Ивындзинæдтæ æрцыдис абхазæгты гастролон программæйы – РХИ-йы Культурæйы министрад адæмы фæндонмæ гæсгæ, Абхазæй сæ коллегæ-тимæ баныхас кодтой уæлæмхас концерттæ ауадзыныл.

Хуссар Ирыстонмæ апрелы мæйы райдайæнты гастролты æрцæудзысты Абхазы республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ. Фыццаг хатт Цхинвалы ацæудзысты Абхазы республикæйы культурон бонтæ 5-æм апрелæй 6-æм апрелмæ æмæ хуссарирыстойнаг аивадуарзджытæн уыдзæнис, цалдæр бон сæхи кæм аирхæфсой, уыцы  фæзуат. Культурæйы министрады пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ программæйы æрцыдис ивындзинæдтæ æмæ Абхазы ансамбль радтдзæн уæлæмхас концерт.

Абхазы республикæйы культурон бонтæ Хуссар Ирыстоны байгом кæныны цытджын церемони уыдзæнис 5-æм апрелы боны 15:00 сахатыл паддзахадон драмон театры. Уый фæстæ Абхазы фæсивæдон паддзахадон драмон  театры артисттæ равдисдзысты Абхазы республикæйы адæмон фыссæг Шалоди  Аджинджалы радзырдтæм гæсгæ æвæрд спектакль «Третий день войны», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ацы спектаклы, сæйраджыдæр, дзырд цæуы гуырдзиаг-абхазаг хæсты размæйы цауты историйыл. Фыссæг сценæмæкæсджыты зæрдыл æрлæууын кæндзæнис уыцы азты дыууæ сыхаджы æвиппайды куыд сызнаг сты, уый. Къаннæг бинонты стыр трагеди суыдзæнис стыр бæллæхы чысыл истори…

Кæд бирæ азтæ рацыдис уыцы хæстæй, уæддæр Абхазы адæм тынг хорз хъуыды кæнынц, уыцы тугуарæн бонтæ æмæ сæ сæ зæрдыл дарынц. Ахæм фæндагыл рацыдысты Хуссар Ирыстоны адæм дæр, уымæ гæсгæ æфсымæрон абхазаг республикæимæ мах дæр бавзæрстам фыдæвзарæнтæ æмæ хæст иумæйаг знагæй.

 «Абхазы адæмон зарджытæ æмæ кафты паддзахадон ансамбль уæлæмхас концерт радтдзæн, хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ тынг кæй бацымыдис кодтой ансамблы архайдмæ, уый тыххæй æмæ нæ адæмы фæндон сæххæст. Билеттæ балхæныны фадат 5-æм апрелы концертмæ уыдзæнис 3-æм апрелы нæ театры кассæйы. Фыццаг концерт уыдзæнис изæры 18:30 сахатыл паддзахадон драмон театры сценæйыл. Концерты ма хайад райсдзысты сæ эстрадон зарæггæнджытæ – Хибла Мукба, Анзор Адлейба, Джимми Шумения, Авто Конджария æмæ Артур Лакрба. 6-æм апрелы изæры 18:30 сахатыл та уагъд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны Абхазы республикæйы культурæйы бонты сæхгæныны цытджын церемони, мадзалы кæронбæттæн балхынцъ кæндзысты абхазаг ансамблы концертæй»,- банысан кодтой пресс-службæйы.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.