14 азы размæ æрцæугæ цаутæ зæрдыл æрлæууын кæныны нысанæн нæ горæты «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл» мемориалон комплексмæ 7 августы изæры аст сахатыл æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Цæгат Ирыстон-Аланийæ делегаци парламенты сæрдар Алексей Мачневы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны раздæры президент Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ.

Фыдохы митинджы агъоммæ мадзалы хайадисджытæ мысынæн веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой мемориалон комплексы цырты раз.

Мадзал амонæг актер Гаглойты Артуры ныхæстæм гæсгæ дзырд лæгдзинадыл куы фæцæуы, уæд зæрдыл æрлæууы Цхинвал, ирон адæмы геноцид куы мысæм, уæд та зæрдыл æрлæууы тугæвдылд нымæц 08.08.08.

Президент Гаглойты Алан мадзалы рæстæджы ирон адæммæ йæ сидты банысан кодта, абон, зæгъгæ, мах ардæм æрæмбырд стæм, цæмæй æрæмысæм не ‘фсымæртæ æмæ хоты, сывæллæттæ æмæ ныййарджыты, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты салдаттæ æмæ афицерты, уæрæсейаг æфсады службæгæнджыты, Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджыты, Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй бархионты, кæцытæ слæууыдысты нæ зæххыл сабырад бахъахъхъæнынмæ æмæ равдыстой æхсар-дзинад, Гуырдзыстон 2008 азы гадзрахатæй куы æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, уæд.

«7 – 8 августмæ æхсæвы нæ горæт, районон центртæ æмæ республикæйы хъæутæ æхст цыдысты уæлдæфæй, артиллери æмæ реактивон системæтæй. Мардысты æнæаххос сабыр цæрджытæ, фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ.

Гуырдзиаг агрессорæн йæ æрбабырсыны фыццаг минуттæй фæстæмæ аккаг ных-къуырд лæвæрдтой æфсæддон службæгæнджытæ æмæ бархионтæ. Фæлæ сæ тыхтæ кадавар кодтой. Бæрæг нæу, æмæ ма цас амæттæгтæ ахастаит хæст, Уæрæсейы Федераци Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ куынæ æркодтаит, уæд. Уыцы зынаргъ миссийæн сæ цард снывонд кодтой уæрæсейаг æфсады 67 салдат æмæ афицеры», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Уæрæсейы æгæрон æххуысы руаджы мах фæлæууыдыстæм знаджы ныхмæ æмæ нæ бæстæ æндидзын кæнæм. Дунейæн фенын кодтам, сæрибардзинад æмæ рæстдзинады тыххæй ирон адæмы фæндон æнæбасæтгæ кæй у. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон кæдфæнды дæр бузныг у æмæ уыдзæн Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ йæ адæмæй», – банысан кодта президент.

Ныртæккæ, зæгъгæ, цы монументы раз лæууæм, уый дæр дзурæг у уæрæсейаг-ирон, æнгомдзинадæй, нæ иумиаг уæлахиз æмæ нæ сæрибардзинады тыххæй йæ цард чи радта, уыдон æнусон нæмттæ мысынæн.

«Ныртæккæ, хъыгагæн дунейы цы цаутæ цæуы, уыдон махæн ноджыдæр æвди-сынц, Ныгуылæн кæй архайы, цæмæй йæ дæлбар уой бирæ бæстæтæ æмæ континенттæ. Нæ нымæг кæны йæ хæццæ хъуыды ног хæстон архæйдтытæ райтынг кæныны хъуыддаджы дæр.Уымæн æвдисæн сты Донбассы цаутæ.

Уымæ гæсгæ мах хæсджын стæм, цæмæй рæзгæ фæлтæрты хъомыл кæнæм æнæаххосæй æмæ цы хъайтартæ фæмард, уыдон мысынады удварныл.

Ничи æмæ ницы ферох!», – загъта президент.

Бæстæйы сæргълæууæг æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй фидæны фæлтæрты хæрзиуæгæн хъæддыхæй æндидзæн куыст кæнæм.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд ма-дзалы хайадисджытæм æмæ æмырæй алæугæйæ ссардтой, цы хъайтартæ фæмард æмæ æбуалгъ хæсты фыдуд мардæй цы æмбæстæгтæ фæхъуыд, уыдон рухс нæмттæ.

РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев йæ ныхасы банысан кодта, абон уæззау æмæ хъыгаг мысæн бон у, йæ адæмы чи уарзы, йæ Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны æмæ сæрибардзинадæн чи аргъ кæны, уыдон тыххæй. Уый куыд аразын хъæуы, уый Ирыстоны адæм дунейæн фенын кодтой сæхи дæнцæгмæ гæсгæ.

«Кад æмæ цыт хистæр фæлтæрæн, ахæм фæсивæд чи схъомыл кодта, кæцытæ бахъахъхъæдтой республикæ.

Кад æмæ цыт ноджыдæр уыцы фæсивæдæн, кæцы аккаг ныхкъуырд лæвæрдта гуырдзиаг агрессортæн æмæ бахъахъхъæдта йæ Райгуырæн бæстæ!

Кад æмæ цыт Хуссар Ирыстоны адæмæн!», – загъта Алексей Мачнев.

Республикæйы æхсæнады номæй мысæн мадзалы Националон музейы директор Зассеты Мераб йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, кæд азтæ рацыдысты, уæддæр абон ацы мадзалы цы бирæнымæц æмбæстæгтæ исынц хайад, уый дзурæг у ууыл, æмæ мах кæй хъуыды кæнæм тугæвдылд август.

Махæн, зæгъгæ, нæ хæс у, цæмæй хъуыды кæнæм нæ адæмы сгуыхтдзинад. «Бар нын нæй æмæ ферох кæнæм, знаг нæ зæххыл цы сырдон митæ арæзта, уыдон, цæмæй фидæны фæлтæртæ зоной, цы аргъæй нæм бафтыд цард сæрибар республикæйы», – дзырдта уый.

Хъусдард ма аздæхта уымæ дæр, æмæ фашизм ныртæккæ кæй нæма фесæфт, йæхи та кæй равдыста Украинæйы зæххыл, цыран Уæрæсеимæ иумæ йæ ныхмæ тох кæнынц алы адæмты минæвæрттæ, уыцы нымæцы ирæттæ дæр.

Зассеты Мераб ма бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ хæсты темæйыл.

Акцийы хайадисджытæ ссыгътой цырæгътæ, фадат уыд, хæстон архæйдтыты рæстæджы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ мысынæн. Мемориалон комплексы æппæтдæр зæрдыл лæууын кодта 2008 азы августы æрцæугæ цаутæ: егъау экраныл æвдыст цыдысты хæстон архæйдтыты видео-кадртæ, зæлыдысты трагикон æрхæндæг музыкæйы зæлтæ.

Нæ горæты гимназ, «Альбионы» ахуыргæнинæгтæ бакастысты зæрдæмæхъаргæ патриотикон æмдзæвгæтæ. Зындгонд зарæггæнджытæ Хаситы Сослан æмæ Бекъойты Вано сæххæст кодтой хæстон азты рыстæй йемыдзаг зарджытæ Хуссар Ирыстоныл.

Цыппæрдæс азы рацыд августы агрессийæ… фæлæ рох нæу 2008 аз, рох не сты  нæ историйы уæззау цаутæ. Ирыстоны царды фæндаг дæрддæр кæндзысты нæ кæстæртæ, нæ ног фæлтæртæ. Ивгъуыдæн аргъгæнгæйæ тырнæм хуыздæр фидæнмæ нæ хъайтарты рухс нæмтты сæраппонд, нæ фидæны фæлтæрты хуыздæр сомбоны сæраппонд.

                              КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.