Нæ республикæйы  скъоладзау сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн – æхсызгон хабар: Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады, афтæ ма æмбæлон уагдæтты руаджы организацигонд æрцыдис сæрдыгон улæфæн лагертæ. Ацы аз ма коронавирусы аххосагæн сæрдыгон улæфæн лагертæ бакæндзысты, уый æнхъæл ничиуал уыдис æмæ кусгæ чи кæны, уыцы ныййарджытæ уыдысты катайаг. Фæлæ нæ хицауад бацархайдта, цæмæй конд æрцæуой сæрдыгон лагертæ. Лагерь байгом уыдзæнис 13-æм июлы Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл сæрмагонд программæйы фæлгæтты.

Скъолайы ахуыры фæстæ рæзгæ фæсивæ-дæн сæ иууыл зæрдиагдæр бæллицтæй сæр-дыгон каникулты рæстæджы хъæлдзæг рæс-тæг æрвитыны хъуыддаг у, уымæн æмæ уыдон æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц сæрдмæ, уæлдайдæр та – ацы аз. Сывæллæттæ бирæ рæстæг уыдысты карантины æмæ зæрдæйы фæндиаг не ‘рвыстой сæ сæрибар рæстæг дæр. Адæм бафæлмæцыдысты карантинæй, фæлæ æндæр гæнæн кæй нæй, уый хорз æмбарынц.

Сæрдыгон лагертæ организацигонд куыд æрцыдысты, кæм сæ байгом кæндзысты, афтæ ма цавæр программæтимæ кусдзысты, æппæт уыдæтты тыххæй нын радзырдта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады уæлæмхас хъомылады гæс Джиоты Эльзæ. Уый куыд загъта, афтæмæй сæрдыгон улæфæн лагерь сорганизаци кодта нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад. «Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр нæ министрад бацархайдта, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн баконд æрцæуа лагерь. Чысыл байрæджы кодтам ацы хъуыддаджы, фæлæ уымæн ис йæхи бæрæг аххосæгтæ. Сæрд ис йæ тæмæны æмæ ныр сывæллæттæ баулæфдзысты лагеры. Мах байгом кæндзыстæм боныгон лагерь Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл ног къуыри 13-æм июлы. Ацы ран баулæфдзысты сывæллæттæ дыууæ фæлтæрæй. Иу фæлтæры дзы уы-дзæнис 140 сывæллоны. Мах ныридæгæн бацæттæ кодтам улæфджыты номхыгъд. Семæ чи куса, уыцы педколлектив та ныридæгæн цæттæ кæнынц æмæ кусынц программæтыл, ома, нæхи цæттæ кæнæм, куыд æмбæлы, афтæ. Сæрдыгон лагерты улæфдзысты фыц-цаг къласæй æхсæзæм къласы кары ахуырдзау сывæллæттæ дыгай къуыритæ», – зæгъы Джиоты Эльзæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæм бахатыд бирæ адæм, уæл-дайдæр та, кусгæ чи кæны, уыцы ныййарджытæ. Лагермæ кæй исынц, уыцы сывæл-лæтты категоритæм хауынц æххуысхъуаг би-нонтæ, бирæсывæллонджын æмæ сидзæртæ. «Цæмæй ныййарджытæ лагермæ сæ сывæл-лæтты барвитой, уый тыххæй сæ хъæуы æрбавдисын ахæм документтæ: райгуырды бæлвырдгæнæны копи, сывæллоны æнæниздзинады тыххæй медицинон гæххæтт æмæ ныййарæджы куыстæй гæххæтт. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый, мах ацы аз чысыл кæй фæивтам лагеры режим. Кæд уый размæ азты лагерь организацигонд цыдис фараст сахатæй изæры фондз сахатмæ, уæд ныр та кусдзæнис райсомы фарастæй изæры æхсæз сахатмæ. Уымæ гæсгæ сæ хæрды хъуыддаг дæр уыдзæнис хуыздæр, ома сын хæрын кæндзысты æртæ хатты», – банысан кодта Ахуырад æмæ зонады министрады кусæг.

Джиоты чызг ма нын куыд радзырдта, афтæ-мæй лагертæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр. Сывæллæттæ сæ рæстæг цæмæй хъæлдзæгæй арвитой, уый тыххæй та сын развæлгъау бацæттæ кодтой цымыдисон хиирхæфсæн  æмæ культурон программæтæ. «Программæтæ уыдзысты цымыдисон, рæзгæ фæлтæр сæхи фæлвардзысты куыд интеллектуалон, афтæ спортивон хъæзтыты æмæ ерысты. Уымæй дарддæр ма-иу рацæудзысты æмæ зонгæ кæндзысты горæты фенддагдæр бынæттимæ. Сывæллæтты мах æнæмæнгдæр бакæндзыстæм нæ горæты уæвæг сывæл-лæтты библиотекæмæ, музеймæ æмæ сæ ба-зонгæ кæндзыстæм нæ фыдæлты истори æмæ культурæимæ.

Лагерь сорганизаци кæныны сæйраг нысан у,  фæхъæддыхдæр уой цæмæй, уынгты дзæгъæлы ма лæууой æмæ фылдæр рæстæг сæ гаджеттимæ ма архайой», – загъта Джиоты Эльзæ.

Ныртæккæ коронавирусæй тæссаг кæй у, уый тыххæй лагеры сывæллæттæм уæлдай хъус-дард здæхт цæудзæнис медицинон кусджыты ‘рдыгæй. Уыдон æххæст кæндзысты низ ма æруадзыны тыххæй æппæт санитарон домæнтæ æмæ дезинфекцигонд цæудзысты, куыд сывæллæттæ, афтæ бæстыхай дæр. Уый тыххæй сæрмагондæй лагеры кусджытæ æмæ нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады минæвæрттæн уагъд æр-цыдис æмбырд æмæ сын бацамыдтой, куыд кусын хъæуы ахæм рæстæджы, уый. Дезинфекци цæмæй кæной, уыцы фæрæзтæй дæр лагерь у ифтонг æмæ уый тыххæй дæр ныййарджытæ сты бузныг организатортæй. Уымæй дарддæр ма лагеры сывæллæтты æдасдзинадмæ сæ хъус дардзысты æмæ сæ хъахъ-хъæндзысты милицийы кусджытæ æмæ уый та у ахсджиаг хъуыддаг ахæм мадзæлтты рæс-тæджы.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.