Нæ горæты цы цад ис, уый сæрдыгон бонты нæ горæты цæрджытæй бирæтæн свæййы сæ иунæг улæфæн бынат. Найæн сезон кæд сæрды æрбалæудимæ райдайы, уæддæр йæ былгæрæтты афæдзы алы афон дæр фæтезгъо кæнынц бирæ адæм, уæлдайдæр та сæумæрайсом æмæ изæрыгæтты.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æрвылаз дæр горæты администрацийы æмбæлон службæтæ бацæттæ кæнынц найæн сезонмæ.

Горæты администрацийы пресс-службæйы нын куыд загътой, афтæмæй сæрмагонд службæтæ ныридæгæн  ацы аз æмбæлон уагмæ æркодтой горæты цады алыварс территори. Фæлæ улæфæн сезон конд æрцæудзæн æрмæстдæр санитарон службæты басгæрсты фæстæ. Ныртæккæ цадмæ дон цæуы æмæ йедзаг кæны. Нæ республикæйы санитарон службæтæ доны гъæд раиртасдзысты, хатдзæгтæ сараздзысты æмæ уый фæстæ конд æрцæудзæн улæфæн сезон», – зæгъы пресс-службæйы кусæг Коцты Заринæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй цады алыварс уыд бирæ пластикон æмæ авгæй мигæнæнтæ æндæр брæттæ. Хъыгагæн, бирæтæ ам фæнозтдзуан кæнынц æмæ ахæм бынаты та уый гæнæн кæй нæй, уый хъуамæ æмбарой.

Сталины уынджы кæрон, цадмæ ‘ввахс цы бирæуæладзыгон хæдзар ис, уый раз æрæджы сывæллæттæн цы хъазæн фæзуат арæзт æрцыд, уый дæр æмбæлон уагмæ æркодтой. Сывæллæттæн хъеллаугæнæнтæ, каруселтæ æмæ æндæр хиирхæфсæн хъазæнтæ фадат дæтдзысты сæ рæстæг ам хъæлдзæгæй æрвитынæн.

Æмбæлон уагмæ æркодтой, ам гом арвы бын цы спортивон фæзуат ис, уый дæр. Цады цы катамарантæ ис, уыдоныл сæрибарæй сæ бон атезгъо кæнын уыдзæнис цады былмæ улæфынмæ чи æрбацæуа, уыдонæн.

Горæты администраци фæнд кæны, ацы бынат ноджыдæр схæрзарæзт кæнын. Канд сæрдыгон бонты нæ, фæлæ фæззæг æмæ уалдзæг дæр хъуамæ суа нæ горæты цæрджыты уарзон бынат.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.