РАМБЫЛДТА СЫГЪЗÆРИН МАЙДАН

Горæт Мамадышы уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы чызджыты ‘хсæн æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты сыгъзæрин майданы хицау ссис Танделаты Аминæ. Уый хæцыд 62 кг уæзы катего-рийы. Тренертæ Тедеты Валик æмæ Хетæгкаты Еленæйы хъомылгæнинаг финалы фæуæлахиз Санкт-Петербурджы минæвар Лидия Соловьевайыл.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богалтæ дарддæр дæр хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц æфсæддонты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Ираны уагъдцæуæг дунейы чемпионаты. Ныр та ерысты уæлахиздзау ссис Уалыты Владислав. Уый 92 кг уæзы категорийы финалы 3:2 хыгъдæй фæуæлахиз ирайнаг богалыл. Бетанты Дэвид (79 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг) та систы бронзæйон призертæ.

Бон раздæр ма чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Тускъаты Азæмæт (57 кг) æмæ Найфонты Артур (86 кг). Æвзист майдантæ та бафтыдысты Бадтиаты Артур (65 кг) æмæ Джиоты Эрикы (97 кг) къухты.

Афтæмæй ирон богалтæ стыр хайбавæрд бахастой Уæрæсейы æмбырдгонды æнтыстмæ, кæцы командон хыгъды бацахста фыццаг бынат. Дыккагыл ацыдысты ирайнаг æфсæддонтæ æмæ æртыккаг бынат та фæцис Сомихстоны командæйы.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.