Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады историйы 1989 азы 23 ноябрь у сæрибардзинады сæрыл тохы райдиан бон. Уыцы нысаниуæгджын бон дунейæн фенын кодта, мах кæй стæм иу хъуыдыйыл хæст адæм, хъæбатырдзынад сæ туджы кæмæн ис, тасдзинад чи нæ зоны, райгуырæн бæстæйыл иузæрдион чи у. Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл цæттæ кæй стæм уæлахизы онг тох кæнынмæ, стæм ахæм адæм, кæцы нæ асæтдзæн, æмæ никуы дæр йæ зоныгуылтыл æрлæудзæн. Уыцы бон ма фенын кодта, махæй алкæуыл дæр баст кæй уыд ахсджиаг хъуыддаг – уæва æви нæ, сæрыстыр Хуссар Ирыстон, дарддæр ма сæрыстырæй хæссæм ирон адæймаджы нæргæ ном æви нæ. Уæды рæстæг нæ æрбангом кодта удæй, зондæй æмæ хъаруйæ, бамбæрстам æй, иумæ кæй фæлæудзыстæм цыфæнды тæссаг фæзындты ныхмæ дæр æмæ кæй бахъахъхъæндзыстæм фæрныг Ирыстон æмæ нæ адæмы.

1989 азы 23 ноябры, Хуссар Ирыстон Джиуæргуыбайы бонтæ куы нысан кодта, уæд гуырдзыйы бирæминон гæрзифтонг «сабырадон митинг» аразджыты ныхмæ ‘рлæууыдысты нæ афтидарм лæппутæ. Бирæминон адæм алыгъуызон транспортыл агрессивон зондахастимæ рараст сты Хуссар Ирыстонмæ, сæ нысан уыд ирон адæмыл ахæм тас бафтауын,  нæ националон интерестыл хъуыды кæнын дæр нæ куыд ферох уыдаид.

Уæдæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ног историйы азфыст. Уæд гуырдзыйы агрессорты ныхмæ цы хъæбатыр, ныфсхаст æмæ бæстæйыл æнувыд лæппутæ ‘рлæууыдысты, уыдоны сæ лидертæ хуыдтой националон хъайтартæ, уымæн æмæ слæууыдысты æгъатыр мæлæты ныхмæ, уæззау æмæ гæрзифтонг лæбурæг знаджы ныхмæ…

Уыцы бонты райгуырд сæрибардзинады сæрыл тох, уыцы бонты чысыл Ирыстоны адæм – стырæй, чысылæй иудзинады æнкъарæнтимæ, тæссагдзинад æмæ æнæууæнкдзинад аиуварсгæнгæйæ, слæууыдысты мæнгард знаджы ныхмæ. Æмæ уæд – сгуыхтдзинадæй райдыдта нæ хæдбардзинады сæрыл тох бирæ азты дæргъы.

Уыцы адæммæ ничи хъæр кодта, ничи сæм сидт, фæлæ сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой æмæ загътой, цæгъдынмæ нæм чи æрбацыд, уыдонæн мах нæ ратдзыстæм фæндаг, нæ сын ратдзыстæм фадат сæ сау хъуыдытæ царды биноныг кæнынæн. Уыцы хъайтардзинады дæнцæг фæзмгæйæ, мах абон хæсджын стæм, цæмæй нæ сомбоны аккаг фæлтæр хъомыл кæнæм. Æмæ уыцы хъайтардзинадæй не знæгты уонджы хъуамæ уа тас, цæмæй махырдæм кæсгæ дæр ма кæной æмæ сæхи фæнд мауал кæной.

Æрвылаз дæр Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы мысæн мадзæлттæй, уыцы бон мах ноджыдæр мысæм, нæ бæстæйы хъæбатыр, фæндвидар лæппуты, чызджыты, кадджын хистæрты æмæ уал азы хæстон æмæ хæццæ дуджы, уазал рæстæг æмæ цæрынæн уæззау уавæрты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад чи æрхаста, æппæт уыдон.

Уæды рæстæджы чысыл автономитæм, уæлдайдæр – Хуссар Ирыстонмæ, Гуырдзыстон каст, куыд сæ сепаратистон  плæнттæ реализаци кæнынмæ, афтæ. Ирон адæмы бафæлвæрдтытæ – Хуссар Ирыстоны автономон областы юридикон гарантитæй сифтонг кæныны тыххæй Гуырдзыстон та архайдта нæ ныхмæ тыхæй спайда кæныныл. Сæ лозунгтæ уыдысты ирæтты гуырынад фæкъаддæр кæнын æмæ сæ Кавказы хохрагъæй фæфалæмæ кæнын.

Уый диссаг уыд, уыцы рæстæджы Згъудеры къуылдымы бын горæтмæ æрбахизæны цы хабæрттæ цыд… Уыцы афтидарм лæппутæ не ‘ркъул кодтой сæ сæртæ, нæ фæтарстысты гæрзифтонг æмæ æнæхонгæ бирæминон «уазджыты» раз. Уыцы рæстæг уыд иууыл уæззаудæр, уæд райдыдтой нæ хъизæмæрттæ, разæй уыдысты бирæ азты уæззау, сабыр царды æмæ сæрибардзинады сæрыл тохы фæлварæнтæ. Дæргъвæтин æмæ зындзинæдтæ, хæсты амæттæгтæй æмæ хъизæмæрттæй йемыдзаг уыд Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты кæронмæ фæндаг. Уыцы уæззау фæстиуджыты кæройнаг æмæ уæлахизхæссæг ссис Уæрæсейы Федераци 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы историон нысаниуæгджын цау. Уыцы аз, уыцы мæй гуырдзиаг агресси састы бынаты баззад, æмæ уæдæй нырмæ Уæрæсе ссис хуссарирыстойнæгты æдасдзинады гарант.

1989 азы 23 ноябрь уыцы нысаниуæгджын бон сгуыхтдзинады мысынадæй баззайдзæн æмæ кæдфæндыдæр уыдзæн хъæбатырдзинад æмæ фæразондзинады ирд æвдисæн, удуæлдайдзинадмæ цæттæдзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ ахъаззаг гуырдты хъæбатырдзинадæй, кæцытæ  фæстæ нæ алæууыдысты, фæлæ ноджыдæр сæ архайдæй бафидар кодтой, кæй сты сæ фыдæлты аккаг, уыдонау тас чи нæ зоны æмæ  фæндвидардзинад чи æвдисы. Уыцы рæстæджы нæ адæм ноджыдæр æмбæрстой, иудзинады сæ тых кæй ис æмæ æмбæрстой уды тых. Ахæм уысмтæ свæййынц бирæ хъуыддæгты райдиан æмæ йæ хайадисджытæ та аразынц истори, уыдон свæййынц кад æмæ нацийы сæрыстырдзинад.

Уый фæстæ дæргъвæтин азты нæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл знаджы ных-мæ цы лæппутæ тох кодтой, уыдонæй бирæтæ радтой сæ цард, нал сты не ‘хсæн. Мах æрхæндæгæй мысæм, сæ-рибардзинадмæ тырнгæйæ уæззау  тохвæндæгтыл чи фæцыдысты, ныфсджынæй, фæлæ тас чи нæ зыдта, уыцы лæппуты рухс нæмттæ. Уыдон уыдысты нæ сæрыстырдзинад, уыдон уыдысты, мах стыр ныфс æмæ æууæнк кæ-уыл дардтам, ахæм лæппутæ. Фæлæ, хъыгагæн, махау абон нал райынц нæ сæрибар æмæ хæдбар Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы æнтыстытæ æмæ размæдзыдыл.

Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бонтæ куыд æввахс кæнынц, афтæ скъолаты рæзгæ фæлтæрæн уагъд фæцæуынц æхсардзинады темæйыл уроктæ. Уырдæм хуынд æрцæуынц Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохгæнджытæ. Уыдон знаджы ныхмæ куы лæууыдысты, уæд нæдæр стыр хæрзиуджытæм æнхъæлмæ кастысты, нæдæр сæ исчи раппæла, уымæ. Сæ нысан уыд иу – Райгуырæн зæхмæ знаджы ма æрбауадзой, цæмæй мах ацы зæххыл дзæбæхæй цæрæм, хъуыса дзы ирон дзырд, ирон музыкæйы зæлтæ. Уыцы тох дзæлгъæды ма хъуамæ фæуа, фæлæ йæ хъуамæ хæссæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Уыцы хъайтартæ махæн сты стыр кады аккаг, фысджытæ сыл фыссынц æмдзæвгæтæ.

Уал азы фæстæ Гуырдзыстоны нæ нымæг кæнынц провокацион архайдтытæ. Фæлæ афон у, æмæ бамбарой, уыцы архайдтытæ сæхи ныхмæ кæй сты. Хуссар Ирыстон знагиуæг никæмæн кодта, никæмæ дæр бырсгæ кодта. Абон хæдбар æмæ сæрибар кæй у Гуырдзыстонæй, уый нын фадат дæтты адæймагадон ахастытæ биноныг кæнынæн, топпы кæсæнæй кæсын нæ, фæлæ. Афон сын у æмæ бамбарой, Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад кæй у æмæ нæм æппындæр кæй ницы бар дарынц. Махæн не ‘ппæтæн та нæ фæрныг республикæйæ æввахсдæр ничи æмæ ницы ис, æмæ йыл ноджыдæр æфтаудзыстæм фидæн хуыздæр æмæ рæсугъддæр хъуыддæгтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.