Алы адæймагæн дæр зæрдылдарæн бонтæ свæййынц – скъолайы къæсæрæй куы бахизы, фыццаг хатт партæйы фарсмæ куы æрбады, уыцы бон æмæ фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон.

Раздæр, Советон Цæдисы рæстæджы рауагъдонтæ фæстаг дзæнгæрæджы боны никуы цыдысты кафетæм ацы нысаниуæгджын бон банысан кæныны тыххæй. Советон Цæдисы ныппырхимæ алцы дæр фæивта… Рауагъдонтæ фæстаг дзæнæгæрæджы бон банысан кæныны тыххæй цæуын райдыдтой кафетæм, кæцы зæрдæмæдзæугæ нæу. Ахæм бадтыты рæстæджы-иу æрцыд æнæмбæлон цаутæ дæр. Хъыгагæн-иу уыд ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу рауагъдонтæ карз нозты бакæныны фæстиуæгæн æнæуаг митæ дæр куы кодтой. Æппæт уыдæттæ бахынцгæйæ, РХИ-Паддзахад Аланийы Ахуырад æмæ зонады министрады къухдариуæгады бардзырдмæ гæсгæ бар нал ис кафеты æмæ æндæр ахæм рæтты фæстаг дзæнгæрæджы бон нысан кæнын.

Фæлæ рауагъдон уæддæр цæмæйдæр хъуамæ бахъуыды кæна йæ царды ацы бон. Горæт Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы дирекци, ахуыргæнджытæ æмæ рауагъдонтæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй рауагъдонтæн балц сорганизаци кæной  РЦИ-Аланийы Цъæйы курортон центрмæ.

Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны фæстæ дыккаг бон, 28-æм майы 3-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ, ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытæ, æдæппæтæй 32 адæймаджы райсом раджы абалц стæм Цъæйы коммæ. Цæмæй æдасæй ацыдаид нæ балц, уый тыххæй Ахуырады министрады бахæсмæ гæсгæ, немæ рацыдысты РХИ-йы барадхъахъхъæнæг органты минæвæрт-тæ.

Æрдæгвæндагыл рахызтыстæм  Рекомы дзуармæ æмæ ма уым ноджы цы дзуæрттæ ис, уыдоныл æрзылдыстæм æмæ нæхи бафæдзæхстам. Боны 12 сахатмæ æввахс бахæццæ стæм бынатмæ. Алæмæттаджы æрдзы уындæй зæрдæ ради, адæймаджы сæхимæ æлвæстой æрдзы рæсугъддзинæдтæ, бæрзонд хæхтæ. Хъыгагæн, нæ бацыдæй чысыл фæстæдæр райдыдта къæвда уарын, фæлæ уæддæр арвыстам хъæлдзæг рæстæг. Рауагъдонтæ хъазыдысты алыгъуызон хъæзтытæй, куыд, зæгъæм, бильярд, теннис æмæ æндæртæй. Изæры та сын центры кусджытæ сорганизаци кодтой дискотекæ æмæ суанг æрдæгæхсæвтæм хъуыст сæ хъæлдзæг хъæлæба, ирон музыкæйы æхцон зæлтæм ахуырдзаутæ кафыдысты куыд ирон кæфтытæ, уыцы нымæцы «Симд» дæр, афтæ вальс дæр. Æхсæвы баулæфыдыстæм центры æфснайд хатæнты æмæ дыккаг бон нæ фæндаг акодтам бæрзонд цъитийы бынмæ, уырдæм ссыдыстæм канатон фæндагыл, йæ дæргъ 12 километры кæмæн у, ахæмыл. Цъитийы бын- «фыркъайы сыкъа» кæй хонынц, уым  дæр уыд кувæндон æмæ дзы нæ сывæллæтты æмæ нæхи бафæдзæхстам, скуывтам ын, немæ цы æртæ уæливыхы ахастам, уыдонæй. Цъитимæ æввахс, йæ рахис фарс æрцыд стыр зæй æмæ уырдæм дæр схызтыстæм, кæд тынг бæрзонд уыд, уæддæр нæ фæтарстыстæм. Уырдыгæй куы рацыдыстæм, уæд хæрзбон загътам нæ рæдау фысымтæн æмæ нæ фæндаг ракодтам хуссармæ, нæ райгуырæн Цхинвалмæ. Цъæйæ цæугæйæ, фæндагыл цы Æфсатийы дзуар ис, уым рахызтыстæм æмæ ссыдыстæм йæ бынмæ. Систам дзы зæрдылдарынæн  къамтæ. Фæндагыл цæугæйæ дæр ахуырдзаутæ-рауагъдонтæн хъуыст сæ хъæлдзæг худт. Сæ хорз зæрдæйы равгыл дзурæг у уый дæр, æмæ сæ балцæй райгондæй кæй баззадысты æмæ йæ цæрæнбонтæм кæй нæ ферох кæндзысты.

Уæдæ, хорз цæвиттон равдыстой нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ сæ ахуыргæнджытимæ фидæны рауагъдонтæн. Хуыцау зæгъæд, æмæ кафеты бадыны бæсты ахæм балцыты цы цæуой нырæй фæстæмæ. Афтæ куы уа, уæд къаддæр проблемæтæ уыдзæн куыд ныййарджытæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр.

Чертхъоты Жаннæ,

рауагъдоны ныййарæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.