Уӕлдай рӕсугъд ӕмӕ бæрæгбонвӕлыст уыд уыцы бон Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъола. Музыкӕйы ӕхцон зӕлтӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты хъӕлдзӕг худт ӕмӕ хъӕлӕба ӕхсызгондзинады ӕнкъарӕнтӕй дзаг кодта алкӕй зӕрдӕйы равг дӕр. Айзӕлыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны гимны зӕлтӕ ӕмӕ хӕрзконд ӕмӕ цардбӕллон лӕппу рауагъдонтӕ фӕзындысты, алчи дӕр сыл мидбылхудгӕ ӕмӕ арфӕйы ныхӕстимӕ ӕмбӕлд. Рауагъдонты номыл райхъуыстысты зӕрдӕбын ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, нӕ ныфс ис, Ирыстон, уӕ раттӕг адӕмӕн аккаг хъӕбултӕ кӕй уыдзыстут, амондджын Ирыстоны рухс сомбоныл кӕй уыдзыстут иузӕрдион, уымӕй.

Рауагъдонты номыл арфӕйы ныхӕстӕ загътой нӕ республикӕйы Культурӕйы министры хӕдивӕг Дзеранты Джульеттӕ, скъолайы директор Тыбылты Алекси, Парламенты депутат Лохты Мендик, Парламенты депутаттӕм кандидат Гулиты Валери, хъӕуы куырыхон хистӕр Мамиты Ӕхсар ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Рауагъдонты фыццаг ахуыргӕнджытӕ уыдысты Хаситы Юзӕ ӕмӕ Гаглойты Тауырзӕт æмæ сын ныр хæрзбон кæнгæйæ, сæ цæст уыдонæн бауарзта, цӕмӕй царды амондджын уой, рӕсугъд фӕндæгтыл ныфсджынӕй цӕуой ӕмӕ скъолайы ном бӕрзонд хӕссой. Хисӕрмагонд цард ӕмӕ ахуыры фӕндиӕгтӕ ма сын сӕ цӕст бауарзта скъолайы ахуыры хайы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Нелли ӕмӕ сӕ къласгӕс Джиоты Сюзаннӕйӕн. Уый фӕстӕ мадзаламонджытӕ дзырдтой скъола кастфӕуджытӕ Гаглойты Стасик, Джиоты Денис, Лохты Сӕрмӕт, Тегкаты Дауыт ӕмӕ Тегкаты Иосифы æвæрццаг миниуджыты тыххӕй. Сӕхи рады рауагъдонтæ дӕр цины æмæ бузныджы ӕнкъарӕнтимӕ дзырдтой сæ ахуыргӕнджыты тыххӕй. Бӕрӕгбоны кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, кафыдысты ирон кæфтытæ…

Стæй айзӕлыдысты скъолайы ахуыры азтӕн хӕрзбон зӕгъыны ӕмӕ дарддӕры рухс цардмӕ хонӕг дзӕнгӕрӕджы зӕлтӕ. Ныфсджынӕй хизут сомбоны царды гуылфӕнтӕм, нæ зынаргъ рауагъдонтæ!

                                                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.