Цхинвалы гимнази «Альбион»-ы 32 хатты айзæлыдысты дзæнгæрæджы зæлтæ. Уал рауагъдоны ацы аз каст фесты скъола æмæ дзы алчи дæр фæстаг хатт айзæлын кодта дзæнгæрæджы зæлтæ.

Мадзалы се скъолайон цардæй мысинæгтæ дзырдтой рауагъдонтæ. Уый фæстæ залы айзæлыдысты ирон музыкæйы зæлтæ æмæ сценæмæ рахыз скъолайы кафджыты къорды.

Кафт фæцис æмæ райхъуыстысты Ирыстоны гимны зæлтæ. Адæм сыстадысты æмæ ахуыргæнинæгтимæ иумæ азарыдысты гимн.

Залы уæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, гимназы директор Гуыцмæзты Иринæ банысан кодта, зæгъгæ, абон кæд не ‘ппæт дæр цасдæрбæрцæй æнкъарæм æнкъарддзинад, уæддæр у амондджын бон. Уымæн æмæ царды уæрæх, амондджын æмæ дард фæндагмæ фæндараст кæнæм, иуæндæс азы нæ цæстыты раз чи лæууыд, уыцы фæлтæрты. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй сæ царды кæддæриддæр цæуой рæсугъд фæндæгтыл, уой амондджын. Бузныг та загъта, сæ зонындзинæдтæ сын чи нæ хæлæг кодта, уыцы ахуыргæнджытæн.

Йæ хъарм мысинæгтæ æрæмбырдуæвджытæн радзырдта гимназы фыццаг рауагъдон Гаглойты Аннæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, скъола куы фæдæн, уымæй кæд рацыд дзæвгар рæстæг, уæддæр ма абон дæр хорз хъуыды кæнын нæ фæстаг дзæнгæрæджы бон.

Рауагъдонты хъомылгæнджыты номæй раныхас кодта Санахъоты Алексей æмæ уый дæр раарфæ кодта рауагъдонты ахуыргæнджытæн, загъта сын стыр бузныг се стыр хæрзиуæгон архайды тыххæй.

Раныхас ма кодта рауагъдонты къласгæс Изольда Ованова дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы рауагъдонтæ мæнæн сты 14-æм æмæ алы хатт дæр фæцымыдис кæнын, алкæмæн дæр сæ сæ цард куыд рауад, уымæ.

Уый фæстæ сценæмæ рахызтысты фыццæгæм къласы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон дæр сæ арфæтæ арвыстой рауагъдонтæн. Лæварæн та сын сæххæст кодтой цалдæр зæрдæмæхъаргæ ирон зарæджы.

Рауагъдонтæн ма арфæйы ныхæстæ дзырдтой æмæ сын цалдæр ирон зард æмæ кафт акодтой 9-æм æмæ 10-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ.

Сценæмæ схызтысты, абон скъоламæ адæм кæй тыххæй æрбацыдысты, уыцы 32 рауагъдоны. Уыдон райдианы фыццагкъласонтæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уый фæстæ бузныг, хъарм æмæ арфæйы ныхæстæ дзырдтой сæ ахуыргæнджытæн.

Рауагъдонтæ мадзалы кæрон сæххæст кодтой ирон адæмон кафт «Симд»,  сæ ахуыргæнджытæй алкæмæн дæр балæвар кодтой дидинджыты бастытæ æмæ сæ ныййарджытимæ систой сæ къамтæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.