Раздæримæ абаргæйæ ныр цынæгъуызон хуыд дарæсыл схæцдзæнис цæст нæ магазинты. Фæлæ дзы уæддæр алчи не ссары, чи йыл сфидауа, йæ зæрдæмæ чи фæцæуа, ахæм уæлæдарæс. Æмæ уæд фæраст вæййынц индивидуалон дарæсхуыйджытæм.

Фæлхасгæнджытæн закъазтæм гæсгæ чи хуыйы, ахæм хуыйджыты иу хай æрбынат кодтой нæ горæты Модæты ательейы бæстыхайы. Уыдон кæддæриддæр æмбæстæгты домæнтæ бахынцынц æмæ сын сæххæст кæнынц сæ закъазтæ. Цæрджыты зæрдæмæ кæй арæхстджын къухты куыст фæцæуы, райгондæй кæмæй баззайынц, уыдон дзæвгар сты ацы кусæн бынаты. Уыдонæй сæ иу у æвзонг сылгоймаг хуыйæг Дзæгъиаты Аллæ. Уый чысылæй айста йæ зæрдæмæ хуыйæджы дæсныйад, тынг уарзта судзинимæ архайын æмæ йын фæстæдæр фадат куы фæци, уæд сахуыр кодта Мæскуыйы хуыйджыты курсыты. Лæмбынæг хъуыста йæ ахуыргæнæджы амындтытæм æмæ дзы уыд райгонд. Фæзæгъынц, ахуырæн, зонындзинæдтæ райсынæн кæрон нæй, зæгъгæ. Аллæйы дæр ахуыры фæстæ фæндыд, цæмæй ноджыдæр фылдæр базона йæ сомбоны дæсныйады фæдыл æмæ йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй цыд семинартæм. Стæй кусын райдыдта Мæс-куыйы горæты æмæ дзы бафæллой кодта 10 азы. Уæддæр райгуырæн къуым ад-джындæр у æмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ. Афтæ æмæ фæстаг 5 азы та фæллой кæны Модæты ательейы æмæ йæ куыстæй æхцондзинад хæссы, за-къаз кæмæй райсы, уыцы фæлхасгæнджытæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цæрджыты закъазтæм гæсгæ кæй хуыйы сылгоймаджы уæлæдарæс: костюмтæ, юбкæтæ, хæлæфтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Иудзырдæй, сылгоймаг фæлхасгæнæг ын цы хуыинаг бабар кæны, ууыл кæддæриддæр бакусы лæмбынæг æмæ дзы баззайынц райгондæй.

                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.