Боныгъæд йæ фыдаудæн кæны сæрддон сæрддæргъы, фæлæ уæддæр ацы сæрд йемыдзаг уыд, дунейы политикон цардыл иттæг чи бандæвта æмæ ноджыдæр бандавдзæн, ахæм цымыдисон цаутæй. Йæ ахсджиагдзинадмæ гæсгæ уал фыццаджыдæр ракæнын хъæуы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампы фембæлды кой. Ацы саммит уагъд цыди Финаг бæстæйы сæйраг горæт Хельсинкийы 16 июлы. Уыйразмæ ма сын цы фембæлд уыд, уымæй рацыд иу афæдз æмæ уый фæстæ дыууæ паддзахады æхсæн ахастытæ, хъыгагæн, хуыздæрæрдæм бирæ ницы фæивтой. Бирæтæ ацы ахастытæ барынц советон дуджы «уазал хæсты» рæстæджы ахастытимæ.

Дыууæ стыр паддзахады раздзоджы фембæлдмæ сæ хъус дардта æнæхъæн дуне, уымæн æмæ ацы фембæлдæй бирæ цыдæр ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кастысты дунейы цæрæг адæм. Бирæ фарстытыл цыд дзырд уыцы фембæлды рæстæджы, уыцы нымæцы дунейы иумæйаг æдасдзинад, киберæдасдзинад (ома, информацион тыгъдады хисæрмагонд зонæнтæ бахъахъхъæнын), космосы хæцæнгæрзтæ æвæрын, дыууæ бæстæйы æмгуыстад алы æмæ алы къабæзты æмæ æнд. Ацы вазыгджын фарстытыл дыууæ бæстæйы президенттæ иумæйагæй кæй кусдзысты, уымæй ныфс ис дунейы адæмы дæр.

Нæ адæмы размæцыды хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис глобалон политикæйы æппæт ногдзинæдтæн дæр. Уый бæлвырдæй разынди 2008 азы хæсты рæстæджы æмæ йæ фæстæ дæр. Уæд Дмитри Медведев æнæхъуаджы нæ загъта, 8 августы фæстæ дуне фæивта, зæгъгæ. Уый раст у, фæлæ Хуссар Ирыстонæн йæхи сæрмагонд царды дæр цæуы стыр ивындзинæдтæ. Уымæн æвдисæн уыди ивгъуыд къырийы райдианы Хуссар Ирыстоны Президенты официалон балц Сириаг Арабаг Республикæмæ. Уымæй размæ 29 майы Сириаг Арабаг Республикæ банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Ацы бæстæимæ нæ Республикæйæн арæзт æрцыд дипломатон ахастытæ, стæй къухтæ фыст æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл. Экс-перттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы официалон балц Æввахс Хурыскæсæнмæ уыдзæн нæ республикæйы хæдбардзинад банымайынмæ ног ныфсджын къахдзæф.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хъуыддаг рохуаты нæ баззад нæ хуссайраг сыхæг-тæй. Уыдон æвæстиатæй сæ хъус æрдардтой нæ республикæйы разамынады ног политикон æнтыстмæ, æмæ ацы бадзырдтæ схуыдтой, æппындæр политикон æмæ барадон тых кæмæн нæй, ахæмтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм къахдзæфæн æнæмæнг хъуамæ уа истыгъуызон резонанс, фæлæ диссаг у, сæ мæнг ныфс куыднæ сæфы, сæ хъуыды куыднæ ивы Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад кæй ссис, уыцы историон æрцæугæ цауы тыххæй, æмæ иунæг хатт дæр æнæ исты хъыхъхъаг ныхас æрбаппаргæ куыднæ фæвæййынц, уый.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстонæн йæ размæцыды фæндагыл ис йæ хъысмæты хайад чи исы, ахæм хæлар бæстæтæ, фæлæ Гуырдзыстон та йæ ахуыр нæ ивы. Йæ ныгуылæйнаг бодзты амындмæ гæсгæ Гуырдзыстон рæхджы бацæуинаг у НАТО-йы скондмæ. Йæ политикон раздзæуджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы хабар хъуамæ æрцæуа 2021 азмæ. Гуырдзыстоны бацыд НАТО-йы скондмæ нысан кæнид Хуссар Ирыстоны арæнгæрон æндыгъд уавæры сæвзæрд, фæлæ хъуыддаг афтæ æнцон аразæн кæй нæу, уый фæдыл уыд йæ хъуыды Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасинæн. Уый равдыста тыхстдзинад Гуырдзыстоны уыцы политикон тырнындзинады фæдыл æмæ загъта, хъуыддæгты ахæм уавæр дыууæ бæстæйы ахастытæ æрнывыл кæныны процесс кæй бакъуылымпы кæндзæн. Министрады сæрмагонд минæвар Мария Захарова та комкоммæ загъта, Уæрæсе æмбæлон мадзæлттæ кæй райсдзæн Гуырдзыстон НАТО-йы скондмæ, зæгъгæ, бацыди, уæд. Уæрæсейы позици ацы фарсты фæдыл у бæлвырд æмæ цæхгæр. Уыйадыл къæвдайæ тæдзынæгмæ лидзæгау у Гуырдзыстоны политикон уавæр, æмæ уый аххосæй нæ рох кæнынц йæ ныртæккæйы раздзæуджытæ дæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæстæмæ раздахыны бæллиц дæр. Иу ахæм цымыдисон факт ма ис ацы къабазы, æмæ НАТО-йы скондмæ цы бæстæты айсинаг сты, уыдонмæ хъуамæ ма уа территориалон æмæ æндæр быцæуаг фарстытæ. Раст уый аххосæй нæ тагъд кæнынц НАТО-йы скондмæ Украинæйы райсыныл. Фæлæ Гуырдзыстоны «демократизацийы политикæ æнтысгæйæ кæй цæуы», уый тыххæй НАТО-йы скондмæ йæ райсын фарст ист нæ цæуы боны фæткæй. Æнхъæлдæн æмæ «демократизацийы æнтыстджын политикæйыл» нымад цæуынц рæстæгæй рæстæгмæ Гуырдзыстоны телеуынынады, стæй социалон хызæджы ирæтты тыххæй цы мæнг хæлардзинады кæйттæ чындæуы, стæй ма ирæтты æмæ абхазæгты хæрзиуæгæн дзырд цы æнахуыр аргъауы гуманитарон проекттыл цæуы, уыдон. Куыд кæсæм, афтæмæй уый у хорз ахъуыдыгонд æмæ дард уынæг реваншистон политикæйы нывæзт. Фæлæ, бæлвырд, уæрæсейаг политикон хъуыды дæр фæсте нæ зайы, æмæ йæм ис цæттæдзинад цауты цыфæнды райрæзты ныхмæ дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æнтæф сæрды æрцыди ноджы бирæ æндæр  цымыдисон цаутæ дæр. Уæрæсейы уагъд æрцыд футболæй дунейы чемпионат, цыран нæ номдзыд æмзæххон Черчесты Станислав ирдæй равдыста йæ тренерон арæхстдзинад. Уыд зындгонд ирон боксер Гасситы Мураты тох Александр Усикимæ. Уыцы цаутæй алкæцыдæр бандæвта нæ бæстæйы политикон ном æмæ национ мидæнкъарынадыл, фæлæ се ‘ппæты фылдæр дзырд цыди лæмбынæг æмæ бæстонæй нæ газеты фæрстыл. Цы уыдзæн дарддæр, цы уæлахизтæ ма нæм æнхъæлмæ кæсы, уый та баст у махæй алкæуыл дæр. Уыцы æнтыстыты фæндагыл цæугæйæ та къуылымпытыл æнæмбæлгæ нæй, æмæ сæ иуварс кæнын хъæудзæн, куыд æвзæрой, афтæ.

Годжыцаты Нелли         

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.