Хæдзарон æфсинæн æрвылбон йæ къух чи аразы, уыцы мигæнæнтæй сæ иу уазалгæнæн у. Фæлæ уый дæр хæлын зоны æмæ йæ бахъæуы цалцæггæнæджы сæр, цæмæй та дарддæр лæггад кæна йæ хицауæн.

Нæ горæты Модæты ательейы ахæм фæлтæрд цалцæггæнæг у Коцты Сослан. Уый ацы хæрзиуæгон куыст кæны 28 азы дæргъы æмæ уыцы дæргъвæтин рæстæджы йæ лæггады хай цæстуарзонæй кæны куыд горæты, афтæ республикæйы хъæуты цæрджытæн дæр. Æнцон нæу ацы куыст æххæст кæнын, бирæ фæразондзинад æмæ быхсындзинад домы, фæлæ адæймаг цы куыст равзары, ууыл æнувыд куы уа, уæд уыцы зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ фæдары. Коцы фырт куыд зæгъы, уымæ гæсгæ хатт зын рабæрæггæнæн вæййы, цы аххосагмæ гæсгæ æрлæууыд йæ куыстæй, уый æмæ йыл фæхъæуы афыдæбон кæнын. Коцы фырт архайы, цæмæй цы куыст бакæны, уый уа зæрдæмæдзæугæ æмæ гъæдджын. Нæу æнцон ивæн хæйттæ самал кæнын дæр, æмæ уæд йæ фæндаг акæны республикæйæн æддæмæ.

Ахæм у нæ горæты Модæты ательейы рагондæр æмæ иузæрдиондæр кусæг Коцты Сосланы æрвылбонон фыдæбон æмæ дзы дарддæр дæр райгонд  уæд цæрджытæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.