РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик традицимæ гæсгæ хайад райста Цхинвалы скъола-интернаты «Фæстаг дзæнгæрæджы» бæрæгбоны.

Цытджын линейкæйы рæстæджы ныхас кæнгæйæ, Пухаты Эрик раарфæ кодта рауагъдонтæн скъола каст фæуыны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ сæ царды фæндагыл.

«Абон сымах нысан кæнут зæрдылдаргæ æмæ ирд бæрæгбон  – скъола каст фæуыны бон. Скъолайы сымах бирæ зонындзинæдтæ райстат æмæ фæцайдагъ стут царды фыццаг уроктыл.

Макуы-иу æрлæуут уе ‘нтыстытыл, тырнут ног зонындзи-нæдтæм, ныфсджын ут æмæ уæм нысанмæ тырнындзинад уæт! Не ‘взонг республикæйы хъæуынц уæ зонындзинæдтæ, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад. Растдæр сымах, æвзонг фæлтæр, стут нæ паддзахады фидæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнтыстытæ, ирд хабæрттæ æмæ цымыдисон уысмтæ. Уадз,  уæ  хисæрмагонд цард йедзаг уæт æнтыстытæй æмæ æнцон», – загъта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæн, скъоладзауты хъомылад æмæ ахуырæн бирæ азтæ чи снывонд кодта, уыдонæн.

Мадзалы хайад райстой Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон-информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри æмæ РХИ-йы ахуырады министрады минæвар Гаглойты Розæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.