Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Тагъд йæ бартæ райсдзæн ног, 2020 аз. Уыцы уысмтæн алы хатт дæр вæййы цахæмдæр сæрмагонд арæн. Уый вæййы ахæм рæстæг, цæстыты раз куы сыстынц аивгъуыйгæ азы ахсджиагдæр цаутæ æмæ куы уынай, мах нæ фæндты кæй ныв кæнæм, уыцы идеалон фидæны фæлгондз.

Хуссар Ирыстонæн ацæугæ аз нысан æрцыдысты къухыбафтгæ æнтыстытæ. Афæдзы кæрон мах балхынцъ кодтам социалон æмæ инфраструктурон объекттæ бакæнынæй, кæцытæ фæхуыздæр кæндзысты адæмы царды æмвæзад. Мах бахъуыд серьезон ныхдуртыл фембæлын дæр, кæцытæн радтам аккаг дзуапп республикæйы интерестæ бахъахъхъæнгæйæ. 2020 аз гом кæны ног дæсазон. ХХI æнусы 20-æм азтæ Хуссар Ирыстонæн хъуамæ суой размæ айгæрсты азтæ. Мах бахъæудзæн ног бафæлвæрдтæ, хъæппæристæ, райдайæнтæ, фæдыздæхтытæ, кæцытæ здæхт хъуамæ уой рæзты уæлдæр темптæ ифтонг кæнынмæ, адæмы царды æмвæзад сырæзын кæнынмæ.

Мах нæ разы сæвæрдтам нысæнттæ æмæ махæн ис фаг ныфсхастдзинад æмæ энерги, цæмæй нæ къухы бафтой уыцы фæндтæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Нæй гæнæн размæ цæуæн, ивгъуыд ферох кæнгæйæ, фæнды æнтыстджын уа, фæнды – фыдæвзарæн. 2020 аз æз расидтæн Мысæн азæй. Ирæтты национ хиæмбарынадæй схафæн нæй, фидæн аз июны мæйы сæдæ азы кæуыл æххæст кæны, уыцы геноциды трагедийæн. Уый æмрæстæджы, геноциды амæттæгты мысгæйæ, мах цæрæм уый æмбаргæйæ, нæ адæм, фæстиуджытæ хынцгæйæ, æппæт фыдæвзарæнтыл дæр кæй фæуæлахиз сты. Уый ноджыдæр бафидар кæндзæн иу ахсджиаг бон, кæцы бон мах нысан кæндзыстæм 2020 азы –  Республикæ Хуссар Ирыстоныл 30 азы сæххæсты бон.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ногазон бæрæгбонæн ма ис иу æнæсфæлхатгонд атмосферæ. Ацы бæрæгбон нысан цæуы уæлдай хъарм æмæ сыгъдæгзæрдæ ахастимæ. Уый нын нæ зæрдыл лæууын кæны, адæттæн кæмæн нæй, ахæм æргъадтæ, хæлар ахаст æмæ уарзондзинад. Ног азы æхсæв мах уæлдай тынгдæр æнкъарæм нæ хæдзæртты хъарм, æмбарæм, алкæмæй зынаргъдæр нын кæй сты не ‘ввахс адæм, алцæмæй ахсджиагдæр – уый та у, кæрæдзи удтæ кæмæй хъарм кæнæм, уыцы хъусдард æмæ ахаст. Тагъд æрбалæудзæн Ног аз. Цæй, кæрæдзийæн раарфæ кæнæм уарзт æмæ амонды фæндиæгтимæ! Уадз, æмæ сæххæст уæнт нæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ!

Ног азы хорзæх дæ уæд, Ирыстон-Алани! Мæ зæрдæ дын зæгъы уæлахиздзинад æмæ сабырад! Стыр Хуыцау æмæ уæ Уастырджийы хорзæх уæд, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ног, 2020 азы хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.