдысты уынджы, æмæ цыма адæймагæн йæ кæрты стыр бæркад ис, афтæ сæ зæрдæ рухс кодта. Зæрдæрухсы æнкъарæнтæ та уыцы бонты тынг стæм уыдысты.

Адæмæн сæ фылдæр хохрагъæн фале фесты, æмæ горæт уыди æдзæрæггъуыз. Мах уынджы ма цы адæм баззад, уыдонæй дæр ничи зынд. Нæ хæдзары дæллаг фарс цардысты нæ хиуæттæ, фæлæ сыл бæрæг уыд, сæ хъус æддæмæ кæй дарынц. Уалынмæ сцæуæг сты, æмæ сæ хæдзары дуар куы ахгæдтой, уæд мæ зæрдæ сидзæры æнкъарæнтæй байдзаг. Афтæ мæм фæкаст, цыма уыцы ‘рдыгæй фидар къул амад уыд, æмæ ныр ныккалди, уым нал ис.

Цы йын зыдта лæг, ацы бон цæуыл фæуыдзæн. Мæ ирон хъæбатырдзинад мын ахæм ныфс лæвæрдта, æмæ музыкæмæ хъусын æрымысыдтæн. Куы йæм бай-хъуыстон иу чысыл, уæд мæ зæрдæ цинæй байдзаг, стæй ме уæнгтæ уæлæуæз систон æмæ зæрдиагæй æркафыдтæн. Цымæ йæ цæмæй   зыдтон, цалдæр боны хордоны хъæстæ нæ фæуыдзыстæм…

Уæдмæ мæм мæ хо Дзæуджыхъæуæй æрхæццæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон мын уыд, фæлæ стæй…

Гуырдзыстоны æфсæдтæ сæ ных сарæзтой Хуссар Ирыстоны ‘рдæм. Ацы хабар хъусын кодта Уæрæсейы телеканал. Сыхæгтæй бынаты чи разынд, уыдонимæ атымбыл стæм æмæ хабарыл тæрхон кодтам. Диссаг, зæрдæмæ нæ хъуыст уыцы тæссаг хабар! Хъазæн, худæг ныхæстæй нал æнцадыстæм. Чизоны æмæ нын Хуыцау удыхос лæвæрдта уыцы мæлæтхæссæг цауты размæ, цæмæй зæрдæскъуыд ма фæуыдаиккам…

Æрæхсæв. Хуыссæнмæ цæуын хъуыд, фæлæ зæрдæйы æнцой нæ уыд. Уæддæр фæцыдыстæм нæ хуыссæнмæ, уымæн æмæ афтæ ахуыр уыдыстæм: æхстытæ цæуы, фæлæ цу æмæ дæ фынæйы хай кæн. Чизоны æмæ та ахсæв дæр аирвæзæм, зæгъгæ. Афтæ уыд ныр дæр, фæлæ уæддæр иннæ æхсæвтæй тынг хицæн кодта ацы æхсæв. Зæрдæйыл æууæнк нæй, уый фæливын дæр зоны, фæлæ ацы æхсæв йæ хъæлæс рæстаг уыд, тасдзинад æндзыг кодта уæнгтæ. Æз хистæр дæн, æмæ мæ хойæн ницы хъæр кодтон, хъазгæ-худгæйæ нæхи бануæрстам нæ хъæццулты.

Æвиппайды æбуалгъы стыр гæрæхтæ хъуысын райдыдта. Диссаг! Арв нæра, æмæ уый хуызæн дæр нæу. Нæмгуытæ хауын райдыдтой хæрзæввахс, хицауады хæдзары цур. Уый та махæн нæ хæдзармæ алырдыгæй дæр зыны, фæлæ ракæсын чи уæнды! Зæрдæйыл туджы тæвд уылæнтæ атыхстысты. Хъуыдытæ ныссуйтæ сты. Цы уынæм, уый нæ нæ уырны, фæлæ дæхи дæр цас хъуамæ сайай. Сыстадыстæм, нæ дзаумæттæ ризгæ къухтæй акодтам, æмæ – ныккæндмæ. Ныккæнд та æрмæст йæ ном уыд, æндæр ыл гæлæбу абадти, уæддæр æй нæ баурæдтаид. Куы ‘рбадтыстæм асыччытыл, уæд йæ хъæдын дуар æваст нæмыджы тыхджын улæнæй фегом ис. Зонд æвиппайды акарста, ацы æмбæхсæн махæн къух нæ ратдзæн, зæгъгæ… Мæлæты кой нæм нæ уыд, фæлæ загътам, цæй азарæм, зæгъгæ. Æмæ райдыдтам зарын Хуыцауы зарджытæ, фæлæ хъуыр цыма уæрдæхæй баст уыд, æмæ зарæг скъуыдтæ кодта, стæй бирæ нæ ахаста, зæрдæ та сайын нæ бакуымдта. Хъуыды кæнын хъуыд, дарддæр цы бакæнæм, ууыл…

Алыгъдыстæм сыхæгты ныккæнды онг, бахъæр сæм кодтам, æмæ уым разындысты. Уый уыди нæ амонд! Иумæ мæлын дæр æнцондæр у. Чысыл нæхи æрæмбæрстам, æмæ æрымысыдстæм, нæ рынчын мады хо хæдзары иунæгæй кæй ис. Цæуын æм хъуыдис, кæд дзы бынтон ницыуал пайда уыд уæззау низы аххосæй, уæддæр. Рæстæггай-иу æхстытæ фæсабыр сты, æмæ иу ахæм уысм алыгъдыстæм нæ мады хойы хæдзарæрдæм. Рахастам æй нæ цæнгтыл. Æрцæрын æй кодтам иумæйаг ныккæнды. Къæбæда уыд рагæйдæр, алыгъуызон хъазæн ныхас нын кодта, хъуыддаг кæронмæ дæр не ‘мбæрста, мæгуыр, æмæ æнæмбарæгæн цас æнцондæр вæййы ахæм рæстæджыты. Иу æнæмбаргæ сылгоймаг цардис нæ уынджы, æмæ тæккæ æхстыты тæмæны, йæ куыдз йемæ, афтæмæй æнæмæтæй йæхи ирхæфста горæты уынгты. Æмæ куыд æнхъæлут! Къогъо дæр ыл нæ абадт!

Дарддæр цыд, пъæззыйау зивæггæнаг дæргъвæтин рæстæг. Горæты цæрджытæ аивылдысты доны фаллаг фарсæй йæ цæрдастæуы ‘рдæм. Уæдмæ нæ сыхæг-тимæ сбæлвырд кодтам, мах фронтæн уыцы фарс баззайæм, уымæй нын тас у, зæгъгæ. Цы ма акодтаиккам! Адзалы цæстытæм кæсын нæ бон нæ уыд, фæлæ йæм бакæсын хъуыд. Бакастæн æм æз, уымæн æмæ цæмæндæр стыр бæрндзинад æнкъардтон мæхиуыл. Мæ фæнд уыд ахæм: иумæ скувæм Хуыцаумæ, нæ фæстаг иунæг ныфс уый уыд. Мах уæд нæ кæрæдзи къухтыл ныххæцыдыстæм чысыл сабитау, æмæ скуывтам: Хуыцау, стыр Хуыцау, Дæуæй дарддæр нын ныфс нал ис, æмæ нæ цард дæ къухты дæттæм!

Мæнмæ гæсгæ уыцы адæмæй иу дæр кæй нæ фæхъуыдис, уый уыд Хуыцауы фæрцы. Чысыл фæстæдæр не ‘мбæхсæны раз февзæрдысты милицийы машинæтæ, æмæ дзы мах тыхбадæгау скодтам не ‘ппæтдæр…

Дыккаг æхсæв арвыстам æндæр ран, фæлæ зæрдæйыуаг хуыздæр нæ уыд. Уыцы ныккæнды уыд бирæ адæм, фæлæ дзы уыд æнахуыр æфснайд æмæ сыгъдæг. Ацы ран æз тарстæн æрмæстдæр иунæгæй удæгасæй баззайынæй. Диссаг у, нæ? Фæлæ ма ахъуыды кæнут, зæгъгæ утæппæт адæм амардысты, æмæ ды та баззадтæ удæгасæй. Цы хъуамæ кæнай ды ахæм уавæры? Уый тыххæй æз архайдтон ууыл, цæмæй адæмæй ма хицæн кæнон.

Адæймаг диссаджы сконд у! Уыцы уавæрты удæй, зæрдæйæ, хъуыдыйæ, æнкъарæнæй, туджызылдæй сæмхæццæ вæййынц, æмæ адæймаг цыма йæ зæххон уæвынадæй фæиппæрд, афтæ фенкъары йæхи. Æз æмбæрстон, хæст фæуыдзæн æртæ боны фæстæ, фæлæ мын уыцы æргомдзинад тас æмæ æвæстагдзинады æнкъарæнты хуыдуг кодта. Иннæ ‘рдыгæй та мæ уд афтæ тынг фæллади ацы зындоны артæй, æмæ мæм уыдис æрмæстдæр иунæг бæллиц – æвæстиатæй кæрон! Уымæй стырдæр амонд мæ нæ хъуыд. Æргом æй дзырдтон, сусæг хъуыддæгтæ ма кæй æндæвта, хæст адæймаджы хиуылхæцыны хæрв дæр рарæдывта. Мæ хо фидардзинад æвдыста æмæ мын дзырдта: «Мæн нæ фæнды мæлын. Мах нæ амæлдзыстæм!» Афтæмæй та нæ рудзынджы бынæй хъуыстис гуырдзыйы лæгмарты къæхты хъæр…

Æнхъæлмæ кастыстæм Уырысы æфсадмæ. Кæнæ æрцæудзысты, кæнæ сæфт. Тарстæн уацары бахауынæй мæ бур дзыккутимæ. Гуырдзыйы куыйтæ ахæмтæм æмхиц уыдысты…

Хæст фæцис. Йæ фæстиуджытæ йын нæма зыдтам, куырм ма уыдыстæм тасæй, нæхи дæр нæма æруыдтам. Фæсхæст нæ штабæй арвыстой Дзæуджыхъæумæ. Хуыцъейы скъолайы та уыд нæ асадæн. Уыцы ран ныл уацхæсджытæ сæхи ныццавтой, цыма хæстон уацхæссæг хъуамæ фæлмæцыд лигъдæтты фæрса! Махæн нæ цæссыг калд, цы дзырдтам, уый дæр нæ зыдтам…

Кæдæйуæдæй ма сабыр арв уыдтам – æрхуыссыдыстæм кæрдæгыл Хуыцъейы скъолайы кæрты мæ хоимæ æмæ арвы бæрзæндмæ кастыстæм. Æмбисонды æфсæддонтау нæ хæссинæгтæй нывæр-зæнтæ ацарæзтам. Штабы уыд æфсæддонты хæринæгтæ æмæ дзы мах дæр  фæци. Байгом сæ кодтам, æмæ цæй хæрд!.. Хъуыры ницы хызт.

Дзæуджыхъæуы цард йæ кæнон кодта. Тынг æхсызгон мын уыд, ацы адæмы цæсгæмттыл хæсты тасы аууæттæ кæй нæ уыд, уый. Æгайтма уыдон махау фыдбоны хай нæ фесты! Сæхæдæг нæм кастысты æмæ йæ æмбæрстой, кæцæй æрцы-дыстæм уый. Дзырдтой, уæ хуызыл зыны, зæгъгæ…

Ехх, уыцы сæрд!..

       Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.