Зынаргъ ирон адæм! Æрбалæууыдысты та Уастырджимæ кувæн бонтæ, стыр, æппæтадæмон бæрæгбон æмæ нæ алкæй дæр йæ хорзæх уæд!

Нæ рагфыдæлтæ сæ равзæрдæй фæстæмæ Уастырджийы нымадтой ирон адæммæ Хуыцауы сæрмагонд минæварыл. Иунæг Кадджын Хуыцауы фæстæ нæхи бафæдзæхсæм Уастырджийыл, ныфс дзы æвæрæм, нæлдых куыд уæм, нæ кæстæртæ амондджын, даргъуæрæх куыд уой, ахæм хæрзиуæг дзы курæм, æмæ-иу нын нæ куывд алы хатт дæр хорзæн куыд айса, ахæм арфæ нæ уæд! Фæндаджы бардуаг у, æмæ-иу алы ирон лæг дæр, балцы цæугæйæ, фæндараст куыд кæна, æгас хæдзар-иу куыд ссара, ахæм ахъаз нын бакæнæд!

Цыдæриддæр йæ алыварс зæдтæ-дауджытæ ис, уыдон дæр нын йæ номæй æххуысгæнæг куыд уой, ахæм арфæ нын ракæнæд Дунесфæлдисæг Иунæг Кадджын Хуыцау!

Нæ Тæхгæ-нæргæ Уастырджи фыдбылызсафæг, хæрзæбон хæссæг у, æмæ ирон адæм, æнæхъæн Ирыстон æнæфыдбылыз куыд уой, ахæм амонд нæ уæд! Нæ хъуыддæгты нæ раст фæндагыл куыд æфтауа, фæндагыл цæугæйæ нæ кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр йæ рахис базыры бын куыд дара, ахæм ахъаз нын бакæнæд! Фыдæй-фыртмæ йæм кувæм, нæхи йын фæдзæхсæм, æмæ алы хатт дæр йæ фæдзæхст уæм!

Хуыцау æмæ нын Уастырджийы цæст бауарзæд амондджын æмæ  зæрдæрухс бæрæгбонтæ нысан кæнын! Алкæй хæдзары дæр уæ фарн æмæ амонд уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.